Марчы
15 Куыддӕр ӕрбабон, афтӕ сауджынты хистӕртӕ, хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ – иудзырдӕй, Сӕйраг тӕрхондон ӕгасӕй дӕр – ӕрӕмбырд сты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой+. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесойы сбастой, акодтой йӕ ӕмӕ йӕ Пилаты къухмӕ радтой+. 2 Гъемӕ йӕ Пилат бафарста: «Ды дзуттӕгты паддзах+ дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс»+. 3 Фӕлӕ йӕ сауджынты хистӕртӕ райдыдтой бирӕ хъуыддӕгты аххосджын кӕнын+. 4 Ӕмӕ та йӕ уӕд Пилат ногӕй бафарста: «Ницы дзурыс?+ Кӕс-ма, дӕ ныхмӕ цас цыдӕртӕ дзурынц»+. 5 Фӕлӕ йын Йесо ницыуал загъта, ӕмӕ Пилат дисы бафтыд+.
6 Пилатмӕ ахӕм ӕгъдау уыди, ӕмӕ-иу уыцы бӕрӕгбоны рауагъта иу ахст лӕджы – адӕм-иу ӕм кӕй тыххӕй бахатыдысты, уый+. 7 Уыцы рӕстӕг ахӕстоны бадтис иу лӕг, хуыдтой йӕ Вараввӕ, йемӕ ма бадт ӕндӕр змӕнтджытӕ дӕр. Бадгӕ та уый тыххӕй кодтой, ӕмӕ змӕсты рӕстӕг кӕйдӕр амардтой+. 8 Гъемӕ адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Пилатӕй курын райдыдтой, цӕмӕй та уыцы хатт дӕр, цы ӕгъдау ӕм уыди, уымӕ гӕсгӕ бакодтаид. 9 Ӕмӕ сӕ уӕд Пилат бафарста: «Фӕнды уӕ, ӕмӕ уын уӕ паддзахы рауадзон?»+ 10 Афтӕ сӕ уымӕн бафарста, ӕмӕ йӕ зыдта, сауджынты хистӕртӕ йын Йесойы йӕ къухмӕ уый тыххӕй кӕй радтой+, ӕмӕ йӕм хӕлӕг кодтой+. 11 Фӕлӕ сауджынты хистӕртӕ адӕмы сардыдтой, зӕгъгӕ, дзурут, цӕмӕй уын Йесойы бӕсты Вараввӕйы рауадза+. 12 Ӕмӕ та сӕ уӕд Пилат бафарста: «Дзуттӕгты паддзах+ кӕй хонут, уымӕн та куыд бакӕнон?»+ 13 Уыдон ногӕй ныхъхъӕр кодтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!»+ 14 Фӕлӕ та сӕ Пилат бафарста: «Цӕмӕн? Ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кӕнын райдыдтой: «Хъӕдыл ӕй байтындз!»+ 15 Уӕд Пилат, адӕмы ӕрсабыр кӕныны тыххӕй+, Вараввӕйы рауагъта. Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ хъӕдыл байтыгътаиккой+.
16 Ӕфсӕддонтӕ йӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуаны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ ӕгас ӕфсад дӕр уырдӕм ӕрӕмбырд кодтой+. 17 Уым ыл ӕфсӕддонтӕ скодтой тарсырх пӕлӕз, сындзытӕй кадыхуд сбыдтой ӕмӕ йыл ӕй ӕркодтой+. 18 Стӕй йын райдыдтой арфӕ кӕнын: «Ӕгас нӕм цу+, дзуттӕгты Паддзах!» 19 Уый фӕстӕ йын йӕ сӕр хъӕз лӕдзӕгӕй фӕхостой, фӕтутӕ йыл кодтой, стӕй сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын бакуывтой+. 20 Куы дзы фӕхынджылӕг кодтой, уӕд ын йӕ тарсырх пӕлӕз раластой, фӕстӕмӕ йыл йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ йӕ акодтой хъӕдыл байтындзынмӕ+. 21 Уыцы рӕстӕг хъӕуӕй ӕрбацӕйцыд иу киренӕйаг лӕг, Симон, зӕгъгӕ, Алыксандр ӕмӕ Руфы фыд, ӕмӕ Йесойы хъизӕмӕртты хъӕд уымӕн ахӕссын кодтой+.
