Исай
40 «Мӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕнут, сӕ зӕрдӕтӕ сын ӕрсабыр кӕнут,– зӕгъы уӕ Хуыцау+.– 2 Иерусалимимӕ фӕлмӕнӕй дзурут+. Фӕхъӕр ӕм кӕнут, кӕй фӕци йӕ уӕззау фыдӕбоны рӕстӕг+, йӕ фыдракӕнды тыххӕй кӕй бафыста+. Йе ’ппӕт тӕригъӕдты тыххӕй йӕм цы ’мбӕлд, уый Йегъовӕйы къухӕй ӕххӕстӕй райста»+.
3 Байхъусут! Ӕдзӕрӕг быдыры чидӕр хъӕр кӕны+: «Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕнут!+ Нӕ Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдырыл фӕндаг алӕгъз кӕнут+. 4 Алы дӕлвӕз дӕр уӕлӕмӕ ссӕуӕд+, алы хох ӕмӕ алы къуыбыр дӕр дӕлӕмӕ ӕрцӕуӕд+. Къуыппытӕ зӕхх слӕгъз уӕд, къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ зӕхх фестӕд лӕгъз быдыр+. 5 Йегъовӕйы кад раргом уыдзӕн+ ӕмӕ йӕ алчидӕр фендзӕн+, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта»+.
6 Байхъусут! Чидӕр дзуры: «Хъӕр кӕн!»+ Ӕмӕ йӕ иннӕ бафарста: «Куыд хъӕр кӕнон?»
«Адӕм иууылдӕр цъӕх кӕрдӕгӕй уӕлдай не сты, се ’нувыд уарзт ӕгасӕй дӕр у быдырон дидинӕджы хуызӕн+. 7 Цъӕх кӕрдӕг бахус, дидинӕг баруад+, уымӕн ӕмӕ сыл Йегъовӕ баулӕфыд+. Ӕцӕгдӕр, адӕм цъӕх кӕрдӕгӕй уӕлдай не сты+. 8 Цъӕх кӕрдӕг бахус, дидинӕг баруад+, нӕ Хуыцауы ныхас та уыдзӕн ӕнустӕм»+.
9 Сионӕн хорз хабар чи ’рбахаста, уыцы сылгоймаг+, ссу бӕрзонд хохмӕ+. Иерусалимӕн хорз хабар чи ’рбахаста, уыцы сылгоймаг, дӕ хъӕлӕсы дзаг хъӕр кӕн+. Хъӕр кӕн, ма тӕрс+. Иудӕйы горӕттӕн зӕгъ: «Мӕнӕ уӕ Хуыцау»+. 10 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ тыхджын ӕфсӕддонау ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ цонг разамынд дӕтдзӕн+. Цы хӕрзиуӕгӕй хайджын кӕны+, уый йемӕ ис, цы мызд фиды, уый йӕ разы ис+. 11 Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг+. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн+ ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы* хӕсдзӕн+. Ногзӕддаг фысты сындӕггай скъӕрдзӕн+.
12 Чи сбарста дӕттӕ йӕ армытъӕпӕны+, арв цӕйас у, уый чи сбарста уылынгӕй*?+ Чи ӕрӕмбырд кодта барӕн мигӕнӕны зӕххы рыг+ кӕнӕ чи сбарста хӕхтӕ уӕзбарӕныл ӕмӕ къуыбыртӕ – барӕн къустыл? 13 Йегъовӕйы тых* цӕйас у, уый чи сбарста, кӕй бон ын у уынаффӕ раттын ӕмӕ йын исты бацамонын?+ 14 Кӕимӕ уынаффӕ кодта, цӕмӕй йын уый цыдӕр бамбарын кӕна? Чи йын амоны рӕстдзинады фӕндаг, чи йын дӕтты зонындзинӕдтӕ+ науӕд ын чи ӕргом кӕны ӕцӕг ӕмбарындзинады фӕндаг?+
15 Адӕмтӕ йын сты ведрайы иу ӕртахы хуызӕн, барӕн къустыл чи ’рбады, уыцы рыджы хуызӕн+. Уый сакъадӕхтӕ сисы+, цыма лыстӕг рыг сты, уыйау. 16 Суанг Ливаны бӕлӕстӕ дӕр уый фаг не сты, цӕмӕй арт судза, йӕ хъӕддаг сырдтӕ+ не сты судзинаг нывӕндты фаг+. 17 Адӕмтӕ иууылдӕр йӕ разы афтӕ сты, цыма уӕвгӕ дӕр не сты+. Йӕ цӕсты ницы сты, цыма нӕдӕр сты, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсы+.
