1 Петры
3 Афтӕ+ сымах дӕр, устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут+, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу+, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы+ фӕрцы суой коммӕгӕс+, 2 хӕдӕфсарм кӕй стут+ ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ. 3 Уӕ фидауц дзыккуты быд+, сызгъӕринтӕ+ кӕнӕ уӕлӕдарӕс ма уӕд, 4 фӕлӕ, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый*+ – Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды+ ӕнӕсӕфгӕ рӕсугъд дарӕс+. 5 Раздӕры заманты дӕр, йӕ ныфс Хуыцауыл чи дардта, уыцы иузӕрдион* сылгоймӕгтӕн сӕ фидауц уыд, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уый. 6 Афтӕ Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс ӕмӕ йӕ хуыдта йӕ сӕрыхицау+. Ӕмӕ кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ аразут ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсут+, уӕд стут Саррӕйы сывӕллӕттӕ.
7 Афтӕ сымах дӕр, лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут+, ӕмбарут сӕ+, афтӕмӕй*. Сылгоймаг лӕмӕгъдӕр* кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут+, уымӕн ӕмӕ сымах дӕр уыдонимӕ райсдзыстут+ Хуыцауы стыр хорзӕх – цард. Науӕд уын Хуыцау уӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн+.
8 Уӕдӕ иууылдӕр ут иу зондыл хӕст+, иннӕты рыст уӕм хъарӕд, ӕфсымӕрты уарзут, кӕрӕдзийы зын ӕмбарут+, ут сӕрныллӕг+, 9 ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут+ ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут+, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут*+, уымӕн ӕмӕ хуынд дӕр уымӕ ӕрцыдыстут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уын хай уыдзӕн хорздзинӕдтӕй.
10 «Цард чи уарзы ӕмӕ амондджынӕй цӕрын кӕй фӕнды+, уый йӕхи уромӕд+, йӕ дзыхӕй ӕвзӕрдзинад куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йе ’взагыл мӕнг ныхас куыд нӕ уа+. 11 Йӕхи хизӕд ӕвзӕрдзинадӕй+ ӕмӕ аразӕд хорздзинад, архайӕд иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырнӕд+. 12 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы цӕстытӕ+ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм+. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ* сӕ ныхмӕ у»+.
13 Уӕвгӕ, хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын ӕвзӕрӕй чи цы ракӕндзӕн?+ 14 Фӕлӕ уӕ кӕд рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕуа, уӕддӕр амондджын уыдзыстут+. Иннӕтӕ цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй та ма тӕрсут+, стӕй ма тыхсут+. 15 Уӕ зӕрдӕты Чырыстийы нымайут+ Хицауыл ӕмӕ кады аккагыл* ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ+. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй+ ӕмӕ уӕзданӕй.
16 Уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд+, цӕмӕй, уӕ ныхмӕ цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр, уӕ ныхмӕ чи дзуры, уыдонмӕ худинаг ӕркӕса+, уӕ хорз чырыстон уаг ӕмӕ ӕгъдау уынгӕйӕ+. 17 Кӕд Хуыцау бауадза, цӕмӕй хорз хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарат+, уӕд ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарут хъизӕмӕрттӕ+. 18 Чырысти дӕр ӕрмӕстдӕр иу хатт* амард тӕригъӕдты тыххӕй+ – рӕстгӕнӕг фыдгӕнджыты тыххӕй+,– цӕмӕй уӕ Хуыцаумӕ ӕркӕна+. Адӕймаг уӕвгӕйӕ* йӕ амардтой+, фӕлӕ райгас уӕларвон буары*+. 19 Гъемӕ ацыд ӕмӕ хъусын кодта*, ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн+, 20 кӕддӕр, Нойы рӕстӕджы, Хуыцаумӕ чи нӕ байхъуыста, уыдонӕн+. Уӕд Хуыцау фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст+, цалынмӕ нау* арӕзт ӕрцыдаид+, уӕдмӕ. Уыцы нау цалдӕр адӕймаджы, бӕлвырдӕй та аст уды*, рахаста доны сӕрты, ӕмӕ аирвӕзтысты+.
21 Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны+, Йесо Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы+. Донаргъуыд буары чъизитӕ ӕрӕхсын нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй кӕй курут, цӕмӕй уын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом+ уа, уый. 22 Йесо ссыд уӕларвмӕ ӕмӕ ныр ис Хуыцауы рахиз фарс+, ӕмӕ йын Хуыцау йӕ дӕлбар бакодта зӕдты+, хицӕутты ӕмӕ барджынты+.