2 Петры
3 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ныр уӕм фыссын дыккаг фыстӕг. Ӕмӕ фыццаджы+ куыд уыд, афтӕ уын ам дӕр уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй уын уӕ зонд райхъал кӕныныл архайын+, 2 цӕмӕй уӕ ма рох кӕной, кӕддӕр сыгъдӕг пехуымпартӕ+ кӕй дзырдтой, уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ уын нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг уӕ апостолты+ фӕрцы цы бафӕдзӕхста, уый. 3 Фыццаджыдӕр уый зонут, ӕмӕ фӕстаг бонты+ фӕзындзӕн, хорз цы у, ууыл чи худдзӕн+, ахӕм адӕм. Уыдон цӕудзысты сӕ зӕрдӕйы фӕдыл+ 4 ӕмӕ дзурдзысты+: «Кӕй ӕрцӕудзӕн*, уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд кӕм ис?+ Нӕ фыдӕлтӕ куы амардысты*, уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта, алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ»+.
5 Уыдон зонгӕ-зонын ницӕмӕ дарынц уыцы хабар, рагзаманты дӕр кӕй уыди арв+ ӕмӕ зӕхх – Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ уыцы фидар зӕхх зынди донӕй+ ӕмӕ лӕууыд дӕтты астӕу+. 6 Ӕмӕ уыдонӕй уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд+. 7 Фӕлӕ уыцы ныхасӕй ныртӕккӕйы арв+ ӕмӕ зӕхх+ ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ+ ӕмӕ лӕууынц, ӕнӕхуыцау адӕмыл+ тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бонмӕ+.
8 Фӕлӕ уӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, иу хъуыддаг рох ма уӕд: Йегъовӕйы цӕсты иу бон у мин азы, мин азы та – иу бон+. 9 Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕныныл фӕстиат нӕ кӕны+, кӕд иуӕй-иутӕ уый фӕстиатыл нымайынц, уӕддӕр, фӕлӕ уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны+ фадат. 10 Йегъовӕйы бон+ та ӕрцӕудзӕн, давӕг+ куыд ӕрцӕуы, афтӕ. Уӕд арв гыбаргыбургӕнгӕ+ ӕвиппайды фӕцыдӕр уыдзӕн+, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон сзынг уыдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты+, зӕхх+ ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон та раргом уыдзысты*+.
11 Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд-ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат, 12 Йегъовӕйы боны+ ӕрцыдмӕ* ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ+ ӕмӕ йӕ алкӕддӕр уӕ зӕрдыл даргӕйӕ*! Уыцы бон арв арты басудздзӕн+, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон та сзынг уыдзысты ӕмӕ батайдзысты. 13 Фӕлӕ мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн+, уыцы ног арв+ ӕмӕ ног зӕхмӕ+.
14 Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йӕ разы ӕрлӕууат ӕнаиппӕй+, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ+. 15 Ӕмӕ нӕ Хуыцауы* фӕразондзинад нымайут фервӕзыны фадатыл, нӕ уарзон ӕфсымӕр Павел дӕр уӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд зондӕй+ куыд фыста, афтӕ+. 16 Павел уый тыххӕй фыссы йе ’ппӕт фыстӕджыты дӕр. Фӕлӕ йын дзы ис зынӕмбарӕн бынӕттӕ дӕр, ӕмӕ сӕ, чи ницы ӕмбары ӕмӕ фидар чи нӕу, уыдон зыгъуыммӕ кӕнынц, Фыстады иннӕ хӕйттӕ+ куыд зыгъуыммӕ кӕнынц, афтӕ, ӕмӕ уымӕй сӕхи бабын кӕндзысты.
17 Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы хабӕрттӕ рагацау зонгӕйӕ+ уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй сымах дӕр семӕ ӕнӕуаг адӕмы рӕдыд фӕндагмӕ ма адзӕгъӕл уат ӕмӕ ма фӕцудат+. 18 Архайут, нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй фылдӕрӕй-фылдӕр хайджын куыд кӕнат ӕмӕ йӕ ноджы хуыздӕр куыд базонат+, ууыл. Кад ын уӕд ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр!+