18 Кӕимӕ абардзыстут Хуыцауы?+ Кӕй хуызӕн ӕй схондзыстут?+ 19 Ӕрмгуыстгӕнӕг ӕфсӕйнагӕй хуыцау скӕны+, зӕрингуырд ыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕры+ ӕмӕ йын ӕвзистӕй рӕхыстӕ скӕны+. 20 Кӕнӕ адӕймаг равзары, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм бӕлас ӕмӕ йӕ снывонд кӕны+. Стӕй йӕхицӕн ссары хорз ӕрмгуыстгӕнӕджы, цӕмӕй йын сараза, фидар чи лӕудзӕн+, ахӕм хуыцау+.
21 Ау, нӕ йӕ зонут? Ау, нӕ йӕ фехъуыстат? Суанг уын ӕй райдианӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ дзырдтой? Зӕххӕн бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ бӕрӕг цы у, уый нӕма бамбӕрстат?+ 22 Хуыцау цӕры зӕххы къорийы сӕрмӕ+, ӕмӕ, зӕххыл чи цӕры, уыдон йӕ разы сты цъырцъырӕгты хуызӕн. Хуыцау арв тӕнӕг хъуымацау айтауы, цӕрӕн цатыр куыд айтындзай, уыйау ӕй айтындзы+. 23 Хицӕутты сӕ бынӕттӕй раппары ӕмӕ зӕххон тӕрхонгӕнджыты фестын кӕны ницы+.
24 Цыма сӕ садзгӕ дӕр никуы ныккодтой, цыма сӕ никуы байтыдтой, цыма сӕ бындзӕфхад зӕххы никуы ӕрфидар, афтӕ сты+. Куы сыл бафу кӕнай, уӕд ахус уыдзысты+ ӕмӕ сӕ тыхдымгӕ хъӕмпау ахӕсдзӕн+.
25 «Кӕимӕ мӕ абардзыстут, чи у мӕн хуызӕн? – зӕгъы Сыгъдӕг Хуыцау+.– 26 Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста?+ Сфӕлдыста сӕ, стъалыты ӕфсад чи ракӕны, уый – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй+. Йе стыр хъаруйы+ ӕмӕ йе стыр тыхы фӕрцы иууылдӕр лӕууынц сӕ бынӕтты.
27 Уӕдӕ уӕд, Иаков, ды афтӕ цӕмӕн зӕгъыс, ӕмӕ ды, Израил, афтӕ цӕмӕн дзурыс: „Йегъовӕ мын мӕ фӕндаг нӕ уыны+, мӕ хъуыддаг мын рӕстӕй равзарын кӕй хъӕуы, уый мӕ Хуыцау ницӕмӕ дары“?+ 28 Ау, нӕ йӕ зоныс? Ау, никуы йӕ фехъуыстай?+ Суанг зӕххы кӕрӕттӕ дӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау Йегъовӕ у ӕнусон Хуыцау+. Уый никуы сфӕлмӕцы ӕмӕ никуы бафӕллайы+. Йӕ зондыл адӕймаджы зонд не ’ххӕссы+. 29 Уый фӕллад адӕймагӕн ратты тых+, хъару кӕмӕ нал вӕййы+, уый сфидар кӕны. 30 Лӕппутӕ дӕр сфӕлмӕцдзысты ӕмӕ бафӕллайдзысты, ӕрыгӕттӕ дӕр фӕкӕлдзысты, 31 фӕлӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары+, уыдоны ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн+. Цыма сыл цӕргӕсы базыртӕ ис, уыйау бӕрзонд стӕхдзысты+. Азгъордзысты, ӕмӕ нӕ бафӕллайдзысты, ацӕудзысты, ӕмӕ не сфӕлмӕцдзысты»+.