Асафы зарӕг+.
50 Хъомысджын+ Хуыцау Йегъовӕ+ дзурын райдыдта+,
Уый сиды зӕхмӕ+
Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ+.
2 Сионӕй, фидыцты фидыцӕй+, Хуыцау хурау ракаст+.
3 Нӕ Хуыцау ӕрцӕудзӕн ӕмӕ хъусӕй нӕ лӕудзӕн+.
Йӕ разы ис пиллон арт ӕмӕ ӕппӕт дӕр ныхъуыры+.
Йӕ алыварс та – ӕвирхъау тыхдымгӕ+.
4 Уый сиды уӕлӕрвтӕм ӕмӕ зӕхмӕ+,
Цӕмӕй йӕ адӕмӕн стӕрхон кӕна+:
5 «Ӕрӕмбырд мӕм кӕнут мӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты+,
Нывонд ӕрхӕсгӕйӕ, мемӕ бадзырд чи скодта, уыдоны»+.
6 Уӕлӕрвтӕ дзурынц йӕ рӕстдзинады тыххӕй+,
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг у Тӕрхонгӕнӕг+. (Села́)
7 «Байхъусут мӕм, мӕ адӕм, ӕмӕ ӕз дзурдзынӕн+,
Байхъус, о Израил, ӕмӕ ӕвдисӕн ныллӕудзынӕн дӕ ныхмӕ+.
Ӕз дӕн Хуыцау, дӕ Хуыцау+.
8 Уайдзӕф дын нӕдӕр дӕ нывӕндты тыххӕй кӕнын+,
Нӕдӕр, ӕдзух мӕ разы чи ис, уыцы судзинаг нывӕндты тыххӕй+.
9 Дӕ хӕдзарӕй дын нӕ райсдзынӕн гал+,
Ӕмӕ дӕ фысдӕттӕй – сӕгътӕ.
10 Уымӕн ӕмӕ мӕн сты хъӕды сырдтӕ иууылдӕр+,
Мингай хӕхтыл цы сырдтӕ цӕры, уыдон+.
11 Ӕз хӕхты алы маргъы дӕр зонын+.
Ӕмӕ, тыгъд быдырты цы бирӕ цӕрӕгойтӕ ис, уыдон мӕн сты+.
12 Куы сӕххормаг уаин, уӕд ӕй дӕуӕн нӕ зӕгъин,
Уымӕн ӕмӕ мӕн у зӕхх+ ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый+.
13 Исты мӕн нард галты фыд хъӕуы+,
Науӕд сӕгъты туг?+
14 Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕсс дӕ арфӕйы ныхас+,
Ӕмӕ сӕххӕст кӕн Иунӕг Стыр Хуыцауы раз дӕ сомытӕ+.
15 Ӕмӕ мӕм зын сахат ӕххуысмӕ фӕсид+.
Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ мӕ скадджын кӕндзынӕ»+.
16 Фыдгӕнӕгӕн та Хуыцау зӕгъдзӕн+:
«Чи дын радта уый бар, ӕмӕ мын мӕ уагӕвӕрдты тыххӕй дзурай+
Ӕмӕ мын мӕ бадзырды кой кӕнай?+
17 Мӕ зондамындӕй де сӕфт федтай+
Ӕмӕ мын мӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дарыс+.
18 Давӕджы-иу куы федтай, уӕд-иу ӕм хорз цӕстӕй ракастӕ+,
Хӕтаг адӕмимӕ-иу слымӕн дӕ+.
19 Дӕ дзых йӕхи бар ауагътай, ӕмӕ дзы цӕуы ӕвзӕрдзинад+,
Ӕмӕ де ’взагыл баныхӕст мӕнгдзинад+.
20 Бадыс ӕмӕ де ’фсымӕры фауыс+,
Дӕ мадызӕнӕджы фыдкой кӕныс+.
21 Ахӕм митӕ кодтай, фӕлӕ ӕз ницы дзырдтон+.
Афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕ, ӕмӕ ӕз дӕр дӕу хуызӕн суыдзынӕн+.
Карзӕй дын бауайдзӕф кӕндзынӕн+ ӕмӕ дын дӕ митӕ дӕ разы ӕрӕвӕрдзынӕн+.
22 Уӕ хорзӕхӕй, бамбарут уыцы хъуыддаг, Хуыцауы чи ферох кодта, уыдон+,
Науӕд уӕ акъабӕзтӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ чи фервӕзын кӕндзӕн?+
23 Нывондӕн мын арфӕйы ныхас чи хӕссы, уый мӕ кадджын кӕны+.
Ӕмӕ размӕ фидар къахдзӕфтӕй чи цӕуы,
Уымӕн фенын кӕндзынӕн, Хуыцау куыд ирвӕзын кӕны, уый»+.