Исай
33 Додой дӕ къона, иннӕты чи стигъы,– дӕхи та дын ничи стигъы, иннӕтыл гадзрахатӕй чи цӕуы,– дӕхиуыл та дын гадзрахатӕй ничи цӕуы!+ Иннӕты куы бастигъай, уӕд дын дӕхи дӕр бастигъдзысты+. Иннӕтыл гадзрахатӕй куы рацӕуай, уӕд дын дӕхиуыл дӕр гадзрахатӕй рацӕудзысты+.
2 О Йегъовӕ, фӕтӕригъӕд нын кӕн+. Дӕуыл дарӕм нӕ ныфс+. Алы райсом+ дӕр нын дӕ цонджы хъаруйӕ ӕххуыс кӕн+, зын сахат у нӕ ирвӕзынгӕнӕг+. 3 Дӕ нӕргӕ хъӕлӕсӕй-иу адӕмыхӕттытӕ фӕлыгъдысты+. Куы-иу сыстадтӕ, уӕд-иу адӕмтӕ алырдӕмты ныххӕлиу сты+. 4 Уӕ къухы цы бафта+, уый уын фӕхӕсдзысты, хъӕндилтӕ* хӕринаг куыд фӕхӕссынц, афтӕ. Мӕтыхтӕ адӕймагыл сӕхи куыд ныццӕвынц, афтӕ йыл сӕхи ныццӕвдзысты+. 5 Йегъовӕ сбӕрзонд уыдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уый цӕры бӕрзондыл+. Сион раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадӕй байдзаг кӕндзӕн+. 6 Уыцы рӕстӕг иузӕрдиондзинад ӕрхӕсдзӕн стыр ирвӕзындзинад+ – ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзысты зонд, зонындзинӕдтӕ+ ӕмӕ Йегъовӕйӕ тӕрсын+. Уыдон сты хӕзна, кӕмӕ сты, уымӕн.
7 Сӕ хъайтартӕ уынджы хъӕр кӕнынц. Сӕ фарны минӕвӕрттӕ+ ӕрдиаг кӕндзысты. 8 Стыр фӕндӕгтыл змӕлӕг нал ис+, фӕндӕгтыл никӕйуал фендзынӕ+. Знаг бадзырд фехӕлдта+, горӕттӕ йӕм нымады дӕр не сты+, зӕххон адӕймаджы ницӕуыл нымайы+. 9 Зӕхх хъыг кӕны, бынтондӕр бахус+. Ливан фефсӕрмы+, баруад. Сарон+ фестад хус бӕстӕ, Васан ӕмӕ Кармилӕн сӕ сыфтӕр згъӕлы+.
10 «Ныр ӕз сыстдзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ныр ӕз мӕхи скадджын кӕндзынӕн+, ныр мӕхи сбӕрзонд кӕндзынӕн+. 11 Сымахӕн уӕ хуылфы ис хус кӕрдӕг+ ӕмӕ уын райгуырдзӕн хъӕмп. Уӕхи зонд уӕ артау+ аныхъуырдзӕн+. 12 Адӕмтӕ суыдзысты сыгъд чъыры хуызӕн. Кӕй слыг кодтой, ахӕм сындзытау сыл арт бандзардзысты+. 13 Дард чи у, уыцы адӕм, байхъусут, цы саразынмӕ хъавын, уымӕ!+ Базонут мын мӕ хъомысы тыххӕй, хӕстӕг чи у, уыдон!+ 14 Сионыл чи ис, уыцы тӕригъӕдджынты тас бацыд+, Хуыцауы чи ныууагъта, уыдон фыртӕссӕй барызтысты+ ӕмӕ дзурынц: „Махӕй кӕмӕн у йӕ бон, ӕмӕ, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арты раз цӕра?+ Кӕмӕн у йӕ бон, ӕмӕ цӕра, чи нӕ хуыссы, ахӕм стыр арты раз?“+
15 Алкӕддӕр рӕстӕй чи цӕры+ ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый чи дзуры+, хинӕй йӕхицӕн хъӕздыгдзинӕдтӕ чи не скӕны+, йӕ къухтӕ гӕртӕмттӕ кӕмӕн нӕ исынц+, йӕ хъустӕ чи сӕхгӕны, цӕмӕй, искӕй туг ныккалынвӕнд куыд кӕнынц, уымӕ ма хъуса, ӕмӕ йӕ цӕстытӕ чи бацъынд кӕны, цӕмӕй ӕвзӕрдзинад ма уына+, 16 уый цӕрдзӕн бӕрзонд хохыл+. Ссӕуӕн кӕдӕм нӕй, уыцы бӕрзонд къӕдзӕхтӕ йӕ хъахъхъӕндзысты+. Нӕ уыдзӕн къӕбӕрцух+, йӕ дон никуы фӕуыдзӕн»+.
17 Дӕ цӕстытӕ фендзысты дӕ рӕсугъд паддзахы+, дӕ цӕстыты раз уыдзӕн дард бӕстӕ+. 18 Дӕ зӕрдӕ сабыр хъӕлӕсӕй дзурдзӕн+, адӕймаг-иу кӕмӕй барызт, уыцы хабары тыххӕй: «Кӕм ис писыр? Кӕм ис, хъалон чи фиды, уый?+ Кӕм ис, мӕсгуытӕ чи нымайы, уый?»+ 19 Нал фендзынӕ налат адӕмы, йе ’взаг зынӕмбарӕн кӕмӕн у, кӕй не ’мбарыс, ахӕм ӕнахуыр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмы+. 20 Акӕс-ма Сионмӕ+, нӕ бӕрӕгбӕттӕ кӕм вӕййынц, уыцы горӕтмӕ!+ Дӕхи цӕстӕй фендзынӕ Иерусалим, сабыр цӕрӕнбынат, кӕй нал сисдзысты, уыцы цатыр+. Йӕ къӕбӕлтӕ йын никуы сласдзысты, йӕ бӕттӕнтӕй иу дӕр нӕ атондзӕн+. 21 Уым нӕ Йегъовӕ, Хъомысджын Хуыцау+, хъахъхъӕндзӕн цӕугӕдӕттау+ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттау. Уыдоныл нӕ ацӕудзӕн наутӕ, нӕ сыл ацӕудзӕн иу стыр нау дӕр. 22 Йегъовӕ у нӕ Тӕрхонгӕнӕг+, Йегъовӕ у нӕ Закъонӕвӕрӕг+, Йегъовӕ у нӕ Паддзах+. Уый нӕ фервӕзын кӕндзӕн+.
23 Бӕндӕнтӕ суӕгъд уыдзысты, наупӕлӕзы хъӕд нал уромдзысты ӕмӕ наупӕлӕз нал байгом уыдзӕн.
Уыцы рӕстӕг, знӕгтӕй цы бирӕ мулк байсой, уый дих кӕндзысты, ӕмӕ къуылыхтӕм дӕр ӕрхаудзӕн стыр хай+. 24 Ӕмӕ уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: «Ӕз рынчын дӕн»+. Уыцы зӕххыл чи цӕра, уыцы адӕмӕн сӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕудзӕн+.