Амонӕгӕн. Гиттит+. Асафы псалом.
81 Фырцинӕй зарут Хуыцауӕн, нӕ хъаруйӕн+.
Фырцинӕй хъӕр кӕнут ӕмӕ зарут Иаковы Хуыцауӕн+.
2 Ӕрцӕгъдут+, райсут дала+,
Зӕрдӕрӕвдауӕг дыууадӕстӕнон фӕндыр ӕмӕ хъисфӕндыр+.
3 Мӕй куы сног уа, уӕд сыкъайӕ ныууасут+,
Ӕмӕ мӕй цалхыдзаг куы суа, уӕд сыкъайӕ ныууасут нӕ бӕрӕгбоны номыл+.
4 Уымӕн ӕмӕ уый Израилӕн у закъон+,
Иаковы Хуыцауы тӕрхоны уынаффӕ.
5 Иосифӕн ӕй радта зӕрдыл лӕууын кӕнынӕн+,
Египеты зӕххыл куы фӕцӕйцыд, уӕд+.
Ӕз хъуыстон ӕнӕзонгӕ ӕвзаг+.
6 Хуыцау зӕгъы: «Ӕз ын йӕ уаргъ йе уӕхскӕй райстон+,
Ӕмӕ йӕ къухтӕ ссӕрибар сты чыргъӕдӕй+.
7 Зын сахат ӕххуысмӕ фӕсидтӕ, ӕмӕ дӕ ӕз фервӕзын кодтон+.
Арвнӕрд кӕм ӕмбӕхст, уырдыгӕй дын дзуапп радтон+.
Бафӕлвӕрдтон дӕ Меривӕйы дӕтты раз+. (Села́)
8 Байхъусут мӕм, о мӕ адӕм, ӕмӕ ӕз ӕвдисӕн ныллӕудзынӕн дӕ ныхмӕ+,
О Израил, кӕд мӕм хъусай, уӕд+.
9 Уӕд уе ’хсӕн ӕндӕр хуыцау нӕ уыдзӕн+,
Ӕмӕ ӕцӕгӕлон хуыцауы раз уӕ зонгуытыл нӕ лӕудзыстут+.
10 Ӕз дӕн Йегъовӕ, дӕ Хуыцау+,
Ӕз дӕ ракодтон Египеты зӕххӕй+.
Дӕ дзых байгом кӕн, ӕмӕ дын ӕй хӕринагӕй байдзаг кӕнон+.
11 Фӕлӕ мӕм мӕ адӕм нӕ байхъуыстой+,
Израилы ӕппындӕр нӕ бафӕндыд мӕ коммӕ кӕсын+.
12 Ӕмӕ сӕ ӕз дӕр ауагътон сӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл+.
Уыдон цыдысты сӕхи фӕндтыл+.
13 Тӕхуды, ӕмӕ мӕм мӕ адӕм куы хъуыстаиккой!+
Тӕхуды, ӕмӕ Израил мӕ фӕндӕгтыл куы цыдаид!+
14 Уӕд сын се знӕгты тагъд басастаин+,
Сӕ фыдгултӕм мӕ къух систаин+.
15 Йегъовӕйӕ йе сӕфт чи уыны, уыдон йӕ разы кӕндзысты зӕрдӕлхӕнӕн митӕ+,
Ӕмӕ сӕ рӕстӕг ахӕсдзӕн ӕнустӕм.
16 Ӕз мӕ адӕмӕн дӕтдзынӕн мӕнӕуы хуыздӕр+,
Къӕдзӕхӕй мыд исдзынӕн ӕмӕ сӕ ӕфсаддзынӕн»+.