Ӕмбисӕндтӕ
9 Ӕцӕг зонд+ йӕхицӕн сарӕзта хӕдзар+. Скодта йын йӕ авд цӕджындзы. 2 Кусӕрттӕгтӕ аргӕвдын кодта, йӕ сӕн фӕкарздӕр кодта ӕмӕ фынгтӕ ӕрӕвӕрдта+. 3 Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты арвыста, цӕмӕй горӕты бӕрзонд рӕттӕй фехъусын кӕной: 4 «Ӕвӕлтӕрд чи у, уый ардӕм рацӕуӕд»+. Ӕмӕ, ӕнӕзонд чи у*+, уыдонӕн дӕр загъта: 5 «Рацӕут, фенут мын мӕ конд дзулӕй ӕмӕ мӕ карз сӕнӕй+. 6 Ӕвӕлтӕрд чи у, уыдоны ныууадзут, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрат+. Ӕмӕ ӕмбарындзинады фӕндагыл размӕ цӕут»+.
7 Иннӕтыл чи худы, ахӕмӕн зонд чи амоны, уый йӕхи ӕгад кӕны+, ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн уайдзӕф чи кӕны, уый йӕхи худинаг кӕны+. 8 Иннӕтыл чи худы, ахӕмӕн ма бауайдзӕф кӕн – йе сӕфт дӕ фендзӕн+. Зондджын адӕймагӕн бауайдзӕф кӕн, ӕмӕ дӕ уарздзӕни+. 9 Зондджынӕн зонд бацамон, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн+. Рӕстгӕнӕгӕн зонындзинӕдтӕй бахай кӕн, ӕмӕ ноджы фылдӕр базондзӕн.
10 Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн+, ӕмӕ Сыгъдӕг Хуыцауы зонын – ӕцӕг ӕмбарындзинад+. 11 Мӕ фӕрцы дӕ царды бонтӕ уыдзысты бирӕ+ ӕмӕ дӕ царды азтыл бафтдзӕн+. 12 Кӕд зондджын сдӕ, уӕд дӕхи пайдайӕн сдӕ зондджын+. Ӕмӕ кӕд искӕуыл худыс, уӕд дӕр дӕхицӕн уыдзӕн ӕвзӕр, ӕрмӕстдӕр дӕхицӕн+.
13 Ӕнӕзонд сылгоймаг у ӕнӕуаг+. Йӕ зонд у цыбыр, ӕппындӕр ницы ’мбары+. 14 Йӕ хӕдзары къӕсӕрыл, горӕты бӕрзонд ран, бандоныл сбадт+ 15 ӕмӕ, йӕ рӕзты чи цӕуы, йӕ фӕндаг ууылты кӕмӕн у, уыдонӕн дзуры+: 16 «Ӕвӕлтӕрд чи у, уый ардӕм рацӕуӕд»+. Ӕмӕ, ӕнӕзонд чи у*+, уымӕн дӕр загъта: 17 «Давӕггаг дон адджын у+, сусӕгӕй цы дзул бахӕрай, уый хӕрзад у»+. 18 Уый та йӕ нӕ зоны, уым, мард чи у, уыдон кӕй сты, ӕмӕ мидӕмӕ кӕй бакодта, уыдон кӕй сты ингӕны* арфы+.