ФӔНДЗӔМ ЧИНЫГ
(Псаломтӕ 107–150)
107 Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ+,
Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт+.
2 Афтӕ дзурӕнт, Йегъовӕ кӕй фервӕзын кодта, уыдон+,
Знаджы къухӕй кӕй ӕрдомдта+
3 Ӕмӕ алы бӕстӕтӕй,
Хурыскӕсӕнӕй ӕмӕ хурныгуылӕнӕй+,
Цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй+ кӕй ӕрӕмбырд кодта, уыдон+.
4 Уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдыры+, ӕдзӕрӕг бӕстӕйы+,
Кӕм хъуамӕ ӕрцардаиккой, уыцы горӕтмӕ фӕндаг нӕ ардтой+.
5 Ӕййӕфтой ӕххормаг ӕмӕ дойны+,
Сӕ уд удыл нал хӕцыд+.
6 Сӕ тыхсты-иу Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзынӕзтой+,
Ӕмӕ-иу сӕ фервӕзын кодта сӕ хъизӕмӕрттӕй+.
7 Кодта сӕ раст фӕндагыл+,
Цӕмӕй ӕрцыдаиккой, кӕм хъуамӕ ӕрцардаиккой, уыцы горӕтмӕ+.
8 Арфӕ кӕнӕнт адӕм Йегъовӕйӕн йе ’нувыд уарзты тыххӕй+
Ӕмӕ, адӕймаджы фырттӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй+.
9 Уый дойны уд бафсӕста донӕй+,
Ӕххормаг уд бафсӕста хорздзинӕдтӕй+.
10 Уыдис ахӕмтӕ, ӕмӕ уыдысты талынджы, саудалынджы+,
Уыдысты ахст ӕмӕ хъизӕмар кодтой ӕфсӕйнаг рӕхысты+,
11 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхасы ныхмӕ цыдысты+,
Иунӕг Стыр Хуыцауы уынаффӕ ницӕмӕ дардтой+.
12 Зындзинӕдтӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ ӕртасын кодта+,
Фӕкалдысты-иу, ӕмӕ-иу сын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыд+.
13 Ӕмӕ-иу сӕ тыхсты райдыдтой Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сидын+,
Ӕмӕ та-иу сӕ фервӕзын кодта сӕ хъизӕмӕрттӕй+.
14 Ракодта-иу сӕ талынгӕй, саудалынгӕй+,
Ӕмӕ-иу сын сӕ бӕттӕнтӕ арӕдывта+.
15 Арфӕ кӕнӕнт адӕм Йегъовӕйӕн йе ’нувыд уарзты тыххӕй+
Ӕмӕ, адӕймаджы фырттӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй+.
16 Уый ныппырх кодта ӕрхуы дуӕрттӕ+,
Ныллыг кодта дуарӕхгӕнӕн ӕфсӕйнӕгтӕ+.
17 Ӕнӕзонд чи уыд, уыдон сӕ фыдракӕндты тыххӕй+
Ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕхи хъизӕмӕртты хай фӕкодтой+.
18 Сӕ удӕн иу хӕринаг дӕр ад нал кодта+,
Ӕмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодтой мӕлӕты дуармӕ+.
19 Ӕмӕ-иу сӕ тыхсты райдыдтой Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сидын+,
Ӕмӕ та-иу сӕ фервӕзын кодта сӕ хъизӕмӕрттӕй+.
20 Ныхас-иу загъта, ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты+,
Фервӕзын-иу сӕ кодта ингӕнӕй+.
21 Арфӕ кӕнӕнт адӕм Йегъовӕйӕн йе ’нувыд уарзты тыххӕй+
Ӕмӕ, адӕймаджы фырттӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй+.
22 Нывондӕн ын ӕрхӕссӕнт арфӕйы ныхас+,
Йӕ хъуыддӕгты тыххӕй цингӕнгӕйӕ дзурӕнт+.
