2 Азфыстыты
кӕнӕ, грекъаг Септуагинтӕмӕ гӕсгӕ, ПАРАЛИПОМЕНОНЫ ДЫККАГ ЧИНЫГ
1 Давиды фырт Соломонӕн йӕ паддзахы бартӕ фидарӕй-фидардӕр кодтой+. Йӕ Хуыцау Йегъовӕ уыд йемӕ+ ӕмӕ йӕ тынг скадджын кодта+.
2 Соломон ӕрӕмбырд кодта Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр: минты+ сӕргъы ӕмӕ сӕдӕты+ сӕргъы чи лӕууыд, уыдоны, тӕрхонгӕнджыты+ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕрты+, хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты се ’ппӕты дӕр+. 3 Ӕмӕ Соломон ӕппӕт адӕмимӕ ацыд, Гаваоны+ цы кувӕн бынат* уыд, уырдӕм, уымӕн ӕмӕ уым уыди ӕцӕг Хуыцауы ӕмбырды цатыр+, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей+ ӕдзӕрӕг быдыры кӕй сарӕзта, уый. 4 Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ та Давид Кириаф-Иаримӕй+ рахаста, цы бынат ын ӕрцӕттӕ кодта+, уырдӕм – Иерусалимы йын кӕй сӕвӕрдта, уыцы цатырмӕ+. 5 Фӕлӕ Веселеил+, Хурӕн+ йӕ фырт Урийы фырт, цы ӕрхуы нывондхӕссӕн+ сарӕзта, уый лӕууыд Йегъовӕйы цатыры раз. Соломон ӕмӕ адӕм уырдӕм цыдысты Хуыцауы фӕрсынмӕ. 6 Ӕмӕ Соломон, ӕмбырды цатыры раз чи лӕууыд, уыцы ӕрхуы нывондхӕссӕныл Йегъовӕйы раз судзинаг нывондӕн ӕрхаста иу мин кусӕрттаджы+.
7 Уыцы ӕхсӕв Хуыцау Соломонмӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Зӕгъ, цы дын раттон»+. 8 Соломон Хуыцауӕн дзуапп радта: «Ды мын мӕ фыды, Давиды, де стыр ӕнувыд уарзтӕй рӕвдыдтай+ ӕмӕ йӕ бӕсты паддзахӕй мӕн сӕвӕрдтай+. 9 Ӕмӕ ныр, о Йегъовӕ Хуыцау, мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый сӕххӕст уӕд+, уымӕн ӕмӕ мӕ ды сӕвӕрдтай паддзахӕй+, зӕххы рыгау нымӕц кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмӕн+. 10 Ратт мын зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ+, цӕмӕй мӕ бон уа ацы адӕмы раз рацӕуын дӕр ӕмӕ бацӕуын дӕр+. Кӕннод дӕ адӕмӕн, ацы бирӕ адӕмӕн, тӕрхон кӕнын кӕй бон бауыдзӕн?»+
11 Уӕд Хуыцау Соломонӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕйы+ ахӕм фӕндон кӕй уыди ӕмӕ дӕхицӕн мулк, хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад кӕнӕ дӕ йе сӕфт чи уыны, уыдоны удтӕ, стӕй бирӕ цӕрӕнбон дӕр кӕй нӕ ракуырдтай+, фӕлӕ зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕй ракуырдтай, цӕмӕй мӕ адӕмӕн, паддзахӕй дӕ кӕмӕн сӕвӕрдтон, уыцы адӕмӕн, тӕрхон кӕнай+, 12 уый тыххӕй дын ратдзынӕн зонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ+. Стӕй ма дын ратдзынӕн уыйбӕрц мулк, хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад, ӕмӕ ахӕм хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад дӕ размӕ иу паддзахмӕ дӕр нӕ уыд+, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр никӕмӕ уыдзӕн»+.
13 Уый фӕстӕ Соломон, Гаваоны цы кувӕн бынат уыд+, уырдыгӕй, ӕмбырды цатыры разӕй+, ӕрцыд Иерусалиммӕ ӕмӕ уыди Израилы паддзах+. 14 Соломон йӕ бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ хӕстон бӕхтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Уыди йӕм иу мин цыппарсӕдӕ бӕхуӕрдоны ӕмӕ дыууадӕс мин хӕстон бӕхы+, ӕмӕ сӕ дардта, бӕхуӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы горӕтты+ ӕмӕ Иерусалимы, паддзахмӕ хӕстӕг. 15 Паддзах Иерусалимы уыйбӕрц ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ уыдысты дуртау+ бирӕ, ӕмӕ кедр та – Шефелӕйы+ чи зайы, уыцы сикоморбӕлӕстау+ бирӕ. 16 Соломонӕн бӕхтӕ ӕрвыстой Египетӕй+, ӕмӕ-иу паддзахы сӕудӕджертӕ бӕхты рӕгъау бӕлвырд аргъӕй балхӕдтой+. 17 Египетӕй бӕхуӕрдон ластой ӕхсӕзсӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ, бӕх та – сӕдӕ фӕндзай ӕвзист ӕхцайӕ. Паддзахы сӕудӕджертӕ ма бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ бӕхтӕ ластой хетты паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй Сирийы паддзӕхтӕн дӕр+.