Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Марчы 11
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

Марчы 11:1

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ин 11:18
  • +Мф 21:1; Лк 19:29

Марчы 11:2

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:2; Лк 19:30

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 238 ф.

Марчы 11:3

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:3; Лк 19:31; Ин 13:13

Марчы 11:4

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:6; Лк 19:32

Марчы 11:5

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 19:33

Марчы 11:6

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 19:34

Марчы 11:7

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 1:33; Зх 9:9
  • +Мф 21:7; Ин 12:14

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 238 ф.

Марчы 11:8

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +2Пд 9:13
  • +Ин 12:13
  • +Мф 21:8; Лк 19:36

Марчы 11:9

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Пс 118:25; Мф 21:15
  • +Пс 118:26; Мф 21:9; Лк 19:38; Ин 12:13

Марчы 11:10

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Зх 9:9; Лк 1:32; Хъд 2:29

Марчы 11:11

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:10

Марчы 11:12

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:18

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 240 ф.

Марчы 11:13

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:19

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 240 ф.

Марчы 11:14

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мч 11:20

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 240 ф.

Марчы 11:15

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:12; Лк 19:45; Ин 2:14

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 240 ф.

Марчы 11:17

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +1Пд 8:43; Ис 56:7
  • +Ис 60:7; Зх 2:11
  • +Йер 7:11; Мф 21:13; Лк 19:46; Ин 2:16

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 240 ф.

    «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»,

    1/10/2000, 11 ф.

    «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй». 15 хай, 3 ф.

Марчы 11:18

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мч 14:1; Лк 19:47; 20:19
  • +Мф 21:46; Лк 19:48

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 240 ф.

Марчы 11:20

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:19

Марчы 11:21

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мч 11:14

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 244 ф.

Марчы 11:23

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 17:20; 21:21; Лк 17:6; 1Кр 13:2

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 244 ф.

Марчы 11:24

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 7:7; 18:19; 21:22; Лк 11:9; Ин 14:13; 15:7; 16:24

Марчы 11:25

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 6:14; Еф 4:32; Кл 3:13
  • +Пс 103:12; Мф 6:12

Марчы 11:26

Фиппаинӕгтӕ

  • *

    Кӕс Мф 17:21, фип.

Марчы 11:27

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:23; Лк 20:1

Марчы 11:28

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 20:2

Индекстӕ

  • Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс

    «Йесо Чырысти – фӕндаг», 244 ф.

Марчы 11:29

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 21:24; Лк 20:3

Марчы 11:30

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мч 1:4
  • +Мф 21:25; Лк 20:4

Марчы 11:31

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Лк 20:5

Марчы 11:32

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Мф 3:5; 14:5; 21:26; Мч 6:20; Лк 20:6

Марчы 11:33

Ацы стихимӕ баст стихтӕ

  • +Ӕм 26:4; Мф 7:6; 21:27; Лк 20:8

Стихимӕ баст ӕндӕр стихтӕ

Мар. 11:1Ин 11:18
Мар. 11:1Мф 21:1; Лк 19:29
Мар. 11:2Мф 21:2; Лк 19:30
Мар. 11:3Мф 21:3; Лк 19:31; Ин 13:13
Мар. 11:4Мф 21:6; Лк 19:32
Мар. 11:5Лк 19:33
Мар. 11:6Лк 19:34
Мар. 11:71Пд 1:33; Зх 9:9
Мар. 11:7Мф 21:7; Ин 12:14
Мар. 11:82Пд 9:13
Мар. 11:8Ин 12:13
Мар. 11:8Мф 21:8; Лк 19:36
Мар. 11:9Пс 118:25; Мф 21:15
Мар. 11:9Пс 118:26; Мф 21:9; Лк 19:38; Ин 12:13
Мар. 11:10Зх 9:9; Лк 1:32; Хъд 2:29
Мар. 11:11Мф 21:10
Мар. 11:12Мф 21:18
Мар. 11:13Мф 21:19
Мар. 11:14Мч 11:20
Мар. 11:15Мф 21:12; Лк 19:45; Ин 2:14
Мар. 11:171Пд 8:43; Ис 56:7
Мар. 11:17Ис 60:7; Зх 2:11
Мар. 11:17Йер 7:11; Мф 21:13; Лк 19:46; Ин 2:16
Мар. 11:18Мч 14:1; Лк 19:47; 20:19
Мар. 11:18Мф 21:46; Лк 19:48
Мар. 11:20Мф 21:19
Мар. 11:21Мч 11:14
Мар. 11:23Мф 17:20; 21:21; Лк 17:6; 1Кр 13:2
Мар. 11:24Мф 7:7; 18:19; 21:22; Лк 11:9; Ин 14:13; 15:7; 16:24
Мар. 11:25Мф 6:14; Еф 4:32; Кл 3:13
Мар. 11:25Пс 103:12; Мф 6:12
Мар. 11:27Мф 21:23; Лк 20:1
Мар. 11:28Лк 20:2
Мар. 11:29Мф 21:24; Лк 20:3
Мар. 11:30Мч 1:4
Мар. 11:30Мф 21:25; Лк 20:4
Мар. 11:31Лк 20:5
Мар. 11:32Мф 3:5; 14:5; 21:26; Мч 6:20; Лк 20:6
Мар. 11:33Ӕм 26:4; Мф 7:6; 21:27; Лк 20:8
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
  • 1
  • 2
  • 3
  • 4
  • 5
  • 6
  • 7
  • 8
  • 9
  • 10
  • 11
  • 12
  • 13
  • 14
  • 15
  • 16
  • 17
  • 18
  • 19
  • 20
  • 21
  • 22
  • 23
  • 24
  • 25
  • 26
  • 27
  • 28
  • 29
  • 30
  • 31
  • 32
  • 33
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Марчы 11:1–33

