Амонӕгӕн. Давиды зарӕг.
19 Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад+,
Йӕ къухты фыдӕбоны тыххӕй дзуры арв+.
2 Бонтӕ иу иннӕйы фӕдыл кӕнынц сӕ ныхас+,
Ӕхсӕвтӕ иу иннӕйы фӕдыл ӕргом кӕнынц зонындзинӕдтӕ+.
3 Нӕ дзургӕ кӕнынц, нӕ – ныхас,
Ӕмӕ сӕ хъӕлӕс дӕр нӕ хъуысы+,
4 Фӕлӕ ӕгас зӕххыл айвӕзтой сӕ барӕн бӕндӕн+,
Ӕмӕ зӕххы кӕронмӕ хӕццӕ кӕнынц сӕ ныхӕстӕ+.
Уыдоныл хурӕн сӕвӕрдта цатыр+.
5 Уый усгурау рацӕуы йӕ уатӕй+,
Тыхджын лӕгау цин кӕны, цӕттӕ у йӕ фӕндагыл азгъорынмӕ+.
6 Арвы иу кӕронӕй рацӕуы
Ӕмӕ йыл иннӕ кӕронмӕ ӕрзилы+.
Ӕмӕ йӕ тӕвдӕй ницы у ӕмбӕхст+.
7 Йегъовӕйы закъон+ у ӕнаипп+ – уды цард бауадзы+.
Йегъовӕйы амындтыл+ ис ӕууӕндӕн+ – зондджын кӕнынц+ ӕвӕлтӕрды.
8 Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ+ сты раст+ – зӕрдӕ цинӕй дзаг кӕнынц+.
Йегъовӕйы фӕдзӕхст+ у ирд+ – цӕстытӕн дӕтты рухс+.
9 Йегъовӕйӕ тӕрсын+ у хорз – уый уыдзӕн ӕнустӕм.
Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ+ сты ӕцӕг+, иууылдӕр сты раст+.
10 Уыдон сты сызгъӕринӕй дӕр бӕллиццагдӕр, суанг бирӕ сыгъдӕг сызгъӕринӕй дӕр+,
Мыдӕй адджындӕр+, фӕзгъӕртӕй тӕдзгӕ мыдӕй+.
11 Уыдон хъахъхъӕнынц дӕ лӕггадгӕнӕджы+.
Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый ссары стыр хорзӕх+.
12 Чи базондзӕн йӕ рӕдыдтытӕ?+
Ныххатыр мын кӕн, кӕй тыххӕй нӕ зонын, уыцы тӕригъӕдтӕ+.
13 Дӕ лӕггадгӕнӕджы хъал митӕй бахъахъхъӕн+.
Сӕ быны мӕ ма скӕнӕнт+.
Уӕд ӕз уыдзынӕн ӕнӕфау+
Ӕмӕ хызт уыдзынӕн бирӕ тӕригъӕдтӕй.
14 Мӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дын мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ+
Ӕхсызгон уӕнт, о Йегъовӕ, мӕ Къӕдзӕх+ ӕмӕ мӕ Ӕлхӕнӕг+.