Ӕмбисӕндтӕ
3 Мӕ хъӕбул, мӕ закъон мын ма рох кӕн+ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕн+, 2 ӕмӕ уӕд бафтдзӕн дӕ цӕрӕнбонтыл, дӕ царды азтыл+ ӕмӕ дӕ фарныл+. 3 Ма ныууадз ӕнувыд уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинад*+. Бабӕтт сӕ дӕ хъуырыл+, ныффысс сӕ дӕ зӕрдӕйыл+, 4 ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы хорзӕх ӕмӕ дӕ зондзысты ӕмбаргӕ адӕймагӕй+. 5 Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл+ ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у+. 6 Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар+, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн+.
7 Дӕхимӕ зондджын ма кӕс+. Йегъовӕйӕ тӕрс ӕмӕ дӕхи ӕвзӕрдзинадӕй хиз+. 8 Уый дӕ буарӕн* уыдзӕн ӕвдадзы хос+ ӕмӕ дын де уӕнг* рог кӕндзӕн+.
9 Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис+, уый ӕмӕ дӕ зӕххыл цы ’рзайы, уыдонӕй алцӕмӕй дӕр фыццаг тыллӕг+. 10 Уӕд дӕ хордӕттӕ уыдзысты дзаг+ ӕмӕ ног сӕн кӕлдзӕн дӕ сӕндуцӕнтӕн сӕ былтӕй+.
11 Мӕ хъӕбул, Йегъовӕ дын зонд куы амона, уӕд-иу ууыл дӕ къух ма ауигъ+, ӕмӕ дын куы уайдзӕф кӕна, уӕд-иу дӕ былтӕ ма акъуыр+, 12 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны+, фыд йӕ уарзон фыртӕн куыд бауайдзӕф кӕны, афтӕ+.
13 Амондджын у, зонд чи ссардта+ ӕмӕ арфуынӕг чи сси, уыцы адӕймаг+, 14 уымӕн ӕмӕ зонд ссарын ӕвзист самал кӕнынӕй хуыздӕр у ӕмӕ йӕ пайда сызгъӕринӕй+ дӕр фылдӕр у. 15 Уый у зынаргъ дуртӕй* дӕр зынаргъдӕр+, ӕмӕ дын циндзинад цыдӕриддӕр хӕссы, уыдонӕй йӕ ницӕимӕ ис абарӕн. 16 Йӕ рахиз къухы ис бирӕ цӕрӕнбон+, йӕ галиу къухы та – хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад+. 17 Йӕ фӕндӕгтӕ сты ӕхсызгон фӕндӕгтӕ, йӕ цӕуӕнтӕ иууылдӕр сты фарны цӕуӕнтӕ+. 18 Чи йыл ныххӕцы, уыдонӕн у царды бӕлас+, ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы+, уыдоны схондзысты амондджын+.
19 Йегъовӕ зонды фӕрцы сӕвӕрдта зӕххӕн бындур+, арфуынындзинады фӕрцы сфидар кодта арв+. 20 Йӕ зонындзинӕдты фӕрцы адих сты арф дӕттӕ+ ӕмӕ мигътӕй ӕмбӕрзт арвӕй фӕуары фӕлмӕн къӕвда+. 21 Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕ цӕстыты раз уӕнт ӕдзухдӕр+. Фидар хӕц куырыхон зондыл ӕмӕ хъуыды кӕнын зон+, 22 ӕмӕ дӕ удӕн суыдзысты цард+, дӕ хъуырӕн – фидауц+. 23 Уӕд дӕ фӕндагыл цӕудзынӕ ӕдасӕй+ ӕмӕ дӕ къах ницӕуыл скъуырдзынӕ+. 24 Куы-иу схуыссай, уӕд-иу нӕ тӕрсдзынӕ+, ӕрхуысдзынӕ ӕмӕ адджын фынӕй кӕндзынӕ+. 25 Нӕ тӕрсдзынӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы чи ’рцӕуы, ахӕм бӕллӕхӕй+ ӕмӕ, фыдгӕнджытӕм чи ’рбахӕстӕг кӕны, уыцы тыхдымгӕйӕ+, 26 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ уыдзынӕ ныфсджын+, ӕмӕ дын уый дӕ къах къӕппӕгӕй бахъахъхъӕндзӕн+.
27 Дӕ къух куы амона+, уӕд тыхст адӕймагӕн хорздзинад ма бавгъау кӕн+. 28 Кӕд дӕм ис, уӕд адӕймагӕн афтӕ ма зӕгъ: «Райсом мӕм ӕрбацу, ӕмӕ дын ратдзынӕн»+. 29 Дӕ сыхаг дыл куы ӕууӕнда+, уӕд йӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма кӕн+. 30 Адӕймаг дын ӕвзӕрӕй куы ницы ракӕна+, уӕд йемӕ ма хыл кӕн+.
31 Тыхгӕнӕгмӕ макуы бахӕлӕг кӕн+ ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтӕй макӕцыйыл ацу+. 32 Мӕнгард+ адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у+, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ+. 33 Фыдгӕнӕджы хӕдзар баййафы Йегъовӕйы ӕлгъыст+, рӕстгӕнджыты хӕдзар та хайджын у йӕ арфӕйӕ+. 34 Иннӕтыл чи худы+, уыдоныл уый дӕр худдзӕн+, сабыр* адӕймӕгтӕ та хайджын уыдзысты йӕ хорзӕхӕй+. 35 Зондджынтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы кад+, ӕнӕзӕндтӕ та сӕрыстыр сты, ӕгадмӕ цы ’ркӕны, уыдӕттӕй+.