Лукайы
17 Уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Адӕмы цы рӕдийын кӕна*, уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг уыдзӕн+. Фӕлӕ додой йӕ къона, кӕй аххосӕй фӕзыной, уымӕн!+ 2 Хуыздӕр ын уаид, йӕ хъуырыл ын куыройыдур куы бакӕниккой ӕмӕ йӕ денджызы куы ныппариккой+, цӕйнӕфӕлтау ацы гыццылтӕй иуы дӕр фӕрӕдийын кӕна*+. 3 Уӕдӕ уӕхимӕ кӕсут. Де ’фсымӕр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ын бауайдзӕф кӕн+, ӕмӕ кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныххатыр кӕн+. 4 Бон дӕ авд хатты дӕр куы фӕхъыг кӕна ӕмӕ дӕм авд хатты куы бацӕуа ӕмӕ дын куы зӕгъа, хатыр, фӕрӕдыдтӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕр ын хъуамӕ ныххатыр кӕнай»+.
5 Уӕд апостолтӕ Йесомӕ бахатыдысты: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»+. 6 Йесо та сын загъта: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уаид, уӕд мӕнӕ ацы сау тута бӕласӕн зӕгъиккат, дӕхи ӕд уидаг стон ӕмӕ денджызы ныссӕдз, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕ коммӕ бакӕсид+.
7 Искӕмӕн уӕ йӕ цагъар хуым куы кӕна кӕнӕ фос куы хиза ӕмӕ быдырӕй куы ӕрбаздӕха, уӕд ын цымӕ афтӕ зӕгъдзӕн: „Рӕвдздӕр рауай ӕмӕ фынгыл ӕрбад“? 8 Нӕ, уый йын зӕгъдзӕн: „Ӕхсӕвӕр мын ӕрцӕттӕ кӕн, дӕ уӕлӕ раздарӕн ӕрбакӕн ӕмӕ, цалынмӕ ӕз фынгыл бадон, уӕдмӕ мын лӕггад кӕн, уый фӕстӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕрбаддзынӕ“. 9 Цы йын бафӕдзӕхста, уый кӕй бакодта, уый тыххӕй дзы, мыййаг, бузныг фӕуыдзӕн? 10 Афтӕ сымах дӕр, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхсынц, уый куы бакӕнат, уӕд-иу зӕгъут: „Мах стӕм ницӕйаг цагъартӕ+. Нӕ хӕс цы уыд, уый бакодтам“».
11 Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ Йесо йӕ фӕндаг акодта Самари ӕмӕ Галилейӕйыл+. 12 Ӕмӕ иу хъӕумӕ куы баввахс, уӕд ӕй ауыдтой дӕс хъотырджын+ лӕджы. Уыдон дӕрддзӕф слӕууыдысты 13 ӕмӕ йӕм уырдыгӕй хъӕр кодтой: «Йесо, Ахуыргӕнӕг, батӕригъӕд нын кӕн!»+ 14 Куы сӕ федта, уӕд сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уӕхи сауджынтӕн фенын кӕнут»+. Ӕмӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕ низ ӕрбайсӕфт+. 15 Сӕ иу, кӕй сдзӕбӕх, уый куы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхт, Хуыцауы хъӕрӕй кадджын кӕнгӕйӕ+. 16 Ӕмӕ Йесойы раз дӕлгоммӕ ӕрхауд+ ӕмӕ йын арфӕтӕ кӕнын райдыдта. Уыцы лӕг та уыд самариаг+. 17 Уӕд Йесо загъта: «Дӕс адӕймаджы не сдзӕбӕх сты? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты? 18 Ацы ӕндӕрбӕстаджы йеддӕмӕ куыд ничи раздӕхт ӕмӕ Хуыцауы куыд ничи скадджын кодта?» 19 Ӕмӕ уӕд уыцы лӕгӕн загъта: «Сыст ӕмӕ ацу. Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта»+.
20 Иухатт ӕй фарисейтӕ бафарстой, Хуыцауы паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ сын уый дзуапп радта: «Хуыцауы паддзахад афтӕ не ’рцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ цӕстӕй фенӕн уа. 21 Ӕмӕ афтӕ дӕр ничи дзурдзӕн, мӕнӕ ис, кӕнӕ, уӕртӕ ис+, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад мӕнӕ уе ’хсӕн ис»+.
22 Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты бонтӕй иу фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут+. 23 Ӕмӕ уын адӕм дзурдзысты, мӕнӕ ис, кӕнӕ, уӕртӕ ис+, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу ма рацӕут ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕ ма алидзут+. 24 Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд+ арвӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ куыд ферттивы, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт+ куы фӕзына, уыцы бон дӕр. 25 Фӕлӕ уал раздӕр уый бавзардзӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ йыл ацы фӕлтӕр йӕ къух сисдзӕн+. 26 Ӕмӕ Нойы+ рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты рӕстӕджы дӕр+: 27 адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой, моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕт дӕр нӕ фесӕфтысты, уӕдмӕ+. 28 Афтӕ уыди Лоты+ рӕстӕджы дӕр: адӕм хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой. 29 Фӕлӕ Лот Содомӕй цы бон рацыд, уыцы бон арвӕй ныккалд зынг ӕмӕ сондон, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр фесӕфтысты+. 30 Афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы фӕзына, уыцы бон дӕр+.
31 Уыцы бон исчи хӕдзары сӕр* куы уа, йӕ дзаумӕттӕ та – хӕдзары, уӕд сӕм мауал ӕрхизӕд, ӕмӕ, быдыры чи уа, уый дӕр мауал раздӕхӕд, хӕдзары йын цы баззад, уымӕ. 32 Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы+. 33 Йӕ цард* бахъахъхъӕныныл чи архайа, уый йӕ фесафдзӕн, йӕ цард чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн+. 34 Зӕгъын уын: уыцы ’хсӕв дыууӕ адӕймаджы уыдзысты иу хуыссӕны: сӕ иуы дзы акӕндзысты, иннӕйы та ныууадздзысты+. 35 Дыууӕ сылгоймаджы иу ӕрмгуыройӕ сдзысты: сӕ иуы дзы акӕндзысты, иннӕйы та ныууадздзысты»+. 36* –– 37 Уӕд ӕй уыдон бафарстой: «Уый кӕм уыдзӕн, Хицау?» Ӕмӕ сын радта ахӕм дзуапп: «Хӕдмӕл кӕм уа+, уырдӕм ӕрӕмбырд уыдзысты цӕргӕстӕ дӕр»+.