22 Ӕмӕ Йесойы ӕркодтой, Голгофӕ, ома Сӕрыкӕхц, чи хуыйны, уыцы бынатмӕ+. 23 Уым ын лӕвӕрдтой сӕн миррӕимӕ хӕццӕйӕ+, фӕлӕ йӕ нӕ бакуымдта+. 24 Ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой, йӕ уӕлӕдарӕсыл та йын хӕлттӕ сӕппӕрстой+, кӕмӕ дзы цы ’рхауа, уый ахӕссӕд, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийыл байуӕрстой+. 25 Тындзгӕ та йӕ бакодтой ӕртыккӕгӕм сахатыл*+. 26 Йӕ сӕрмӕ та конд уыд фӕйнӕджы гӕбаз – фыст ыл уыд, цӕмӕй йӕ аххосджын кодтой+, уый: «Дзуттӕгты Паддзах»+. 27 Йемӕ ма хъӕдтыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы дӕр – сӕ иуы йӕ рахиз фарс, иннӕйы та йӕ галиу фарс+. 28* –– 29 Сӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон-иу сӕ сӕртӕ батылдтой ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой+: «Гъей! Кувӕндон куы хӕлдтай ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ куы арӕзтай!+ 30 Дӕхи фервӕзын кӕн – ӕрхиз хъизӕмӕртты хъӕдӕй!»+ 31 Афтӕ дзы хынджылӕг кодтой сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ дӕр ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Иннӕты ирвӕзын кодта, йӕхи фервӕзын кӕнын та йӕ бон нӕу!+ 32 Гъемӕ ныр Чырысти, Израилы Паддзах, хъизӕмӕртты хъӕдӕй ӕрхизӕд. Уый нӕхи цӕстӕй куы фенӕм, уӕд ыл баууӕнддзыстӕм»+. Суанг ма йын, йемӕ кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕ дӕр алы ӕвзӕртӕ дзырдтой+.
33 Ӕхсӕзӕм сахат* куы ралӕууыд, уӕд бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг, ӕмӕ афтӕ уыди суанг фарӕстӕм сахатмӕ*+. 34 Фарӕстӕм сахатыл Йесо хъӕрӕй сдзынӕзта: «Ели, Ели, лама савахфани?», ома, «мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай?»+ 35 Уым чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, загътой: «Хъусут ӕм, Илийамӕ дзуры!»+ 36 Уӕд сӕ иу ауад, губкӕ туаг сӕны атылдта, хъӕз лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста+, ӕмӕ загъта: «Фӕлӕуут-ма, бакӕсӕм ӕм, кӕддӕра йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ йӕ хъӕдӕй ӕрисид!»+ 37 Йесо та хъӕрӕй сдзынӕзта ӕмӕ уыйадыл амард+. 38 Уӕд, кувӕндоны мидӕг цы ӕмбӕрзӕн+ уыд, уый уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд ӕмӕ дыууӕ дихы фӕци+. 39 Уым лӕууыд иу ӕфсӕддон хицау* ӕмӕ, Йесо куыд амард, стӕй, цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый куы федта, уӕд загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд»+.
40 Уым ма дӕрддзӕф лӕууыдысты ӕмӕ уыдӕттӕм кастысты сылгоймӕгтӕ дӕр+. Семӕ уыди Марийӕ Магдалинӕ, Гыццыл Иаковы ӕмӕ Иосийы мад Марийӕ, стӕй Саломи дӕр+. 41 Уыдон йемӕ уыдысты+ ӕмӕ йын лӕггад кодтой, Галилейӕйы ма куы уыди, уӕд. Уыди ма дзы, йемӕ Иерусалиммӕ чи ’рцыд, бирӕ ӕндӕр ахӕм сылгоймӕгтӕ дӕр+.
42 Бон изӕрырдӕм акъул. Ӕмӕ Цӕттӕгӕнӕн бон кӕй уыди, ома сабаты размӕ бон, уымӕ гӕсгӕ 43 ӕрцыд иу аримафейаг лӕг, Иосиф, зӕгъгӕ. Уый уыд Уынаффӕдоны* уӕнг, нымад лӕг, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕлмӕ каст Хуыцауы Паддзахадмӕ+. Иосиф уӕндонӕй бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард+ ракуырдта. 44 Фӕлӕ Пилаты фӕндыд, ӕцӕгдӕр амард ӕви нӕ, уый базонын, ӕмӕ ӕфсӕддон хицаумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ бафарста, ӕцӕгдӕр амард, зӕгъгӕ. 45 Ӕфсӕддон хицауӕй хабар бӕлвырд куы базыдта, уӕд ын йӕ мард Иосифӕн радта+. 46 Ӕмӕ Иосиф дӕр ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымац балхӕдта, Йесойы мард хъӕдӕй ӕриста ӕмӕ йӕ уыцы хъуымацы батыхта. Стӕй йӕ бавӕрдта+, къӕдзӕхы кӕй бакъахта, уыцы зӕппадзы+ ӕмӕ йын йӕ бахизӕныл дур бафӕлдӕхта+. 47 Марийӕ Магдалинӕ ӕмӕ Иосийы мад Марийӕ та кастысты, кӕм ӕй бавӕрдтой, уырдӕм+.