Захари
4 Мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый фӕстӕмӕ раздӕхт ӕмӕ мӕ райхъал кодта, фынӕй адӕймаджы куыд райхъал кӕнынц, афтӕ+. 2 Стӕй мӕ бафарста: «Цы уыныс?»+
Ӕз ын загътон: «Уӕртӕ сызгъӕрин цырагъдарӕн+, йӕ сӕрмӕ та – къус. Цырагъдарӕныл ис авд цырагъы+, уыцы цырӕгътыл та – авд хӕтӕлы. 3 Йӕ фарсмӕ та ис дыууӕ оливӕбӕласы+, иу дзы ис къусӕн рахизырдыгӕй, иннӕ та – галиуырдыгӕй».
4 Стӕй, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый бафарстон: «Мӕ буц хицау, адон цы нысан кӕнынц?»+ 5 Ӕмӕ, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый мын загъта: «Ӕцӕгдӕр ӕй нӕ зоныс, цы нысан кӕнынц, уый?»
Ӕз ын загътон: «Нӕ, мӕ буц хицау»+.
6 Ӕмӕ мын уӕд загъта: «Мӕнӕ цы зӕгъы Йегъовӕ Зоровавелӕн: „Нӕдӕр ӕфсады фӕрцы+, нӕдӕр хъаруйы фӕрцы+, фӕлӕ мӕ тыхы* фӕрцы+ ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕттӕ“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ. 7 Цы у ацы стыр хох?+ Зоровавелы+ раз быдыр фестдзӕн. Уый уӕллаг фисыны дур+ рахӕсдзӕн, ӕмӕ уӕд хъӕр кӕндзысты+: „Куыд рӕсугъд у! Куыд рӕсугъд у!“»+.
8 Ӕмӕ та мын Йегъовӕ загъта: 9 «Ацы хӕдзарӕн бындур Зоровавелы къухтӕ ӕрӕвӕрдтой+, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр уый къухтӕ сараздзысты+. Уӕд ӕй базондзынӕ, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ мӕ кӕй рарвыста сымахмӕ+. 10 Гыццыл хъуыддӕгтӕ цы бон ӕрцыд арӕзт, уыцы бонмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй мачи кӕсӕд+. Адӕм кӕсдзысты, Зоровавелы къухы цы уырдыгбарӕн* ис, уымӕ ӕмӕ цин кӕндзысты+. Авд цӕсты дӕр ӕм кӕсдзысты+. Уыцы авд цӕсты сты Йегъовӕйы цӕстытӕ, ӕмӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл»+.
11 Ӕз ӕй бафарстон: «Цырагъдарӕны рахиз фарс ӕмӕ галиу фарс цы дыууӕ оливӕбӕласы ис, уыдон цы нысан кӕнынц?»+ 12 Ӕмӕ та йӕ ногӕй бафарстон: «Оливӕбӕлӕстыл цы дыууӕ къалиуы ис, дыууӕ сызгъӕрин хӕтӕлмӕ сызгъӕрин сой кӕцӕй кӕлы, уыцы къалиутӕ та цы нысан кӕнынц?»
13 Уӕд мӕ бафарста: «Ӕцӕгдӕр ӕй нӕ зоныс, цы нысан кӕнынц, уый?»
Ӕз ын загътон: «Нӕ, мӕ буц хицау»+.
14 Ӕмӕ мын уӕд загъта: «Уыдон сты дыууӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы+, ӕгас зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыдон»+.