Иоанны
8 Йесо та ацыди Оливӕбӕлӕсты хохмӕ. 2 Фӕлӕ куы ’рбабон, уӕд фӕстӕмӕ кувӕндонмӕ бацыд, ӕмӕ йӕм адӕм иууылдӕр цыдысты. Гъемӕ уый дӕр сбадт ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта. 3 Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ йӕм фарисейтӕ та ӕрбакодтой, ӕндӕр лӕгимӕ кӕй баййӕфтой, ахӕм сылгоймаджы. Сӕ разы йӕ ӕрлӕууын кодтой, 4 ӕмӕ уый фӕстӕ Йесойӕн загътой: «Ахуыргӕнӕг, ацы сылгоймаджы ӕндӕр лӕгимӕ баййӕфтой. 5 Моисейы Закъон та афтӕ зӕгъы, ӕмӕ ахӕм сылгоймаджы дуртӕй амарын хъӕуы. Ды та цы зӕгъдзынӕ?» 6 Афтӕ та уымӕн загътой, ӕмӕ йӕ фӕлваргӕ кодтой, цӕмӕй йӕм, цӕй тыххӕй йӕ фӕаххосджын кодтаиккой, ахӕмӕй исты ссардтаиккой. Йесо та ӕргуыбыр кодта ӕмӕ йе ’нгуылдзӕй зӕххыл цыдӕртӕ фыста. 7 Ӕмӕ йӕ куы нал ӕмӕ нал уагътой, уӕд йӕхи сӕмраст кодта ӕмӕ сын афтӕ зӕгъы: «Ӕнӕтӕригъӕд уӕ чи у, фыццаг ыл уый фӕкӕнӕд дур». 8 Стӕй фӕстӕмӕ ӕргуыбыр кодта ӕмӕ дарддӕр цыдӕртӕ фыста зӕххыл. 9 Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон та, хистӕр лӕгтӕй райдайгӕйӕ, иу иннӕйы фӕдыл сӕхи айстой. Ӕмӕ ма дзы баззад ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ, се ’хсӕн цы сылгоймаг лӕууыд, уый. 10 Уӕд Йесо йӕхи сӕмраст кодта ӕмӕ сылгоймагӕн афтӕ зӕгъы: «Цы фесты ацы адӕм? Ничи дын стӕрхон кодта?» 11 Сылгоймаг дзуапп радта: «Ничи, мӕ буц хицау». Ӕмӕ йын уӕд Йесо дӕр загъта: «Уӕдӕ дын ӕз дӕр нӕ тӕрхон кӕнын. Ацу ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ мауал кӕн».
12 Ӕмӕ Йесо дарддӕр ныхас кодта адӕмимӕ: «Ӕз дӕн ацы дунейӕн рухс+. Мӕ фӕдыл чи цӕуы, уый талынджы нӕ цӕудзӕн+, фӕлӕ хайджын уыдзӕн царддӕттӕг рухсӕй». 13 Уӕд ын фарисейтӕ загътой: «Ды дӕхи тыххӕй дӕхӕдӕг лӕууыс ӕвдисӕн. Дӕ ныхӕстӕ раст не сты». 14 Йесо та сын дзуапп радта: «Кӕд ӕз мӕхи тыххӕй мӕхӕдӕг лӕууын ӕвдисӕн, уӕддӕр мӕ ныхӕстӕ+ раст сты, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз зонын, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын+. Фӕлӕ йӕ сымах та нӕ зонут, ӕз кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый. 15 Сымах тӕрхон кӕнут ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ+, ӕз та ӕппындӕр никӕмӕн тӕрхон кӕнын+. 16 Стӕй кӕд тӕрхон кӕнын, уӕддӕр мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ ӕз иунӕгӕй нӕ дӕн – мӕ рарвитӕг Фыд мемӕ ис+. 17 Ӕмӕ уӕ Закъоны дӕр афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, „Дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕн цӕмӕн ныллӕууой, уый раст у“+. 18 Ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн лӕууын мӕхи тыххӕй, ӕмӕ мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы мӕ рарвитӕг Фыд дӕр»+. 19 Ӕмӕ йӕ уӕд уыдон бафарстой: «Кӕм ис дӕ Фыд?» Йесо та сын дзуапп радта: «Сымах мӕн дӕр нӕ зонут, ӕмӕ мӕ Фыды дӕр+. Мӕн куы зониккат, уӕд мын мӕ Фыды дӕр зониккат»+. 20 Ацы ныхӕстӕ Йесо дзырдта, кувӕндоны хӕзнадоны+ ӕхцавӕрӕнтӕ кӕм уыдысты, уым адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд. Фӕлӕ йӕм иу адӕймаг дӕр нӕ бавнӕлдта+, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕг+ нӕма ’рцыди.
