Данел
10 Персы паддзах Кир+ ӕртыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд Данелӕн, Валтасар+ кӕй хуыдтой, уымӕн, раргом хабар. Уыцы хабар уыд ӕцӕг ӕмӕ уыди стыр хӕсты тыххӕй+. Данел бамбӕрста уыцы хабар, бамбӕрста, цы федта, уый+.
2 Уыцы рӕстӕг ӕз, Данел, ӕнӕхъӕн ӕртӕ къуырийы маст кодтон+. 3 Уыцы ӕртӕ къуырийы дӕргъы хӕрзад хӕринаг нӕ бахордтон, мӕ дзыхмӕ не схастон нӕдӕр дзидза, нӕдӕр сӕн, сойӕ дӕр мӕхи нӕ сӕрстон+. 4 Фыццаг мӕйӕн йӕ дыууын цыппӕрӕм бон ӕз уыдтӕн стыр цӕугӕдоны был, ома Хиддекелы*+ был. 5 Ӕз акастӕн ӕмӕ федтон иу адӕймаджы – йӕ уӕлӕ уыди кӕттаг дарӕс+, йӕ астӕуыл+ та уыд уфазаг+ сызгъӕринӕй конд рон. 6 Йӕ буар уыди хризолиты+ хуызӕн, йӕ цӕсгом уыд арвӕрттывды+ хуызӕн, йӕ цӕстытӕ уыдысты судзгӕ цырӕгъты+ хуызӕн, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ та – ӕрттиваг ӕрхуыйы+ хуызӕн. Куы дзырдта, уӕд та цыма бирӕ адӕм дзырдтой, афтӕ уыд. 7 Уыцы адӕймаджы федтон ӕрмӕстдӕр ӕз, Данел. Мемӕ чи уыд, уыцы адӕм ӕй нӕ федтой+, фӕлӕ сӕ ахӕм стыр тас бацыд, ӕмӕ лидзынмӕ фесты ӕмӕ бамбӕхстысты.
8 Ӕз иунӕгӕй баззадтӕн, ӕмӕ уыцы ӕнахуыр цӕстылуайӕн федтон. Ӕмӕ мӕм тыхы мур нал баззад, мӕ хуыз фӕцыд ӕмӕ ме уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты+. 9 Ӕз фехъуыстон, уыцы адӕймаг дзурын куыд райдыдта, уый. Ӕмӕ йӕм куыд хъуыстон, афтӕ зӕххыл дӕлгоммӕ хуысгӕйӕ+ тарф фынӕй бадӕн+. 10 Уалынмӕ мыл кӕйдӕр къух андзӕвыд+ ӕмӕ мӕ бауыгъта, цӕмӕй райхъал уыдаин. Ӕмӕ уӕд мӕхиуыл схӕцыдтӕн ӕмӕ, мӕ къухтыл ӕнцойгӕнгӕ, мӕ уӕрджытыл слӕууыдтӕн. 11 Уӕд мын уый загъта:
«О Данел, Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг!+ Цы ныхӕстӕ дын дзурын, уыдон бамбар+. Ӕмӕ кӕм лӕууыдтӕ, уым слӕуу, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕумӕ ӕрвыст дӕн».
Ӕмӕ мын уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд ӕз зырзыргӕнгӕйӕ слӕууыдтӕн.
12 Ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс+, Данел. Дӕ зӕрдӕ ацы хабӕрттӕ бамбарынмӕ куы сарӕзтай+ ӕмӕ дӕ Хуыцауы раз дӕхи куы ӕрныллӕг кодтай+, уӕд дын, суанг фыццаг бон дӕр, Хуыцау дӕ ныхӕстӕ фехъуыста, ӕмӕ ӕз дӕр уый тыххӕй ӕрцыдтӕн+. 13 Фӕлӕ Персы+ паддзахады кънйаз+ дыууын иу боны мӕ ныхмӕ лӕууыд+, ӕмӕ мӕм уӕд ӕххуысмӕ фӕзынд Михаил+, стыр кънйӕзтӕй+ сӕ иу. Уыцы рӕстӕг ӕз уым Персы паддзӕхты раз уыдтӕн+. 14 Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын раргом кӕнон, дӕ адӕмыл+ фӕстаг бонты цы ’рцӕудзӕн+, уый, уымӕн ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн+ хауы фидӕны рӕстӕджытӕм»+.
15 Уыцы ныхӕстӕ мын куы дзырдта, уӕд мӕ сӕр зӕхмӕ+ ӕруагътон ӕмӕ мӕ бон дзурын нал уыд. 16 Уалынмӕ мын чидӕр,– уыд адӕймаджы фырты хуызӕн,– мӕ былтыл андзӕвыд+ ӕмӕ уӕд мӕ бон дзурын сси+. Ӕмӕ, мӕ разы чи лӕууыд, уымӕн загътон: «Мӕ буц хицау+, цы федтон, уымӕй афтӕ фӕтарстӕн, ӕмӕ ме уӕнгтӕ ризын райдыдтой, тыхы мур мӕм нал баззад+. 17 Ӕмӕ уӕд, мӕ буц хицау, дӕ цагъар демӕ куыд ныхас кодтаид?+ Ӕппындӕр мӕм хъару нал уыд, мӕ улӕфт дӕр сӕхгӕдта»+.
18 Ӕмӕ та мӕм уӕд, адӕймаджы хуызӕн чи уыд, уый ногӕй бавнӕлдта ӕмӕ мӕ бафидар кодта+. 19 Ӕмӕ мын стӕй загъта: «Ма тӕрс+, Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг+. Фарнӕй хайджын у+. Фидар лӕуу. О, фидар у»+. Куыддӕр мемӕ дзурын райдыдта, афтӕ мӕ тыхтӕ ӕрӕмбырд кодтон ӕмӕ йын загътон: «Дзур+, мӕ буц хицау, уымӕн ӕмӕ мӕ бафидар кодтай»+. 20 Уӕд мын уый загъта:
«Цӕй тыххӕй дӕм ӕрбацыдтӕн, уый зоныс? Ӕз ныр фӕстӕмӕ здӕхын, цӕмӕй Персы кънйазимӕ схӕцон+. Ӕмӕ куы ацӕуон, уӕд ӕрцӕудзӕн Грецийы кънйаз дӕр+. 21 Фӕлӕ дын ӕз радзурдзынӕн, рӕстдзинады* чиныджы фыст чи ис, уыцы хабӕрттӕ+. Уыцы хъуыддӕгты мын уӕ кънйаз+ Михаилы+ йеддӕмӕ ничи ӕххуыс кӕны.