Псалом
Амонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф». Давиды зарӕг. Михтам*.
2 Нӕ, сымах зӕххыл зӕрдӕйӕ аразут фыдхъуыддӕгтӕ+
Ӕмӕ фӕндаг цӕттӕ кӕнут уӕ къухтӕй фыддзинад ракӕнынӕн!+
3 Фыдгӕнджытӕ сӕ мады гуыбынӕй сты хӕлд+,
Сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ сты зылын фӕндагыл,
Кӕнынц мӕнг ныхӕстӕ+.
Уыдон сты кобрӕйау къуырма – уый йӕ хъустӕ сӕхгӕны+
5 Ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты хъӕлӕсмӕ нӕ фӕхъусы+,
Кӕд кӕлӕнтӕм дӕсны сты, уӕддӕр+.
6 О Хуыцау, базгъал сын сӕ дӕндӕгтӕ+.
О Йегъовӕ, ныппырх кӕн домбӕйттӕн се ’фсӕртӕ.
7 Дӕттӕ куыд ацӕуынц, афтӕ уыдон дӕр фесӕфӕнт+,
Йе ’рдын ӕркъӕдз кӕнӕд ӕмӕ йӕ фаттӕ фехсӕд, ӕмӕ ӕрхаудзысты+.
8 Сӕтӕлӕг куыд батайы, афтӕ тайынц уыдон дӕр.
Мардӕй цы сывӕллон райгуыры, уыйау хуры рухс нӕ фендзысты+.
9 Уӕ цуайнӕгтӕм сындзкъутӕрты арт нӕма бахъардзӕн+,
Афтӕ Хуыцау, цыма тыхдымгӕ рацыд, уыйау ахӕсдзӕн цъӕх къутӕр дӕр ӕмӕ судзгӕ къутӕр дӕр+.