Псалом
Амонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф». Асафы+ псалом. Зарӕг.
75 Арфӕ дын кӕнӕм, о Хуыцау, арфӕ дын кӕнӕм+,
Дӕ ном ис немӕ+.
Адӕм хъусын кӕндзысты дӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй+.
6 Уымӕн ӕмӕ, адӕймаджы цы бӕрзонд кӕны, уый не ’рцӕуы нӕдӕр скӕсӕнӕй,
Нӕдӕр ныгуылӕнӕй, нӕдӕр хуссарӕй.
8 Йегъовӕйы къухы ис къус+,
Ӕмӕ дзы сӕн фынк кӕны. Уыцы къус дзаг у хъӕбӕр сӕнӕй.
Уый йын йӕ бынтӕ акалдзӕн,
Ӕмӕ сӕ нуаздзысты зӕххыл цӕрӕг фыдгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр, ницыуал дзы ныууадздзысты»+.
9 Ӕз та уый тыххӕй дзурдзынӕн ӕнустӕм.
Ӕз зардзынӕн Иаковы Хуыцауӕн+.