Оси
12 «Ефрем йӕхи дымгӕйӕ ӕфсады+, бон-изӕрмӕ скӕсӕйнаг дымгӕ фӕстейӕ суры+. Сайын ӕмӕ стигъыны куыст йеддӕмӕ ницы кӕны+. Ассириимӕ бадзырд скодта+ ӕмӕ Египетмӕ сой ласы.
2 Йегъовӕ тӕрхон кӕны Иудӕйӕн+. Иаковӕй йӕ фӕндӕгты тыххӕй дзуапп ӕрдомдзӕн+, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын цы ’мбӕлы, уый йын бакӕндзӕн+. 3 Иаков ма йе ’фсымӕримӕ гуыбыны куы уыд, уӕд ын йӕ зӕвӕтыл ныххӕцыд+. Уый фӕстӕ та ӕппӕт хъарутӕй Хуыцауимӕ хӕцыд+. 4 Зӕдимӕ хӕцыд ӕмӕ йыл ӕппынфӕстаг фӕтых+. Куыдта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта, раарфӕ мын кӕн, зӕгъгӕ»+.
Хуыцау ӕй ссардта Вефилы+, ӕмӕ уым райдыдта немӕ ныхас кӕнын+. 5 Уый у ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ+. Йегъовӕ у йӕ ном, ӕмӕ йӕ уыцы номӕй зондзысты+.
6 «Уӕдӕ раздӕх дӕ Хуыцаумӕ+, ӕнувыд уарзтӕй уарз+, рӕстӕй архай+ ӕмӕ алкӕддӕр дӕ зӕрдӕ дар дӕ Хуыцауыл+. 7 Уӕйгӕнӕджы къухы ис, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕн къустӕ+, сайын тынг уарзы+. 8 Ефрем дзуры: „Схъӕздыг дӕн+, мӕхицӕн хӕзнатӕ ссардтон+. Ӕмӕ мын мӕ фыдӕбоны ахӕм рӕдыд ничи ссардзӕн, цӕмӕй йӕ стыр тӕригъӕдыл банымайӕн уа“+.
9 Фӕлӕ ӕз дӕн Йегъовӕ, Египеты зӕххыл ма куы уыдтӕ, уӕдӕй нырмӕ ӕз дӕн дӕ Хуыцау+. Бӕрӕгбоны рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ та дӕ ногӕй цатырты ӕрцӕрын кӕндзынӕн. 10 Ӕз пехуымпартӕн дзырдтон+, бирӕ цӕстылуайӕнтӕ сын равдыстон ӕмӕ-иу пехуымпарты уылты фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдтон+.
11 Галаады кӕлӕнтӕ кӕнынц+ ӕмӕ мӕнгдзинадӕй цӕрынц+. Галаады нывондӕн хӕссынц галтӕ+, сӕ нывондхӕссӕнтӕ та сты, конд хуымы цы дурты цӕнд вӕййы, уый хуызӕн+. 12 Иаков Сирийы быдыртӕм алыгъд+, Израил+ йӕ усы тыххӕй ӕххуырсты куыст кодта+, йӕ усы тыххӕй фыстӕ хызта+. 13 Йегъовӕ пехуымпары фӕрцы Израилы Египетӕй ракодта+ ӕмӕ йӕ пехуымпары фӕрцы хъахъхъӕдта+. 14 Ефрем Хуыцауы тынг бафхӕрдта+. Цы туг ныккалдта, уый йӕ уӕлӕ ис+, ӕмӕ дзы йӕ Хицау дзуапп ӕрдомдзӕн, кӕй йӕ фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй»+.