Амос
5 «Байхъусут ацы ныхасмӕ, Израилы адӕм, байхъусут, цы хъарӕг уыл скодтон, уымӕ+:
Йӕхи зӕххыл ӕй ныууагътой се ’ппӕт дӕр,
Чи йыл схӕца, уый нӕй“+.
3 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Хӕстмӕ иу мин адӕймаджы цы горӕтӕй цыди, уым ма сӕдӕ баззайдзӕн, сӕдӕ лӕджы цы горӕтӕй цыди, уым та ма баззайдзӕн дӕс. Афтӕ уыдзӕн сӕ хабар Израилы адӕмӕн“+.
4 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ Израилы адӕмӕн: „Агурут мӕ+, ӕмӕ цӕрат+. 5 Ма агурут Вефил+, ма цӕут Галгалмӕ+ ӕмӕ уӕ фӕндаг Вирсавимӕ ма акӕнут+, уымӕн ӕмӕ Галгал йӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕуыдзӕн+, Вефил та кӕлӕнтӕй байдзаг уыдзӕн+. 6 Агурут Йегъовӕйы, ӕмӕ цӕрат+, Иосифы хӕдзарвӕндаг+, цӕмӕй уый арт ма феста+ ӕмӕ уӕ ма аныхъуыра, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, Вефил чи ахуыссын кӕна, уый нӕй+. 7 Сымах раст тӕрхон нӕ кӕнут, ӕмӕ адӕмӕн сӕ цард маст ад скодта+. Сымах рӕстдзинадыл уӕ къух систат+. 8 Уый скодта Кимы+ стъалыгуппар ӕмӕ Кесилы+ стъалыгуппар+. Саудалынг+ фестын кӕны райсом, бон та ӕхсӕвау баталынг кӕны+. Денджызы дӕттӕм йӕхимӕ фӕсиды, цӕмӕй сӕ зӕххыл рауадза+. Йегъовӕ у йӕ ном+. 9 Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ тыхджыны ӕвиппайды бастигъынц, ӕмӕ фидаргонд бынаты дӕр ницыуал баззайы.
10 Горӕты кулдуары раз сын сӕ ных чи бакъуыры, уымӕй се сӕфт уынынц+, ӕцӕг цы у, уый чи фӕзӕгъы, ахӕм адӕймаг сын ӕнад у+. 11 Мӕгуыр адӕймаджы кӕй стигъут, кӕй дзы домут, цӕмӕй уын йӕ тыллӕг дӕтта ӕмӕ дзы хорӕй хъалон кӕй исут+, уый тыххӕй афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ лӕгъзгонд дуртӕй хӕдзӕрттӕ сараздзыстут+, фӕлӕ сӕ мидӕг нӕ цӕрдзыстут, диссаджы сӕнӕфсирдӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сын сӕ сӕн нӕ нуаздзыстут+. 12 Ӕз ӕй зонын, ныхмӕ цал хатты цыдыстут+ ӕмӕ уӕ тӕригъӕдтӕ куыд стыр сты, уый+. Сымах рӕстгӕнӕджы уӕ ныхтӕ ныссагътат+, гӕртӕмттӕ исут+, цӕмӕй фыдхъуыддӕгтӕ ӕмбӕхсат, ӕмӕ горӕты кулдуары раз+ мӕгуыр адӕмы иуварс схойут+. 13 Уӕдӕ уыцы рӕстӕг ӕмбаргӕ адӕймаг хъусӕй лӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ уый тынг ӕвзӕр рӕстӕг уыдзӕн+.
14 Ӕвзӕрдзинадмӕ нӕ, фӕлӕ хорздзинадмӕ тырнут+, цӕмӕй цӕрат+. Ӕмӕ уӕд, куыд дзурут, афтӕ ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн уемӕ“+. 15 Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорздзинад та уарзут+, ӕмӕ горӕты кулдуары раз рӕстдзинадӕн бынат раттут+. Кӕд ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ фӕтӕригъӕд кӕнид+, Иосифы байзӕддӕгтӕй ма чи баззад, уыдонӕн+.
16 Уый тыххӕй афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ, о, Йегъовӕ зӕгъы: „Горӕты фӕзтӕй хъарӕг цӕудзӕн+ ӕмӕ уынгты адӕм дзурдзысты: „Уӕууа! Уӕууа!“ Зӕхкусджытӕм дӕр фӕдзурдзысты, цӕмӕй уыдон дӕр кӕуой+, фӕдзурдзысты дӕсны хъарӕггӕнджытӕм, цӕмӕй семӕ хъарӕг кӕной“+. 17 „Хъарӕг цӕудзӕн сӕнӕфсирдӕттӕй дӕр+, уымӕн ӕмӕ ӕз уе ’хсӕнты ацӕудзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
18 „Додой сӕ къона, Йегъовӕйы бонмӕ чи бӕллы, уыдонӕн!+ Цы уын ӕрхӕсдзӕн Йегъовӕйы бон?+ Уыцы бон рухс бон нӕ уыдзӕн, фӕлӕ уыдзӕн талынг бон+, 19 раст цыма адӕймаг домбайӕ алыгъд, ӕмӕ йӕ размӕ арс фӕци кӕнӕ цыма хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йӕ къухӕй къулыл банцой кодта, ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, афтӕ+. 20 Йегъовӕйы бон рухс бон нӕ, фӕлӕ талынг бон нӕ уыдзӕн? Райдзаст бон нӕ, фӕлӕ саудалынг бон нӕ уыдзӕн?+ 21 Уӕ бӕрӕгбӕттӕй ӕз ме сӕфт уынын, нӕ мӕ хъӕуынц!+ Уӕ сӕрмагонд ӕмбырдты цы нывӕндтӕ ӕрхӕссут, уыдоны тӕф мын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн+. 22 Судзинаг нывӕндтӕ мын куы ’рхӕссат+, уӕд уыдонӕй дӕр мӕ зӕрдӕ нӕ барухс уыдзӕн+. Фарны нывӕндтӕн цы хӕрзхаст фос ӕрхӕссат, уыдонмӕ кӕсгӕ дӕр нӕ бакӕндзынӕн+. 23 Уӕ зарджыты хъӕлӕба ӕмӕ уын уӕ хъисфӕндырты рӕсугъд цагъд куыннӕуал хъусон+. 24 Уадз ӕмӕ раст тӕрхон донау кӕла+, ӕмӕ рӕстдзинад – чи никуы бахус вӕййы, ахӕм цӕугӕдонау+. 25 Израилы адӕм, зӕгъут-ма, цыппор азы дӕргъы мын ӕдзӕрӕг быдыры нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгтӕ хастат?+ 26 Сымах хӕсдзыстут уӕ паддзах+ Сиккуфы ӕмӕ Кайваны, уӕ гуымирыты, уӕхицӕн кӕй сарӕзтат, уыцы стъалы-хуыцӕутты+. 27 Ӕмӕ уӕ ӕз уӕ зӕххӕй Дамаскы фалӕмӕ хауӕггаг фӕкӕндзынӕн“+,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы Хуыцау»+.