Ромӕгтӕм
14 Хорз цӕстӕй кӕсут, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн нӕу, ахӕм адӕймагмӕ+, ӕрмӕст, дызӕрдыг цӕуыл кӕны, уым ын тӕрхонгӕнӕг ма ут+. 2 Иуӕн йӕ уырнындзинад ахӕм у, ӕмӕ алцыдӕр хӕры+. Фидар чи нӕу, уый та хӕры ӕрмӕстдӕр халсартӕ. 3 Уӕдӕ, алцыдӕр чи хӕры, уый уӕлейӕ дӕлӕмӕ ма кӕсӕд, алцы чи нӕ хӕры, уымӕ+. Алцы чи нӕ хӕры, уый та тӕрхон ма кӕнӕд, алцыдӕр чи хӕры, уымӕн, уымӕн ӕмӕ йӕм Хуыцау хорз цӕстӕй кӕсы. 4 Ды чи дӕ, ӕмӕ кӕйдӕр цагъарӕн тӕрхонгӕнӕг уай?+ Лӕугӕ кӕны ӕви хаугӕ акодта, уый йӕ хицау равзардзӕн+. Кӕд ахауд, уӕддӕр фӕстӕмӕ слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ слӕууын кӕна+.
5 Чидӕр иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл нымайы+, кӕмӕндӕр та бонтӕ иууылдӕр ӕмхуызон сты+. Алкӕй дӕр хъуамӕ фидарӕй уырна, куыд хъуыды кӕны, уый раст кӕй у. 6 Кӕцыдӕр бон чи бӕрӕг кӕны, уый йӕ бӕрӕг кӕны Йегъовӕйы кадӕн. Ӕмӕ чи хӕры, уый дӕр хӕры Йегъовӕйы кадӕн+, уымӕн ӕмӕ бузныг Хуыцауӕн фӕзӕгъы+. Ӕмӕ чи нӕ хӕры, уый дӕр Йегъовӕйы кадӕн нӕ хӕры+, ӕмӕ уӕддӕр бузныг фӕзӕгъы Хуыцауӕн+. 7 Уӕвгӕ, махӕй ӕрмӕст йӕхи тыххӕй ничи цӕры+, ӕмӕ нӕ ӕрмӕст йӕхи тыххӕй дӕр ничи мӕлы. 8 Цӕргӕ кӕнӕм,– цӕрӕм Йегъовӕйы тыххӕй+, мӕлгӕ кӕнӕм,– мӕлӕм Йегъовӕйы тыххӕй+. Гъемӕ уӕдӕ цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы стӕм+. 9 Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас+, цӕмӕй мӕрдтӕн+ дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн+ дӕр уа сӕ Хицау.
10 Уӕдӕ ды де ’фсымӕрӕн цӕмӕн тӕрхон кӕныс?+ Ӕмӕ ды та де ’фсымӕрмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ цӕмӕн кӕсыс? Не ’ппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны+ раз ӕрлӕудзыстӕм, 11 уымӕн ӕмӕ афтӕ у фыст: «„Ӕз дӕн удӕгас Хуыцау,– зӕгъы Йегъовӕ+,– ӕмӕ уын сомы кӕнын: алы адӕймаг дӕр мӕ разы ӕрхаудзӕн йӕ зонгуытыл ӕмӕ алы адӕймаг дӕр ӕргом зӕгъдзӕн, ӕз кӕй дӕн Хуыцау“»+. 12 Уӕдӕ нӕ алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй+.
13 Гъемӕ уӕдӕ кӕрӕдзийӕн мауал тӕрхон кӕнӕм+, фӕлӕ уӕ алчидӕр йӕхицӕн зӕгъӕд+, ӕфсымӕрӕн+ цӕлхдур кӕй не ’вӕрдзӕн кӕнӕ йын фӕкӕлыны хос кӕй нӕ уыдзӕн+. 14 Нӕ Хицау Йесойы фӕрцы йӕ зонын ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, йӕхи ӕгъдауӕй чъизи кӕй ницы у+. Гъеныр кӕд исчи исты чъизийыл нымайы, уӕд уымӕн у чъизи+. 15 Фӕлӕ кӕд хӕринаджы тыххӕй де ’фсымӕры хъыг кӕныс, уӕд уарзондзинадмӕ гӕсгӕ нал архайыс+. Чырысти кӕй сӕрвӕлтау амард, уый хӕринаджы тыххӕй ма фесаф+. 16 Уӕдӕ архайут, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕй ӕвзӕр мачи зӕгъа. 17 Хуыцауы паддзахад+ хӕрд ӕмӕ нозтӕй нӕу+, фӕлӕ рӕстдзинад+, фарн+ ӕмӕ циндзинадӕй+ – Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. 18 Ацы миниуджытӕ кӕмӕ ис ӕмӕ Чырыстийӕн цагъарау чи лӕггад кӕны, уый ис Хуыцауы хорзӕх дӕр ӕмӕ адӕмы хорзӕх дӕр+.
19 Цӕй уӕдӕ тырнӕм, фарн+ цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ+. 20 Хуыцауы къухты фыдӕбон хӕринаджы тыххӕй мауал саф+. О, алцыдӕр сыгъдӕг у, фӕлӕ кӕд адӕймаг, цы хӕры, уымӕй иннӕйы уырнындзинад лӕмӕгъ кӕны*, уӕд уый хорз нӕу+. 21 Цӕйнӕфӕлтау де ’фсымӕр фӕрӕдийа, фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ ӕндӕр ахӕм исты дӕр ма араз+. 22 Цы уырнындзинад дӕм ис, уымӕ гӕсгӕ дӕхӕдӕг архай Хуыцауы раз+. Амондджын у уыцы адӕймаг, ӕмӕ, исты куы саразы, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл кӕмӕн нӕ фӕхуды. 23 Дызӕрдыг чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй чи хӕры+, уый та йӕхицӕн стӕрхон кодта, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Ӕмӕ, уырнындзинадмӕ гӕсгӕ цы нӕу, уый та у тӕригъӕд+.