Давиды псалом.
138 Кадджын дӕ кӕндзынӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ+.
Зардзынӕн дын иннӕ хуыцӕутты раз+.
2 Дӕ рухс кувӕндоны ’рдӕм мӕ сӕрӕй ныллӕг акувдзынӕн+
Ӕмӕ дын дӕ ном кадджын кӕндзынӕн+
Де ’нувыд уарзты тыххӕй+ ӕмӕ дӕ рӕстдзинады тыххӕй+.
Уымӕн ӕмӕ ды дӕ ныхас систай+ дӕ номӕй дӕр бӕрзонддӕр+.
3 Цы бон дӕм фӕсидтӕн, уыцы бон мын дзуапп радтай+.
Мӕ зӕрдӕ мын сфидар кодтай, хъару мӕ бауагътай+.
4 О Йегъовӕ, зӕххон паддзӕхтӕ дӕ иууылдӕр кадджын кӕндзысты+,
Уымӕн ӕмӕ фехъусдзысты дӕ ныхӕстӕ.
5 Уыдон зардзысты Йегъовӕйы фӕндӕгты тыххӕй+,
Уымӕн ӕмӕ стыр у Йегъовӕйы кад+.
6 Йегъовӕ бады бӕрзондыл, фӕлӕ сӕрныллӕг адӕймаджы уыны+,
Сӕрбӕрзонд чи у, уыимӕ та йын иумӕйагӕй ницы ис+.
7 Зын уавӕры куы бахауон, уӕд мӕ ды бахъахъхъӕндзынӕ+.
Ме знӕгтӕ мӕстӕй кӕй фыцынц, уый тыххӕй дӕ къух сисдзынӕ+,
Ӕмӕ мӕ дӕ рахиз къух фервӕзын кӕндзӕн+.
8 Йегъовӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзӕн, мӕн тыххӕй цы аразы, уый+.
О Йегъовӕ, де ’нувыд уарзт у ӕнустӕм+.
Ма ныууадз, дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уыдоны+.