21 Ӕмӕ та сын загъта: «Ӕз цӕуын, ӕмӕ мӕ сымах агурдзыстут+, фӕлӕ уӕддӕр уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут+. Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымахӕн уӕ бон ацӕуын нӕу». 22 Ӕмӕ уӕд дзуттӕгтӕ загътой: «Йӕхи марынмӕ хъавы, ӕви? Афтӕ куы зӕгъы, ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымахӕн уӕ бон ацӕуын нӕу, зӕгъгӕ»+. 23 Йесо та сын загъта: «Сымах стут зӕххӕй, ӕз та дӕн уӕларвӕй+. Сымах стут ацы дунейӕ+, ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн+. 24 Уый тыххӕй уын загътон: уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут+. Ӕз, ӕрцӕуинаг чи уыд, уый кӕй дӕн, ууыл куы нӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут»+. 25 Ӕмӕ йӕ уӕд уыдон бафарстой: «Чи дӕ?» Йесо та сын загъта: «Ӕниу, сымахимӕ цӕуыл дзурын? 26 Бирӕ цыдӕртӕ мӕм ис, сымах тыххӕй цы зӕгъон ӕмӕ цӕмӕн стӕрхон кӕнон. Ӕмӕ мӕ рарвитӕг, ӕцӕг цы у, уый дзуры, ӕмӕ ӕз, уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр уый дзурын дунейӕн»+. 27 Фӕлӕ уыдон нӕ бамбӕрстой, йӕ Фыды тыххӕй сын кӕй дзырдта, уый. 28 Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты+ уӕлӕмӕ куы сисат+, уӕд ӕй базондзыстут, ӕз+, ӕрцӕуинаг чи уыд, уый кӕй дӕн, ӕмӕ мӕхи фӕндӕй кӕй ницы аразын+, фӕлӕ мӕ мӕ Фыд куыд сахуыр кодта, афтӕ кӕй дзурын+. 29 Чи мӕ рарвыста, уый мемӕ ис – иунӕгӕй мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый»+. 30 Йесо адӕттӕ куы дзырдта, уӕд ыл бирӕтӕ баууӕндыдысты+.
31 Ӕмӕ йыл чи баууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕн загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат+, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, 32 ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад*+, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн»+. 33 Уыдон та йын загътой: «Мах Авраамы байзӕддӕгтӕ+ стӕм, ӕмӕ никуы никӕй цагъартӕ уыдыстӕм+. Уӕд нын ды афтӕ куыд зӕгъыс, ссӕрибар уыдзыстут, зӕгъгӕ?» 34 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: тӕригъӕд чи аразы, уый у тӕригъӕды цагъар+. 35 Ӕмӕ цагъар та хицауы хӕдзары цӕрӕнбонтӕм нӕ баззайы – фырт дзы баззайы цӕрӕнбонтӕм+. 36 Уӕдӕ уӕ кӕд Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар+. 37 Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй стут, уый зонын. Фӕлӕ сымах мӕн марынмӕ хъавут+, уымӕн ӕмӕ уӕм мӕ ныхӕстӕ нӕ хъарынц+. 38 Ӕз дзурын+, мӕ Фыдимӕ+ куы уыдтӕн, уӕд цы федтон, уый, ӕмӕ сымах дӕр аразут, уӕ фыдӕй цы фехъуыстат, уый». 39 Уӕд ын уыдон дзуапп радтой: «Нӕ фыд Авраам у»+. Йесо та сын загъта: «Кӕд Авраамы сывӕллӕттӕ+ стут, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕнут. 40 Фӕлӕ сымах та мӕн, Хуыцауӕй цы рӕстдзинад фехъуыста, уый уын чи дзуры, уыцы адӕймаджы, марынмӕ хъавут+. Авраам афтӕ нӕ кодта+. 41 Сымах кӕнут уӕ фыды хъуыддӕгтӕ». Уыдон та йын загътой: «Мах дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ не стӕм. Махӕн иу Фыд+ ис – Хуыцау».