23 Денджызмӕ наутыл чи рацӕуы+,
Ӕнӕкӕрон дӕттыл базары хъуыддӕгтӕ чи кӕны+,
24 Уыдон федтой Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ+,
Йӕ диссӕгтӕ денджызы арфы+.
25 Ныхас фӕзӕгъы – ӕмӕ сысты тыхджын дымгӕ+
Ӕмӕ йын йӕ уылӕнтӕ хӕрдмӕ сисы+.
26 Наудзаутӕ ссӕуынц арвы онг,
Ныццӕуынц ӕрфытӕм.
Бӕллӕхы тӕссӕй се уӕнгтӕ адон вӕййынц+.
27 Расыг лӕгау фӕрахау-бахау кӕнынц+,
Ӕмӕ цы зонынц, уый дӕр сын ницыуал ӕххуыс вӕййы+.
28 Ӕмӕ сӕ тыхсты райдайынц Йегъовӕмӕ дзыназын+,
Ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕны сӕ хъизӕмӕрттӕй+.
29 Уый банцайын кӕны тыхдымгӕ+,
Ӕмӕ денджызы уылӕнтӕ ныссабыр вӕййынц+.
30 Ӕмӕ уыдон фӕцин кӕнынц, кӕй ныссабыр сты, ууыл,
Ӕмӕ сӕ уый акӕны, кӕмӕ бӕллыдысты, уыцы наулӕууӕнмӕ+.
31 Арфӕ кӕнӕнт адӕм Йегъовӕйӕн йе ’нувыд уарзты тыххӕй+
Ӕмӕ, адӕймаджы фырттӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй+.
32 Бӕрзонд ӕй кӕнӕнт адӕмы ӕмбырды+,
Зӕронд лӕгты ӕмбырды йӕ кадджын кӕнӕнт+.
33 Уый цӕугӕдӕттӕ фестын кӕны ӕдзӕрӕг быдыр+
Ӕмӕ доны гуылфӕнтӕ – хурсыгъд зӕхх+,
34 Хъӕздыг бӕстӕ фестын кӕны цӕхджын зӕхх+,
Чи йыл цӕры, уыдоны фыдхъуыддӕгты тыххӕй.
35 Ӕдзӕрӕг быдыр та фестын кӕны цад+,
Ӕнӕдон бӕстӕ – доны гуылфӕнтӕ+.
36 Ӕмӕ уым ӕрцӕрын кӕны ӕххормаг адӕмы+,
Цӕмӕй дзы сӕхицӕн горӕт саразой ӕмӕ дзы цӕрой+.
37 Сӕ хуымтӕ байтауынц ӕмӕ скӕнынц сӕнӕфсирдӕттӕ+,
Цӕмӕй сын хъӕздыг тыллӕг дӕттой+.
38 Уый сын арфӕ кӕны, ӕмӕ тынг сбирӕ вӕййынц+,
Сӕ фос дӕр сын къаддӕр кӕнын нӕ уадзы+.
39 Фӕлӕ та фӕкъаддӕр вӕййынц ӕмӕ ныггуыбыр вӕййынц+
Ӕфхӕрдӕй, бӕллӕхтӕй ӕмӕ мастӕй+.
40 Уый кадджын адӕмы фӕхудинаг кӕны+,
Ӕмӕ фӕрахау-бахау кӕнынц ӕдзӕрӕг ран, фӕндаг кӕм нӕй, уым+.
41 Мӕгуыры та ӕфхӕрдӕй хъахъхъӕны+
Ӕмӕ йын йӕ бинонты сбирӕ кӕны фысты дзугау+.
42 Рӕстзӕрдӕ адӕм уый уынынц ӕмӕ цин кӕнынц+,
Фыдгӕнджытӕ та иууылдӕр сӕ дзыхтӕ сӕхгӕдтой+.
43 Чи у зондджын? Уый фендзӕн уыдӕттӕ
Ӕмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дардзӕн+, Йегъовӕ йе ’нувыд уарзтӕй цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонмӕ+.