1 Азфыстыты
кӕнӕ, грекъаг Септуагинтӕмӕ гӕсгӕ, ПАРАЛИПОМЕНОНЫ ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ
5 Иафеты фырттӕ уыдысты Гомер, Магог+, Мадай+, Иаван+, Фувал, Мешех+ ӕмӕ Фирас+.
6 Гомеры фырттӕ уыдысты Аскеназ+, Рифат+, Фогармӕ+.
7 Иаваны фырттӕ уыдысты Елисӕ+, Фарсис+, Киттим+ ӕмӕ Роданим*+.
8 Хамы фырттӕ уыдысты Куш+, Мицраим+, Фут+ ӕмӕ Ханаан+.
9 Кушы фырттӕ уыдысты Севӕ+, Хавилӕ, Савтӕ+, Раамӕ+ ӕмӕ Савтехӕ+.
Раамӕйы фырттӕ та уыдысты Савӕ ӕмӕ Дедан+.
10 Кушӕн ма райгуырд Нимрод+ дӕр. Уый уыд зӕххыл фыццаг тыхджын лӕг+.
11 Мицраимӕн райгуырдысты Лудим+, Анамим, Легавим, Нафтухим+, 12 Патрусим+, Каслухим+,– уымӕй рацыдысты филистимӕгтӕ+,– ӕмӕ Кафторим+.
13 Ханаанӕн райгуырдысты Сидон+, йӕ фыццаг лӕппу, ӕмӕ Хет+. 14 Ханаанӕй рацыдысты йевусейтӕ+, аморейтӕ+, гергесейтӕ+, 15 евейтӕ+, аркейтӕ, синейтӕ+, 16 арвадейтӕ+, цемарейтӕ+ ӕмӕ хаматейтӕ+.
18 Арфаксадӕн райгуырд Салӕ+, Салӕйӕн та райгуырд Евер+.
19 Еверӕн райгуырд дыууӕ фырты. Сӕ иуӕн йӕ ном уыди Фалек*+, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы зӕххыл адӕм ныддихтӕ сты*. Йе ’фсымӕры ном та хуынди Иоктан.
20 Иоктанӕн райгуырдысты Алмодад, Шалеф, Хацармавеф, Йерах+, 21 Гадорам, Узал, Диклӕ+, 22 Овал, Авимаил, Савӕ+, 23 Офир+, Хавилӕ+ ӕмӕ Иовав+. Уыдон иууылдӕр уыдысты Иоктаны фырттӕ.
28 Авраамы фырттӕ уыдысты Исахъ+ ӕмӕ Измаил+.
29 Адон сты сӕ байзӕддӕгтӕ: Измаилӕн йӕ хистӕр фырт Наваиоф+, стӕй Кедар+, Адбеел, Мивсам+, 30 Мишмӕ, Думӕ+, Массӕ, Хадад+, Фемӕ, 31 Йетур, Нафиш ӕмӕ Кедмӕ+. Уыдон уыдысты Измаилы фырттӕ.
32 Авраамы номылус+ Хеттурӕйӕн+ цы фырттӕ райгуырд, уыдон та уыдысты Зимран, Иокшан, Медан+, Мадиан+, Ишбак+ ӕмӕ Шуах+.
Иокшаны фырттӕ уыдысты Савӕ ӕмӕ Дедан+.
33 Мадианы фырттӕ та уыдысты Ефӕ+, Ефер, Ханох, Авидӕ ӕмӕ Елдагӕ+.
Адон иууылдӕр уыдысты Хеттурӕйы цот.
34 Авраамӕн райгуырд Исахъ+. Исахъы фырттӕ та уыдысты Исав+ ӕмӕ Израил+.
35 Исавы фырттӕ уыдысты Елифаз, Рагуил+, Йеус, Йеглом ӕмӕ Корей+.
36 Елифазы фырттӕ уыдысты Феман+, Омар, Цефо, Гафам, Кеназ+, Фимнӕ+ ӕмӕ Амалик+.
37 Рагуилы фырттӕ уыдысты Нахаф, Зара, Шаммӕ ӕмӕ Миззӕ+.
38 Сеиры+ фырттӕ уыдысты Лотан, Шовал, Цивеон, Анӕ+, Дишон, Ецер ӕмӕ Дишан+.
39 Лотаны фырттӕ уыдысты Хори ӕмӕ Гемам. Лотанӕн йӕ хо та уыди Фимнӕ+.
40 Шовалы фырттӕ уыдысты Алван, Манахаф, Гевал, Шефо ӕмӕ Онам+.
Цивеоны фырттӕ уыдысты Айӕ ӕмӕ Анӕ+.
41 Дишон+ уыд Анӕйы фырт.
Дишоны фырттӕ уыдысты Хемдан, Ешбан, Ифран ӕмӕ Херан+.
42 Ецеры+ фырттӕ уыдысты Билган, Зааван ӕмӕ Акан+.
Дишаны фырттӕ уыдысты Уц ӕмӕ Аран+.
43 Цалынмӕ Израилы фырттӕн паддзах нӕ фӕзынд, уӕдмӕ Едомы+ зӕххыл уыди паддзӕхтӕ+: Веоры фырт Белӕ, йӕ горӕт хуынди Дингавӕ+. 44 Белӕ куы амард, уӕд паддзах сси восораг+ Зарайы+ фырт Иовав. 45 Иовав куы амард, уӕд паддзах сси Хушам+, уый уыд феманӕгты+ зӕххӕй рацӕуӕг. 46 Хушам куы амард, уӕд паддзах сси Бедады фырт Гадад+, Моавы быдыры мадиамӕгты+ чи ныддӕрӕн кодта, уый. Йӕ горӕт хуынди Авиф+. 47 Гадад куы амард, уӕд паддзах сси Самлӕ, Масрекӕй+ рацӕуӕг. 48 Самлӕ куы амард, уӕд паддзах сси Саул. Уый уыд, Стыр цӕугӕдоны* былгӕрон цы Реховоф+ ис, уырдыгӕй рацӕуӕг. 49 Саул куы амард, уӕд паддзах сси Ахборы+ фырт Ваал-Ханан. 50 Ахборы фырт Ваал-Ханан куы амард, уӕд паддзах сси Гадар, йӕ горӕт хуынди Пау. Гадарӕн йӕ усы ном уыди Мегетавел. Уый уыди Мезагавӕн йӕ чызджы+ чызг – Матреды чызг. 51 Ӕппынфӕстаг Гадад дӕр амард.
Едомӕгты мыггӕгты хистӕртӕ уыдысты: мыггаджы хистӕр Фимнӕ, мыггаджы хистӕр Алвӕ, мыггаджы хистӕр Йетеф+, 52 мыггаджы хистӕр Оливемӕ, мыггаджы хистӕр Илӕ, мыггаджы хистӕр Пинон+, 53 мыггаджы хистӕр Кеназ, мыггаджы хистӕр Феман, мыггаджы хистӕр Мивцар+, 54 мыггаджы хистӕр Магдиил ӕмӕ мыггаджы хистӕр Ирам+. Адон уыдысты едомӕгты мыггӕгты хистӕртӕ+.