Йереми
45 Иосийы фырт Иоаким Иудӕйы паддзах цыппӕрӕм аз куы уыд, уӕд+, пехуымпар Йереми Нирийы фырт Варухӕн+ ацы ныхӕстӕ чиныджы куы фыссын кодта, уыцы рӕстӕг, Йереми+ Варухӕн загъта:
2 «Варух, Израилы Хуыцау Йегъовӕ дӕу тыххӕй афтӕ зӕгъы: 3 „Ды зӕгъыс: „Мӕнӕ куыд мӕгуыр дӕн, мӕнӕ!+ Мӕ рыст мын фаг нӕ уыд, ӕмӕ ма мын ыл Йегъовӕ маст бафтыдта. Мӕ уды хъӕрзынӕй мӕ бон нал у, мӕхицӕн ӕнцой нал арын“+.
4 Ӕмӕ йын афтӕ зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз, цы сарӕзтон, уый пырх кӕнын, цы ныссагътон, уый бындзарӕй тонын, ӕмӕ афтӕ – ӕппӕт ацы бӕстӕйы дӕр+. 5 Ды та ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн+. Ма дом“+.
„Ӕз ӕппӕт адӕмыл дӕр бӕллӕх ӕруадздзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕуӕн та дӕ уд бахъахъхъӕндзынӕн, кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай, уым“»+.