Хъуыддӕгтӕ
3 Иу бон Петр ӕмӕ Иоанн кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл*+, фӕцӕйцыдысты кувӕндонмӕ. 2 Уыцы рӕстӕг фӕцӕйхастой, йӕ мады гуыбынӕй+ къуылых чи рахаста, иу ахӕм лӕджы. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрӕвӕрдтой кувӕндоны раз, Рӕсугъд+ кӕй хуыдтой, уыцы кулдуары цур, цӕмӕй-иу, кувӕндонмӕ чи цыд, уыдонӕй ӕхца куырдтаид+. 3 Петр ӕмӕ Иоанн кувӕндонмӕ бацӕуынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сӕ федта ӕмӕ сын ныллӕгъстӕ кодта, ӕхца-ма мын авӕрут, зӕгъгӕ+. 4 Петр ӕмӕ йӕм Иоанн бакастысты+ ӕмӕ йын загътой: «Ӕрбакӕс-ма нӕм». 5 Уый дӕр сӕм ӕдзынӕг ныккаст, кӕд мын исты раттиккой, зӕгъгӕ. 6 Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сызгъӕрин нӕй, фӕлӕ мӕм цы ис, уый дын дӕттын+: назаретаг+ Йесо Чырыстийы номӕй дын зӕгъын, сыст ӕмӕ цу!»+ 7 Петр ын йӕ рахиз къух+ райста ӕмӕ йыл схӕцыд. Лӕгӕн ӕвиппайды йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ зӕнгтӕ фӕфидар сты+. 8 Ӕмӕ уӕд фӕгӕпп кодта+, йӕ къӕхтыл алӕууыд ӕмӕ цӕуын райдыдта. Ӕмӕ уый дӕр семӕ кувӕндонмӕ бацыд+, ӕмӕ гӕппытӕгӕнгӕ рацу-бацу кодта ӕмӕ Хуыцауы кадджын кодта. 9 Куыд цӕуы ӕмӕ Хуыцауы куыд кадджын кӕны, уый адӕм+ дӕр иууылдӕр федтой. 10 Ӕмӕ йӕ базыдтой, уый, кувӕндоны раз, Рӕсугъд+ кулдуары цур-иу чи бадт, уыцы мӕгуыргур кӕй у. Гъемӕ, цы ’рцыд, ууыл дисӕй мардысты+.
11 Уыцы лӕг Петр ӕмӕ Иоанны къухтыл ныххӕцыд, ӕмӕ сӕм уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр, Соломоны тыргъ*+ кӕй хуыдтой, уырдӕм тагъд-тагъд ӕрбамбырд сты. Ӕмӕ сӕ дисӕн кӕрон нал уыди. 12 Ӕмӕ Петр уый куы федта, уӕд адӕмӕн загъта: «Израилӕгтӕ, цӕуыл дис кӕнут ӕмӕ нӕм цы кӕсут, цыма нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый фӕрцы бакодтам афтӕ, цӕмӕй ацы адӕймаг цӕуа?+ 13 Авраамы, Исахъы ӕмӕ Иаковы+ Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, скадджын кодта+ йӕ Лӕггадгӕнӕджы+, Йесойы – уый сымах адӕмы къухмӕ радтат+ ӕмӕ йӕ Пилат рауадзынвӕнд куы скодта, уӕд ыл уӕ къух систат+. 14 О, уыцы сыгъдӕг ӕмӕ рӕстаг удыл уӕ къух систат+ ӕмӕ уый бӕсты куырдтат, цӕмӕй уын лӕгмары+ рауагътаид, 15 адӕмы цардмӕ чи кӕны+, Уый та амардтат. Фӕлӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах стӕм ӕвдисӕнтӕ+. 16 Ӕмӕ кӕй уынут ӕмӕ кӕй зонут, уыцы лӕгӕн Йесойы номы фӕрцы, ома йын мах йӕ номыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы йе уӕнгты хъару бацыд. Йесойы фӕрцы нӕм цы уырнындзинад ис, уый руаджы сдзӕбӕх уӕ цӕстыты раз. 17 Ӕз ӕй зонын, ме ’фсымӕртӕ, сымах дӕр уӕ разамонджытау+, цы арӕзтат, уый не ’мбӕрстат+. 18 Фӕлӕ афтӕмӕй Хуыцау сӕххӕст кодта, ӕппӕт пехуымпарты уылты цы загъта, уый, зӕгъгӕ, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн+.
19 Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут+ ӕмӕ уӕ цард аивут*+, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уат+ ӕмӕ уӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг ног хъарутӕ бауадза+ 20 ӕмӕ рарвита, кӕй уын равзӕрста, уыцы Чырыстийы, ома Йесойы. 21 Уый уал хъуамӕ уа уӕлӕрвты*+, цалынмӕ, раджы заманты Хуыцау йӕ сыгъдӕг пехуымпарты+ уылты цӕй кой кодта, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕныны рӕстӕг+ нӕ ралӕууа, уӕдмӕ. 22 Моисей дӕр загъта: „Йегъовӕ Хуыцау уын уе ’фсымӕртӕй ратдзӕн мӕн хуызӕн пехуымпары+. Ӕмӕ уын цыдӕриддӕр дзура, уымӕ-иу хъусут+. 23 Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ хъуса, уый* та Хуыцау фесафдзӕн“+. 24 Ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр се ’ппӕт дӕр – Самуил ӕмӕ йӕ фӕстӕ чи уыд, уыдон – ӕргом дзырдтой ацы бонты тыххӕй+. 25 Сымах стут пехуымпарты фырттӕ+ ӕмӕ бадзырды бындартӕ. Уыцы бадзырд Хуыцау сфидар кодта уӕ фыдӕлтимӕ. Уый Авраамӕн загъта: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр“+. 26 Ӕмӕ Хуыцау йӕ Лӕггадгӕнӕджы куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй фыццаг+ сымахмӕ рарвыста, цӕмӕй уын раарфӕ кӕна – алкӕмӕн дӕр уӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕна».