Нееми
1 Ахалийы фырт Неемийы+ ныхӕстӕ. Дыууынӕм+ азы, кислевы мӕйы+, ӕз уыдтӕн Сузӕйы галуаны+. 2 Уыцы рӕстӕг уырдӕм ӕрцыд Анани+, ме ’фсымӕртӕй сӕ иу, стӕй ма Иудӕйӕ ӕндӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ сӕ ӕз бафарстон+, уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕй+ ма сӕ бӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхт+, уыдонӕй, стӕй Иерусалим цы уавӕры уыд, уымӕй дӕр. 3 Уыдон мын загътой: «Уацары чи уыд, уыцы адӕмӕй ма дӕлбар бӕстӕмӕ*+ чи ӕрыздӕхт, уыдон сты тӕригъӕддаг+ ӕмӕ ӕгады уавӕры+. Иерусалимы къул+ пырхӕй лӕууы, йӕ кулдуӕрттӕ+ та – сыгъд».
4 Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстон, уӕд сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон. Ӕмӕ бирӕ рӕстӕг маст кодтон, ком дардтон+ ӕмӕ уӕлӕрвты Хуыцаумӕ куывтон+. 5 Ӕз загътон: «О Йегъовӕ, уӕлӕрвты Хуыцау, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы стыр Хуыцау! Чи дӕ уарзы+ ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны+, уыдоны тыххӕй ды ӕххӕст кӕныс дӕ бадзырд+ ӕмӕ сын де ’нувыд уарзтӕй хай кӕныс. 6 Курын дӕ, дӕ хъус ӕрдар+ ӕмӕ ӕркӕс – фехъуысӕд дӕм, абон дӕм дӕ цагъар цӕй тыххӕй кувы+, уый. Ӕхсӕвӕй-бонӕй+ дӕм кувын Израилы фыртты тыххӕй, дӕ цагъарты тыххӕй, ӕмӕ дын ӕргом дзурын+, мах, Израилы фырттӕ, дӕ разы цы тӕригъӕдтӕ+ ракодтам, уыдоны тыххӕй. Мах тӕригъӕд ракодтам, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр+. 7 Нӕ фыдхъуыддӕгтӕй дӕ ӕфхӕрдтам+ ӕмӕ, дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн+ цы фӕдзӕхстытӕ+, уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ+ радтай, уыдон не ’ххӕст кодтам.
8 Курын дӕ, ӕрхъуыды кӕн+, дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейӕн цы загътай, уый: „Гадзрахатӕй мыл куы рацӕуат, уӕд уӕ ӕз адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн+. 9 Фӕлӕ мӕм куы раздӕхат+ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытыл куы хӕцат+ ӕмӕ сӕ куы ӕххӕст кӕнат+, уӕд, арвы кӕрон дӕр куы уат, уӕддӕр уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+ ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн+, мӕ номӕн цы бынат равзӕрстон, уыцы бынатмӕ“+. 10 Уыдон дӕ лӕггадгӕнджытӕ+ сты ӕмӕ дӕ адӕм+, де стыр тых+ ӕмӕ сӕ дӕ фидар къухы+ фӕрцы фервӕзын кодтай. 11 О Йегъовӕ, курын дӕ, фехъуысӕд дӕм дӕ цагъары куывд ӕмӕ дӕ цагъарты куывд+, дӕ номӕй+ тӕрсын цины хос кӕмӕн у, уыдоны куывд. Курын дӕ, абон дӕ цагъарӕн раарфӕ кӕн+ ӕмӕ ацы адӕймаджы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй мын фӕтӕригъӕд кӕна»+.
Уыцы рӕстӕг ӕз уыдтӕн паддзахы сӕндар+.