Иов
3 О, фӕлӕ сымахау ӕз дӕр ӕнӕзонд нӕ дӕн+,
Сымахӕй ӕвзӕрдӕр нӕ дӕн+.
Ӕмӕ, цы дзурут, уыдӕттӕ чи нӕ зоны?
4 Мӕ хионӕн хъазӕнхъул сдӕн+.
Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй мӕ фехъуса+.
Раст, ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг хъазӕнхъул сси.
6 Иннӕты чи стигъы, уыдон сӕ цатырты ӕнӕмастӕй цӕрынц+.
Хуыцауы маст кӕмӕ ссудзы, уыдон сты ӕдас,
Йӕ хуыцауы йӕ къухы чи хӕссы, уый куыд ӕдас у, афтӕ+.
7 Фӕлӕ-ма, дӕ хорзӕхӕй, бафӕрс хӕдзарон фосы, ӕмӕ дын ӕй уыдон бацамондзысты+.
Бафӕрс уӕларвон мӕргъты, ӕмӕ дын ӕй уыдон радзурдзысты+.
8 Науӕд дӕ хъус ӕрдар зӕхмӕ, ӕмӕ дын ӕй уый бацамондзӕн+
Ӕмӕ дын ӕй денджызы кӕсӕгтӕ+ рахабар кӕндзысты.
9 Уыдонӕй йӕ чи нӕ зоны,
Ӕппӕт уыдӕттӕ Йегъовӕйы къух кӕй сарӕзта?+
10 Йӕ къухы сты, удӕгас чидӕриддӕр у, уыдоны удтӕ+,
Алы адӕймаджы царды тых дӕр+.
12 Ау, зонд зӕрӕдтӕм нӕй?+
Ӕмӕ ӕмбарындзинад, бирӕ чи фӕцард, уыдонмӕ?
14 Уый иугӕр ныппырх кодта, уӕд ӕй ничиуал сараздзӕн+.
Иугӕр сӕхгӕдта, уӕд ӕй иу адӕймаг дӕр нал байгом кӕндзӕн+.
16 Уымӕ ис хъару ӕмӕ куырыхон зонд+.
Чи рӕдийы, уый дӕр ӕмӕ, иннӕты чи рӕдийын кӕны, уый дӕр йӕ къухы ис+.
17 Уынаффӕгӕнджыты бӕгъӕввадӕй ацӕуын кӕны+,
Тӕрхонгӕнджытӕн сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кӕны.
18 Паддзӕхтӕ цы рӕхыстӕй сбӕттынц, уыдон суӕгъд кӕны+
Ӕмӕ сын сӕ астӕутыл рон ӕрбабӕтты.
19 Сауджынты бӕгъӕввадӕй ацӕуын кӕны+
Ӕмӕ, сӕ бынӕтты фидар чи бады, уыдоны раппары+.
20 Ӕууӕнкджын чи у, уыдонӕн сӕ ныхас байсы,
Зӕрӕдты сӕ зондӕй ӕнӕхай фӕкӕны.
21 Кадджын адӕмы фӕхудинаг кӕны+,
Тыхджынтӕн сӕ рӕттӕ суӕгъд кӕны.
22 Талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ раргом кӕны+,
Саудалынджы цы ис, уый хурмӕ рахӕссы.
23 Уый адӕмты скӕны тыхджын, цӕмӕй сӕ фесафа+.
Адӕмты сбирӕ кӕны, цӕмӕй сӕ сӕ бынатӕй акӕна.
24 Адӕмы хистӕртӕн сӕ зонд байсы,
Цӕмӕй ӕдзӕрӕг ран, фӕндаг кӕм нӕй, уым рахау-бахау кӕной+.