2 Азфыстыты
33 Манасси+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы ӕмӕ фӕндзай фондз азы уыд паддзах Иерусалимы+.
2 Манасси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд+, уый – Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты+ ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+. 3 Йӕ фыд Езеки цы кувӕн бынӕттӕ+ ныппырх кодта+, уыдон та ногӕй сарӕзта, Ваалтӕн+ нывондхӕссӕнтӕ сӕвӕрдта+ ӕмӕ скодта кувӕн цӕджындзтӕ+. Манасси табу кодта+ ӕмӕ куывта+, арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн*+. 4 Ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары, Йегъовӕ афтӕ кӕмӕй загъта, мӕ ном ӕнустӕм уыдзӕн Иерусалимы, зӕгъгӕ, уыцы хӕдзары дӕр+ скодта нывондхӕссӕнтӕ+. 5 Арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта+ Йегъовӕйы хӕдзарӕн+ йӕ дыууӕ кӕрты дӕр+. 6 Енномы фырты дӕлвӕзы+ йӕ фыртты арты басыгъта*+, кӕлӕнтӕ кодта+, дӕсны фарста+, хинтӕ кодта+, стӕй сӕвӕрдта, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм адӕймӕгты+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты+. Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта+.
7 Манасси ма скодта гуымиры+ дӕр ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары+. Уыцы хӕдзары тыххӕй Хуыцау Давидӕн ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн афтӕ загъта: «Ацы хӕдзары ӕмӕ Иерусалимы, Израилы ӕппӕт мыггӕгты горӕттӕй кӕй равзӕрстон+, уыцы горӕты, уыдзӕн мӕ ном+ ӕнустӕм+. 8 Ӕмӕ израилӕгты хауӕггаг нал фӕкӕндзынӕн+, сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон+, уыцы зӕххӕй, ӕрмӕст хъуамӕ архайой, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, уыдон ӕххӕст кӕныныл+ – мӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты+ сын кӕй радтон, уыцы закъон ӕнӕхъӕнӕй+, уыцы уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ уыцы тӕрхӕттӕ»+. 9 Манасси+ Иудӕйы+ адӕмы ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты рӕдийын кодта, ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фесӕфта, уыцы адӕмтӕй+ фыддӕр фесты+.
10 Йегъовӕ дзырдта Манассиимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ, фӕлӕ йӕ уыдон ницӕмӕ дардтой+. 11 Ӕмӕ сын уӕд Йегъовӕ сӕ ныхмӕ ракодта+ Ассирийы паддзахы ӕфсады хистӕрты+, ӕмӕ уыдон Манассийы къӕдзӕхты ’хсӕн ӕрцахстой+, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой+ ӕмӕ йӕ акодтой Вавилонмӕ. 12 Манасси ахӕм уынгӕджы уавӕры куы бахауд+, уӕд йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта+ ӕмӕ йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз йӕхи тынг ӕрныллӕг кодта+. 13 Манасси Хуыцаумӕ куывта, ӕмӕ йын уый йӕ лӕгъстӕ фехъуыста+. Йӕ хорзӕх дзы куырдта, ӕмӕ йӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕркодта, фӕстӕмӕ йын йӕ паддзахы бартӕ радта+. Афтӕ Манасси базыдта, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у+.
14 Уый фӕстӕ Манасси, дӕлвӕзы чи ис, уыцы Гихонӕй+ ныгуылӕнырдӕм сарӕзта Давиды горӕты+ ӕддаг+ къул. Къул уыди тынг бӕрзонд. Сарӕзта йӕ суанг Кӕсӕгты кулдуары+ онг. Уырдыгӕй цыди горӕты ӕддӕты ӕмӕ хӕццӕ кодта Офелы+ онг. Стӕй Иудӕйы фидаргонд горӕттӕй алкӕцыйы дӕр сӕвӕрдта ӕфсады хистӕрты+. 15 Йегъовӕйы хӕдзарӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕутты+ ӕмӕ гуымиры+ рахаста, стӕй, Йегъовӕйы хӕдзар кӕм уыди, уыцы хохыл ӕмӕ Иерусалимы цыдӕриддӕр нывондхӕссӕнтӕ+ сарӕзта, уыдон ныппырх кодта ӕмӕ сӕ горӕты ӕдде акалын кодта. 16 Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы нывондхӕссӕн сцалцӕг кодта+ ӕмӕ йыл фарны нывӕндтӕ+ ӕмӕ арфӕйы нывӕндтӕ+ хӕссын райдыдта. Ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут+. 17 Фӕлӕ адӕм уӕддӕр сӕ нывӕндтӕ хастой кувӕн бынӕтты+, ӕрмӕст сӕ хастой сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн.
18 Манассийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, стӕй, йӕ Хуыцаумӕ куыд куывта+, уый тыххӕй ӕмӕ йын, цӕстылуайӕнтӕ чи уыдта+, уыдон Израилы Хуыцау Йегъовӕйы номӕй цы дзырдтой, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 19 Куыд куывта+ ӕмӕ йын Хуыцау йӕ лӕгъстӕ куыд фехъуыста+, стӕй, цыдӕриддӕр тӕригъӕдтӕ сарӕзта+ ӕмӕ Хуыцауыл гадзрахатӕй куыд цыд+, уыдӕтты тыххӕй ӕмӕ, цалынмӕ йӕхи не ’рныллӕг кодта, уӕдмӕ+ кувӕн бынӕттӕ кӕм сарӕзта+, кувӕн цӕджындзтӕ+ ӕмӕ гуымирытӕ кӕм сӕвӕрдта+, уый тыххӕй фыст ис, йӕ лӕггадгӕнджытӕ, цӕстылуайӕнтӕ чи уыдта, уыдон, цы ныффыстой, уым. 20 Ӕппынфӕстаг Манасси йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзары раз бавӕрдтой+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон+.
21 Амон+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын дыууӕ азы ӕмӕ дыууӕ азы уыд паддзах Иерусалимы+. 22 Амон дӕр йӕ фыд Манассийау арӕзта+, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Амон нывӕндтӕ хаста+ ӕмӕ куывта+, йӕ фыд Манасси+ кӕй сарӕзта, уыцы гуымирытӕн+ се ’ппӕтӕн дӕр. 23 Уый йӕхи Йегъовӕйы раз не ’рныллӕг кодта+, йӕ фыд Манасси йӕхи куыд ӕрныллӕг кодта, афтӕ+, фӕлӕ ма йӕ тӕригъӕдтыл ноджыдӕр ӕфтыдта+. 24 Ӕппынфӕстаг йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой+ ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзары амардтой+. 25 Фӕлӕ сӕ бӕстӕйы адӕм+, паддзах Амоны ныхмӕ+ сусӕгвӕнд чи скодта+, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардтой+ ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ фырт Иосийы+.