Ефесӕгтӕм
2 Уымӕй уӕлдай, Хуыцау сымахӕн радта цард, кӕд уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ мард уыдыстут, уӕддӕр+. 2 Уыцы тӕригъӕдты мидӕг сымах кӕддӕр цардыстут ацы дунейы*+ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нӕ алыварс уӕлдӕфау чи ахъардта, уыцы зондахасты хицауы, ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм+ цы зондӕй*+ архайынц, уый хицауы+, фӕндонмӕ гӕсгӕ. 3 О, уыцы адӕмы ’хсӕн кӕддӕр не ’ппӕт дӕр цардыстӕм, нӕ буары монцтӕ+ нын куыд дзырдтой, афтӕ, цыдыстӕм нӕ буары фӕндтӕ+ ӕмӕ нӕ зонды фӕдыл, ӕмӕ иннӕтау ӕрдзӕй уыдыстӕм, Хуыцауы масты+ аккаг чи у, ахӕм цот. 4 Фӕлӕ нӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау цы стыр уарзтӕй бауарзта+, уый руаджы нын 5 радта цард ӕмӕ нӕ Чырыстиимӕ баиу кодта, кӕд нӕ фыдракӕндтӕм гӕсгӕ мард уыдыстӕм+, уӕддӕр,– о, сымах йе стыр хорзӕхы фӕрцы фервӕзтыстут+. 6 Уымӕй уӕлдай ма нӕ Йесо Чырыстиимӕ райгас кодта+ ӕмӕ нӕ уӕлӕрвты йемӕ иумӕ ӕрбадын кодта+, 7 цӕмӕй ӕрцӕуинаг+ дунейы* равдиса йе стыр хорзӕхы ӕмбисонды хъӕздыгдзинӕдтӕ+, махмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады+ чи ис, уыдонмӕ, цы хӕларзӕрдӕдзинад равдыста, уый фӕрцы.
8 Уыцы стыр хорзӕхы фӕрцы сымах фервӕзтыстут уӕ уырнындзинады+ руаджы, ӕмӕ уый уӕхи фӕрцы нӕу+ – уый Хуыцауы лӕвар у+. 9 Уый уӕ хъуыддӕгты+ фӕрцы нӕу, цӕмӕй йӕхицӕй раппӕлыны ӕфсон макӕмӕн уа+. 10 Мах Хуыцауы къухты фыдӕбон стӕм+. Йесо Чырыстиимӕ иудзинады+ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ сфӕлдыста+, рагацау нын кӕй сбӕрӕг кодта+, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ+ аразынӕн.
11 Уӕдӕ уӕ зӕрдыл дарут, кӕддӕр сымах уӕ райгуырдӕй ӕндӕр адӕмтӕй кӕй уыдыстут+. Адӕймаджы къухӕй буарыл сунӕт кӕмӕн скодтой+, уыдон уӕ хуыдтой ӕнӕсунӕт. 12 Уыцы рӕстӕг сымах Чырыстийы нӕ зыдтат+, Израилы адӕмӕй уыдыстут дард+, зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы бадзырдтӕ ӕрцыд арӕзт, уыдонмӕ ницы бар дардтат+, ныфс уӕ ницӕмӕй уыд+ ӕмӕ ацы дунейы цардыстут ӕнӕ Хуыцауӕй+. 13 Фӕлӕ ныр сымах, кӕддӕр Хуыцауӕй дард чи уыд, уыдон, баиу стут Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ Чырыстийы туджы+ фӕрцы Хуыцаумӕ баввахс стут. 14 Чырысти нын ӕрхаста фарн+, уый дыууӕ къордӕй+ скодта иу+ ӕмӕ, се ’хсӕн цы къул+ уыд*, уый фехӕлдта+. 15 Йӕ буарӕй+ кӕрон скодта, знӕгтӕ цӕй тыххӕй уыдысты, уымӕн+, алы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ кӕм уыди, уыцы Закъонӕн+, цӕмӕй йемӕ иудзинады дыууӕ къордӕй+ скодтаид иу ног адӕймаг+ ӕмӕ сын ӕрхастаид фарн, 16 ӕмӕ цӕмӕй хъизӕмӕртты хъӕды+ фӕрцы дыууӕ къорды дӕр Хуыцауимӕ кӕронмӕ бафидауын кодтаид+, иу буар+ куыд суыдаиккой, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй кӕрон скодта, знӕгтӕ цӕй тыххӕй уыдысты, уымӕн+. 17 Уый ӕрцыд ӕмӕ сымахӕн, дард чи уыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, ӕввахс чи уыд, уыдонӕн дӕр+, фехъусын кодта фарны хорз хабар+, 18 уымӕн ӕмӕ махӕн – дыууӕ къордӕн+ дӕр – уый фӕрцы нӕ бон у уыцы иу сыгъдӕг тыхы+ руаджы Хуыцауы раз ӕрлӕууын+.
19 Гъемӕ уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ+ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ+ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджытимӕ+ иу бӕстӕйы цӕрджытӕ+ ӕмӕ Хуыцауы бинонтӕ+. 20 Ӕмӕ амад цы бындурыл ӕрцыдыстут+, уый у апостолтӕ+ ӕмӕ пехуымпартӕй+, уыцы бындуры сӕйраг дур+ та у Йесо Чырысти йӕхӕдӕг. 21 Уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр ис йемӕ иудзинады ӕмӕ дзы рӕзы рухс кувӕндон Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ йӕ алы хай дӕр уыцы ӕмхуызонӕй хӕцы кӕрӕдзийыл+. 22 Чырыстиимӕ иумӕ+ сымахӕй дӕр арӕзт цӕуы, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕм цӕрдзӕн, уыцы бынат+.