42 Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Уӕ Фыд Хуыцау куы уаид, уӕд мӕ уарзиккат+, уымӕн ӕмӕ ӕз Хуыцауӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ ныр ам дӕн+. Ӕз мӕхи фӕндӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ мӕ Уый рарвыста+. 43 Цы уын дзурын, уый цӕуылнӕ ӕмбарут? Уымӕн ӕмӕ мӕ ныхӕстӕм хъусын уӕ бон нӕу+. 44 Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг+ у, ӕмӕ уӕ фӕнды, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый аразын+. Уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар+, ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг рӕстдзинад нӕй. Уый мӕнг куы фӕдзуры, уӕд фӕдзуры, цы у, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд+. 45 Мӕныл та не ’ууӕндут, ӕцӕг цы у, уый уын кӕй дзурын, уый тыххӕй+. 46 Чи уӕ зӕгъдзӕн, ӕмӕ ӕз тӕригъӕд сарӕзтон?+ Ӕмӕ кӕд, ӕцӕг цы у, уый дзурын, уӕд мыл цӕуылнӕ ӕууӕндут? 47 Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы+. Уӕдӕ сымах уымӕн нӕ хъусут, ӕмӕ Хуыцауӕй не стут»+.
48 Ӕмӕ йын уӕд дзуттӕгтӕ загътой: «Дзӕгъӕлы зӕгъӕм, самариаг+ ӕмӕ хӕйрӕджджын кӕй дӕ?»+ 49 Йесо та сын дзуапп радта: «Ӕз хӕйрӕджджын нӕ дӕн, фӕлӕ мӕ Фыдӕн кад кӕнын+, сымах та мӕн ӕгад кӕнут. 50 Фӕлӕ ӕз мӕхицӕн кад нӕ агурын+ – ис, уыцы кад чи агуры ӕмӕ чи тӕрхон кӕны, Уый+. 51 Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕ ныхӕстӕ мын чи ӕххӕст кӕны, уый мӕлӕт никуы фендзӕн»+. 52 Дзуттӕгтӕ та йын загътой: «Ныр ӕй бӕлвырд зонӕм, ды хӕйрӕджджын кӕй дӕ+. Авраам амард+, амардысты пехуымпартӕ+ дӕр, ды та афтӕ зӕгъыс, мӕ ныхӕстӕ мын чи ӕххӕст кӕны, уый мӕлӕт никуы фендзӕн+, зӕгъгӕ. 53 Нӕ фыд Авраам дӕр ма куы амард, уӕд ды уымӕй уӕлдӕр дӕ?+ Уӕдӕ пехуымпартӕ дӕр амардысты+. Уӕд ды дӕхи кӕуыл нымайыс?» 54 Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд мӕхӕдӕг мӕхи кадджын кӕнын+, уӕд мӕ кад ницы у. Фӕлӕ мӕн кадджын кӕны мӕ Фыд, сымах афтӕ кӕмӕй зӕгъут, нӕ Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый. 55 Ӕмӕ йӕ кӕд афтӕ хонут, уӕддӕр ӕй зонгӕ нӕ кӕнут+. Ӕз та йӕ зонын+. Гъеныр афтӕ куы зӕгъин, ӕмӕ йӕ нӕ зонын, уӕд та ӕз дӕр сымах хуызӕн уаин – мӕнгдзурӕг. Фӕлӕ йӕ ӕз зонын ӕмӕ йын йӕ ныхас ӕххӕст кӕнын+. 56 Уӕ фыд Авраам тынг цин кодта, мӕ хъуыддӕгтӕ*+ феныны ныфс ӕй кӕй уыд, ууыл, ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр фӕкодта ӕмӕ цин кодта»+. 57 Ӕмӕ йӕ уӕд дзуттӕгтӕ бафарстой: «Фӕндзай азы дӕр дыл куы нӕма цӕуы, уӕд Авраамы куыд федтай?» 58 Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕз уыдтӕн, Авраам куы нӕма райгуырд, уӕд дӕр»+. 59 Уӕд дзуттӕгтӕ дуртӕ фелвӕстой, ныццӕвӕм ыл сӕ, зӕгъгӕ+. Фӕлӕ Йесо фӕаууон ӕмӕ кувӕндонӕй рацыд.