Иоил
1 Йегъовӕ Вафуилы фырт Иоилы уылты загъта+:
2 «Байхъусут, хистӕр лӕгтӕ. Уӕ хъус ӕрдарут, ацы зӕххыл цӕрӕг адӕм уе ’ппӕт дӕр+. Уӕ рӕстӕджы кӕнӕ уӕ фыдӕлты рӕстӕджы искуы ахӕм хабар ӕрцыд?+ 3 Радзурут ӕй уӕ фырттӕн, уӕ фырттӕ та йӕ радзурӕнт сӕ фырттӕн, ӕмӕ уыдоны фырттӕ та – иннӕ фӕлтӕрӕн+. 4 Къуыдыркалмы фӕстӕ цы баззад, уый мӕтыхтӕ бахордтой+, мӕтыхты фӕстӕ цы баззад, уый лӕппын мӕтыхтӕ бахордтой, лӕппын мӕтыхты фӕстӕ ма цы баззад, уый та хъӕндилтӕ* бахордтой+.
5 Райхъал ут, расыггӕнджытӕ+, ӕмӕ кӕут. Сӕн чи уарзы, уе ’ппӕт дӕр ӕрдиаг кӕнут+, уымӕн ӕмӕ уын адджын сӕн+ уӕ дзыхӕй байстой+. 6 Кӕут, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕхмӕ ӕрбабырста, нымӕц дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм тыхджын адӕм+. Сӕ дӕндӕгтӕ сты домбайы дӕндӕгтӕ+, се ’фсӕртӕ дӕр – домбайы ӕфсӕртӕ. 7 Мӕ сӕнӕфсирбӕлас мын бабын кодтой+ ӕмӕ ма мын мӕ легъуибӕласӕй афтид бындзӕфхад ныууагътой+. Бастыгътой сӕ, сӕ къалиутыл сын цъар дӕр нал ныууагътой ӕмӕ сӕ аппӕрстой+. 8 Куырдуаты бадӕг чызг йӕ астӕуыл хъисын+ куыд ӕрбакӕны ӕмӕ йӕ мойагыл, йе ’рыгонӕй йӕ цард кӕимӕ хъуамӕ баиу кодтаид, ууыл куыд фӕхъарӕг кӕны, афтӕ хъарӕг кӕнут.
9 Йегъовӕйы хӕдзары хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт+ нал ис. Сауджынтӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ+, маст кӕнынц+. 10 Хуымтӕ фӕхастой+, зӕхх кӕуы+, уымӕн ӕмӕ хор фӕхастой, ног сӕн нал ис+, сой дӕр нал баззад+. 11 Зӕхкусджытӕм худинаг ӕркаст+, уымӕн ӕмӕ мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхор фесӕфтысты. Сӕнӕфсиры куыстгӕнджытӕ дӕр ӕрдиаг кӕнынц. Хуымты тыллӕг фесӕфт+. 12 Сӕнӕфсирбӕлас бахус, суанг легъуибӕлас дӕр баруад. Гранатбӕлас, пальмӕбӕлас ӕмӕ фӕткъуыбӕлас – быдыры бӕлӕстӕ иууылдӕр бахус сты+. Циндзинад фефсӕрмы ӕмӕ адӕймаджы фырттӕй фӕлыгъд+.
13 Уӕ астӕутыл хъисынтӕ ӕрбабӕттут, сауджынтӕ, ӕмӕ уӕ риу хойут+. Ӕрдиаг кӕнут, нывондхӕссӕны раз чи лӕггад кӕны, уыдон+. Мӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, бацӕут ӕмӕ уе ’хсӕв хъисынты арвитут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцауы хӕдзары нал ис хоры кувинаг+ ӕмӕ кувинаг нозт+. 14 Комдарӕн бонтӕ скӕнут+. Фехъусын кӕнут, сӕрмагонд ӕмбырд кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй+. Хистӕр лӕгты ӕмӕ ацы зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр уӕ Хуыцау Йегъовӕйы+ хӕдзармӕ ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сидут+.
15 Ӕллӕх, уыцы бон ӕрцӕуы!+ Йегъовӕйы бон хӕстӕг у!+ Уыцы бон Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау бӕстӕйы ницыуал ныууадздзӕн. 16 Хӕринаг дӕр ӕмӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары цы циндзинад ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад уыдис, уый дӕр нӕ цӕстыты раз не ’рбайсӕфт?+ 17 Хус легъуитӕ фесӕфтысты. Къӕбицтӕ афтидӕй лӕууынц. Къутутӕ ныппырх кодтой, уымӕн ӕмӕ хор бахус. 18 Оххай-гъе, фос цы тӕригъӕддаг уаст кӕнынц! Стуртӕ ӕххормагӕй рахау-бахау кӕнынц! Кӕм хизой, уый сын нал ис+. Фысты дзугтӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ фидынц.
19 О Йегъовӕ, дӕумӕ сиддзынӕн ӕххуысмӕ+, уымӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры хизӕнтӕ арты хай фесты ӕмӕ быдыры бӕлӕстӕ иууылдӕр пиллон арт аныхъуырдта+. 20 Хъӕддаг сырдтӕ дӕр дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц+, уымӕн ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ бахус сты+ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры хизӕнтӕ арты хай фесты».