113 Кадджын кӕнут Йагъы!+
Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ+.
Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном+.
2 Табу Йегъовӕйы номӕн+
Ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.
3 Кад уӕд Йегъовӕйы номӕн+
Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ+.
4 Йегъовӕ бады бӕрзондыл, йӕ бар цӕуы ӕппӕт адӕмтыл дӕр+.
Йӕ кад у уӕлӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр+.
5 Чи у нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн?+
Чи у, уӕлӕрвты чи цӕры, уый хуызӕн?+
6 Уый ӕргуыбыр кӕны, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ+.
7 Ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймаджы зӕххӕй сисы+,
Мӕгуыры сисы фӕныкӕй+,
8 Цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна кадджынтимӕ+,
Йӕ адӕмы ’хсӕн кадджын чи у, уыдонимӕ+.
9 Ӕнӕзӕнӕг сылгоймаджы йӕ хӕдзары+
Фыртты цинӕй схайджын кӕны+.
Кадджын кӕнут Йагъы!+