Марчы

11 Оливӕбӕлӕсты хохыл чи ис, уыцы Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ+ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой ӕмӕ сӕ Иерусалиммӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы арвыста+ 2 ӕмӕ сын загъта: «Дӕлӕ разӕй цы хъӕу уынут, уырдӕм ацӕут. Куыддӕр хъӕумӕ бацӕуат, афтӕ дзы ссардзыстут, адӕймаг кӕуыл нӕма бадт, ахӕм къӕлӕу бастӕй. Суӕгъд-иу ӕй кӕнут ӕмӕ-иу ӕй ардӕм ӕрбакӕнут+. 3 Ӕмӕ уӕ, мыййаг, исчи куы фӕрса: „Уый цы ми кӕнут?“, уӕд-иу ын зӕгъут, зӕгъгӕ, Хицауы хъӕуы, стӕй йӕ, зӕгъ, фӕстӕмӕ уайтагъд рарвитдзӕн»+. 4 Гъемӕ уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ иу гыццыл уынджы, фӕндаггӕрон цы хӕдзар уыд, уымӕн йӕ дуары раз ссардтой къӕлӕу бастӕй, ӕмӕ йӕ суӕгъд кодтой+. 5 Фӕлӕ, уым чи лӕууыд, уыдонӕй сын чидӕртӕ загътой: «Цы ми кӕнут? Къӕлӕуы цӕмӕн уӕгъд кӕнут?»+ 6 Ӕмӕ сын уыдон дӕр хъуыддаг, Йесо сын куыддӕриддӕр бацамыдта, афтӕ бамбарын кодтой, ӕмӕ сӕ уӕд рауагътой+.

7 Гъемӕ къӕлӕуы Йесомӕ ӕрбакодтой+, стӕй йыл се ’ддаг дарӕс сӕвӕрдтой, ӕмӕ Йесо къӕлӕуыл сбадт+. 8 Ӕмӕ адӕмӕй бирӕтӕ фӕндагыл тыдтой се ’ддаг дарӕс+, иннӕтӕ та – цъӕх къалиутӕ+, быдырты кӕй ралыг кодтой, уыдон+. 9 Ӕмӕ йӕ разӕй ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «О Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын ӕй кӕн!+ Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!+ 10 Ӕрцӕуы нӕ фыд Давиды паддзахад! Арфӕгонд уӕд!+ О бӕрзондылбадӕг Хуыцау, курӕм дӕ, фервӕзын ӕй кӕн!» 11 Йесо Иерусалиммӕ куы бахӕццӕ, уӕд бацыд кувӕндонмӕ, ӕмӕ дзы алцӕуыл дӕр йӕ цӕст ахаста. Фӕлӕ ӕнафон кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ ацыд Вифанимӕ+.

