1 Самуилы
7 Кириаф-Иаримы+ цӕрджытӕ ӕрцыдысты, ахастой Йегъовӕйы бадзырды чырын ӕмӕ йӕ бахастой, къуыппыл чи цард, уыцы Аминадавы+ хӕдзармӕ. Йӕ фырт Елеазары та йын ссыгъдӕг кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын хъахъхъӕдтаид.
2 Бадзырды чырын Кириаф-Иариммӕ куы ’рхастой, уӕдӕй рацыд бирӕ рӕстӕг, дыууын азы, ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, кӕугӕйӕ, се ’ргом раздӕхтой Йегъовӕмӕ+. 3 Уӕд Самуил Израилы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Кӕд уӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕнды Йегъовӕмӕ раздӕхын+, уӕд фесафут, цыдӕриддӕр уӕм ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ис, уыдон+, стӕй Астартӕйы нывтӕ дӕр+, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ раздахут Йегъовӕмӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнут+. Ӕмӕ уӕ уый фервӕзын кӕндзӕн филистимӕгты къухӕй»+. 4 Уӕд Израилы фырттӕ Ваалты+ ӕмӕ Астартӕты+ фесӕфтой ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн райдыдтой лӕггад кӕнын.
5 Уӕд Самуил загъта: «Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр+ Массифӕмӕ+ ӕрӕмбырд кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕмӕ сымах тыххӕй скувон»+. 6 Гъемӕ уыдон дӕр Массифӕйы ӕрӕмбырд сты, райдыдтой дон исын ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз калын. Ӕмӕ уыцы бон ком дардтой+ӕмӕ дзырдтой: «Мах Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ракодтам»+. Ӕмӕ Самуил Израилы фырттӕн Массифӕйы тӕрхон кӕнын+ райдыдта.
7 Филистимӕгтӕ фехъуыстой, Израилы фырттӕ Массифӕйы кӕй ӕрӕмбырд сты, уый, ӕмӕ филистимӕгты цӕдисон паддзӕхтӕ+ Израилы ныхмӕ рацыдысты. Израилы фырттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты+. 8 Ӕмӕ Самуилӕн загътой: «Хъусӕй ма лӕуу, кув нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ ӕмӕ дзы ӕххуыс кур+, цӕмӕй нӕ филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна». 9 Уӕд Самуил ракодта дӕйгӕ уӕрыкк ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн ӕрхаста+. Самуил Йегъовӕмӕ скуывта, Израилӕн баххуыс кӕн, зӕгъгӕ+, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста+. 10 Самуил судзинаг нывонд куы хаста, уӕд филистимӕгтӕ израилӕгтӕм хӕстӕг бацыдысты, цӕмӕй семӕ схӕцыдаиккой. Фӕлӕ уыцы бон Йегъовӕ арв тынг ныггыбар-гыбур кӕнын кодта+, ӕмӕ филистимӕгтӕ кӕрӕдзи мидӕг ауадысты+, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныппырх кодтой+. 11 Уӕд израилӕгтӕ Массифӕйӕ рацыдысты, филистимӕгты фӕстейӕ асырдтой ӕмӕ сӕ суанг Вефхоры хуссары онг цӕгъдгӕ цыдысты. 12 Уӕд Самуил Массифӕ ӕмӕ Йешанӕйы ’хсӕн сӕвӕрдта дур+ ӕмӕ йӕ схуыдта Авен-Езер. Ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ нын ныр дӕр раздӕрау баххуыс кодта»+. 13 Афтӕ филистимӕгты басастой, ӕмӕ филистимӕгтӕ Израилы зӕххытӕм никуыуал бабырстой+. Йегъовӕйы къух сӕ ныхмӕ уыди, цалынмӕ Самуил удӕгас уыд, уӕдмӕ+. 14 Филистимӕгтӕ Израилӕй цы горӕттӕ байстой, Екронӕй Гефы онг, уыдон Израил фӕстӕмӕ йӕхи бакодта. Ӕмӕ уыцы горӕтты алыварс цы зӕххытӕ уыд, уыдон дӕр Израил филистимӕгты къухӕй ссӕрибар кодта.
Сабырдзинад скодта Израил ӕмӕ аморейты ’хсӕн дӕр+.
15 Самуил Израилы адӕмӕн тӕрхон кодта йе ’ппӕт царды бонты+. 16 Афӕдзӕй-афӕдзмӕ зылди Вефил+, Галгал+ ӕмӕ Массифӕйыл+ ӕмӕ уыцы горӕтты Израилы+ адӕмӕн тӕрхон кодта. 17 Стӕй-иу ӕрыздӕхт Рамӕмӕ+, йӕ хӕдзар кӕм уыд, уырдӕм, ӕмӕ уым дӕр тӕрхон кодта Израилы адӕмӕн. Уым Самуил Йегъовӕйӕн сарӕзта нывондхӕссӕн+.