104 Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд+.
О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, ды дӕ стыр Хуыцау+.
Ды дӕхи сфӕлыстай кад ӕмӕ намысы+.
2 Уӕлӕдарӕсау дӕ уӕлӕ ӕрбакӕныс рухс+,
Арв цатыры ӕмбӕрзӕнау айтындзыс+.
3 Ды дӕ уӕллаг уӕттӕ аразыс дӕттыл+,
Мигътӕй дӕхицӕн скӕныс бӕхуӕрдон+,
Фӕцӕйцӕуыс дымгӕйы базыртыл+.
4 Дӕ зӕдты фестын кӕныс хъомысджын тыхтӕ+,
Дӕ лӕггадгӕнджыты – ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+.
5 Ды зӕхх сӕвӕрдтай фидар бындурыл+,
Ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн+.
6 Арф дӕттӕй йӕ уӕлӕдарӕсау бамбӕрзтай+,
Дӕттӕ лӕууыдысты хӕхты сӕрмӕ+.
7 Уыдон дӕ уайдзӕфӕй фӕлидзӕг сты+,
Дӕ арвнӕрд фехъусгӕйӕ фыртӕссӕй лидзынмӕ фесты,
8 Цы бынат сын ӕрцӕттӕ кодтай, уырдӕм.
Хӕхтӕ уӕлӕмӕ ссыдысты+,
Дӕлвӕзтӕ дӕлӕмӕ ӕрцыдысты.
9 Дӕттӕн скодтай арӕнтӕ, ӕмӕ сӕ сӕрты нӕ ахиздзысты+,
Цӕмӕй зӕхх сӕ быны мауал фӕуа+.
10 Дӕттӕ ауагътай дӕлвӕзтӕм+,
Згъорынц хӕхты ’хсӕнты.
11 Уыдон донӕй ӕфсадынц хъӕддаг сырдты се ’ппӕты дӕр+,
Зебрӕтӕ+ дзы сӕ дойны басӕттынц.
12 Ӕхсӕв сӕ сӕрмӕ ӕрбынат кӕнынц уӕларвон мӕргътӕ+,
Бӕзджын сыфтӕры ’хсӕнӕй фӕхъуысы сӕ зарын+.
13 Дӕ уӕллаг уӕттӕй хӕхтӕ ӕфсадыс донӕй+.
Дӕ фыдӕбонӕй ӕфсӕст у зӕхх+.
14 Ды сзайын кӕныс цъӕх кӕрдӕг сырдтӕн+,
Ӕмӕ зайӕгойтӕ – адӕмӕн+,
Цӕмӕй зӕхх дӕтта хӕринаг+.
15 Дӕттыс сӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна+,
Ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй дзы цӕсгом ӕрттива+,
Ӕмӕ дзул, цӕмӕй дзы адӕймаг йӕ зӕрдӕ фидар кӕна+.
16 Ӕфсӕст сты Йегъовӕйы бӕлӕстӕ –
Ливаны кедртӕ, ды кӕй ныссагътай, уыдон+.
17 Уыцы бӕлӕстыл мӕргътӕ сӕхицӕн скӕнынц ахстӕттӕ+.
Къадзӕн та ӕхсӕлыбӕлас у йӕ хӕдзар+.
18 Бӕрзонд хӕхтӕ+ сты дзӕбидыртӕн+.
Къӕдзӕхтӕ – ӕмбӕхсӕн хӕххон зыгъарджытӕн+.
19 Ды скодтай мӕй рӕстӕджытӕ амонынӕн+.
Хур йӕхӕдӕг зоны, кӕм хъуамӕ аныгуыла, уый+.
20 Ды бӕстӕ нытталынг кӕныс, цӕмӕй уа ӕхсӕв+.
Уыцы афон сызмӕлынц хъӕды сырдтӕ иууылдӕр.
21 Домбӕйттӕ богъ кӕнынц, агурынц амӕттаг+,
Хуыцауӕй курынц хӕринаг+.
22 Хур куы скӕсы+, уӕд та ацӕуынц
Ӕмӕ ӕрхуыссынц се ’мбӕхсӕн бынӕтты.
23 Адӕймаг йӕ хъуыддӕгтӕм бавналы+,
Йӕ куыстытӕ фӕкӕны изӕры онг+.
24 Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ!+
Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй+.
Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй+.
25 Ацы стыр ӕмӕ ӕнӕкӕрон денджызы+
Цы змӕлы, уыдонӕн нымӕц дӕр нӕй+,
Дзаг у цӕрӕгойтӕй, гыццылтӕй ӕмӕ стыртӕй+.
26 Наутӕ йыл дыууӕрдӕм кӕнынц+.
Ды сфӕлдыстай левиафаны+, цӕмӕй уым хъаза+.
27 Иууылдӕр дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц+,
Цӕмӕй сын афоныл дӕттай хӕринаг+.
28 Цы сын раттыс, уый ӕрӕмбырд кӕнынц+.
Байгом кӕныс дӕ къух, ӕмӕ хорздзинӕдтӕй бафсӕдынц+.
29 Дӕ цӕсгом куы бамбӕхсыс, уӕд та сӕхицӕн ӕнцой нал фӕарынц+.
Сӕ царды тых сын куы байсыс, уӕд сӕ цард фӕвӕййы+,
Ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхынц+.
30 Дӕ тых куы рарвитыс, уӕд фӕзынынц+,
Ӕмӕ зӕххӕн ног цард раттыс.
31 Йегъовӕйы кад уыдзӕн ӕнустӕм+.
Йегъовӕ цин кӕндзӕн йӕ хъуыддӕгтыл+.
32 Уый зӕхмӕ ӕркӕсы, ӕмӕ зӕхх баризы+.
Хӕхтӕм бавналы, ӕмӕ сӕ фӕздӕг ссӕуы+.
33 Ӕз Йегъовӕйӕн зардзынӕн цӕрӕнбонты+.
Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ зардзынӕн мӕ Хуыцауӕн+.
34 Куы йыл фӕхъуыды кӕнын, уӕд-иу ын мӕ хъуыдытӕ уӕнт ӕхсызгон+.
Мӕнӕн та Йегъовӕ уыдзӕн мӕ цин+.
35 Тӕригъӕдджынтӕ зӕххӕй фесӕфдзысты+,
Ӕмӕ фыдгӕнджытӕй иу дӕр нал баззайдзӕн+.
Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд. Кадджын кӕнут Йагъы!+