12 Иннӕ бон Вифанийӕ куы рацыдысты, уӕд Йесо сӕххормаг+. 13 Ӕмӕ дардӕй ауыдта, сыфтӕр чи рафтыдта, ахӕм легъуибӕлас, ӕмӕ уыцырдӕм фӕраст, зӕгъгӕ, цом, фенон, кӕд ыл исты уаид. Фӕлӕ йӕм хӕстӕг куы бацыди, уӕд ыл сыфтӕр йеддӕмӕ ницы ссардта, уымӕн ӕмӕ легъуийы афон нӕма уыд+. 14 Гъемӕ йын уый дӕр загъта: «Дӕ дыргъӕй дын макуыуал мачи бахӕрӕд»+. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та йӕм хъуыстой.

15 Иерусалиммӕ куы ’рцыдысты, уӕд бацыд кувӕндонмӕ ӕмӕ дзы уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй чи уыд, уыдоны ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта се стъӕлттӕ, бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та – сӕ бандӕттӕ+. 16 Стӕй никӕй уагъта, цӕмӕй кувӕндоны уылты истытӕ хастаиккой. 17 Ӕмӕ ма адӕмы ахуыр дӕр кодта ӕмӕ сын дзырдта: «Афтӕ фыст нӕу: „Мӕ хӕдзар мын хондзысты кувӕн хӕдзар+ ӕппӕт адӕмтӕн дӕр“?+ Сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат»+. 18 Уыцы хабӕртты тыххӕй фехъуыстой сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ, ӕмӕ йӕ куыд фесӕфтаиккой, уый фадат агурын райдыдтой+ – тарстысты дзы, уымӕн ӕмӕ, куыд амыдта, уымӕй адӕмы бонӕй-бонмӕ дисы ӕфтыдта+.

19 Ӕмӕ куы баизӕр, уӕд горӕтӕй рацыдысты. 20 Иннӕ бон та райсомӕй раджы, легъуибӕлас кӕм уыд, ууылты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд федтой, бӕлас суанг йӕ рӕбыныл кӕй бахус+. 21 Ӕмӕ уӕд Петрӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уый размӕ бон цы уыди, уый ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Ахуыргӕнӕг, уӕртӕ-ма! Кӕй ралгъыстай, уыцы легъуибӕлас бахус!»+ 22 Йесо та сын загъта: «Ӕууӕндут Хуыцауыл. 23 Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ чи зӕгъа, сыст ӕмӕ денджызы дӕхи баппар, зӕгъгӕ, ӕмӕ дызӕрдыг куы нӕ кӕна, фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уый йӕ куы уырна, уӕд, куыддӕриддӕр загъта, афтӕ уыдзӕн+. 24 Гъе уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: цӕйфӕнды тыххӕй ма куват ӕмӕ цыфӕнды ма курат,– афтӕ йӕ нымайут, цыма уӕ курдиат сӕххӕст, ӕмӕ уын ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст уыдзӕн+. 25 Стӕй куы лӕууат ӕмӕ куы куват, уӕд-иу, хӕрам кӕмӕ уат, уымӕн ныххатыр кӕнут+, цӕмӕй уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр уӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕна»+. 26* ––

27 Ӕмӕ та ногӕй Иерусалиммӕ ӕрцыдысты. Ӕмӕ Йесо кувӕндоныл куы зылд, уӕд ӕм бацыдысты сауджынты хистӕртӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ+ 28 ӕмӕ йӕ бафарстой: «Кӕцӕй дӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар? Ахӕм бар дын чи радта, ӕмӕ афтӕ кӕнай?»+ 29 Йесо сын загъта: «Ӕз дӕр уӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕрсдзынӕн. Кӕд мын дзуапп раттат, уӕд уын ӕй ӕз дӕр зӕгъдзынӕн, кӕцӕй мӕм ис ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар+. 30 Иоанмӕ донаргъуыд+ дӕттыны бар уӕларвӕй уыд ӕви йын ӕй адӕм радтой? Зӕгъут-ма мын ӕй»+. 31 Уыдон кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нын зӕгъдзӕн, ӕмӕ йыл уӕд цӕуылнӕ баууӕндыдыстут, зӕгъгӕ+. 32 Фӕлӕ афтӕ дӕр куыд зӕгъӕм, адӕм ын радтой уыцы бар, зӕгъгӕ?» Уый зӕгъын та адӕмӕй нӕ уӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Иоанны иууылдӕр пехуымпарыл нымадтой+. 33 Ӕмӕ Йесойӕн дзуапп радтой: «Нӕ йӕ зонӕм». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Гъемӕ уын ӕй ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, ацы хъуыддӕгтӕ кӕныны бар мӕм кӕцӕй ис»+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын