2 Азфыстыты
4 Уый фӕстӕ скодта ӕрхуы нывондхӕссӕн+. Йӕ дӕргъ уыди дыууын ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр – дыууын ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та – дӕс ӕлмӕрины+.
2 Уый фӕстӕ ӕрхуы бадон кодта ӕмӕ дзы скодта стыр тымбыл аг, хуынди ӕрхуы денджыз+. Йӕ иу былӕй иннӕ былмӕ уыди дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та уыд фондз ӕлмӕрины. Йӕ фӕрстӕ, барӕн бӕттӕнӕй баргӕйӕ, кӕрӕй-кӕронмӕ уыдысты ӕртын ӕлмӕрины+. 3 Ӕрхуы денджызыл йӕ былтӕй гыццыл дӕлдӕр кӕрӕй-кӕронмӕ дыууӕ рӕнхъӕй скодта хъӕддаг харбызы+ нывтӕ, алы ӕлмӕриныл дӕр – фӕйнӕ дӕс. Уыдон хицӕнӕй конд нӕ уыдысты, фӕлӕ ӕрхуы денджызимӕ уыдысты иумӕ конд+. 4 Денджыз ӕвӕрд уыди дыууадӕс галыл+: ӕртӕ дзы кастысты цӕгатырдӕм, ӕртӕ – ныгуылӕнырдӕм, ӕртӕ – хуссарырдӕм, ӕртӕ та – скӕсӕнырдӕм. Ӕрхуы денджыз лӕууыд уыдоныл, ӕмӕ дзы алкӕцыйӕн дӕр йӕ чъылдым здӕхт уыд мидӕгырдӕм+. 5 Йӕ фӕрстӕ уыдысты армы бӕзджынӕн, йӕ былтӕ та конд уыдысты, къусы былтӕ куыд конд вӕййынц, афтӕ, лилийы дидинӕджы хуызӕн+. Ӕрхуы денджызы цыди+ ӕртӕ мин дурыны*+ дон.
6 Ноджыдӕр ма скодта дӕс аджы, ӕмӕ дзы фондз сӕвӕрдта рахизырдыгӕй, фондз та – галиуырдыгӕй+. Уыцы ӕгты ӕхсадтой+, судзинаг нывондӕн+ цы хастой, уыдон. Ӕрхуы денджызы дон та уыди сауджынтӕн, цӕмӕй дзы сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ӕхсадтаиккой+.
7 Уый фӕстӕ сызгъӕринӕй скодта дӕс ӕмхуызон+ цырагъдарӕны+ ӕмӕ сӕ сӕвӕрдта кувӕндоны: фондз – рахизырдыгӕй, фондз та – галиуырдыгӕй+.
8 Стӕй скодта дӕс стъолы, ӕмӕ уыдон дӕр кувӕндоны сӕвӕрдта: фондз – рахизырдыгӕй, фондз та – галиуырдыгӕй+. Скодта ма сӕдӕ сызгъӕрин къусы дӕр.
9 Уый фӕстӕ скодта сауджынты+ кӕрт+, стӕй стыр кӕрт+ ӕмӕ стыр кӕртӕн дуӕрттӕ дӕр, ӕмӕ дуӕрттыл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕрдта. 10 Ӕмӕ ӕрхуы денджыз сӕвӕрдта рахизырдыгӕй, хуссар-скӕсӕнырдыгӕй+.
11 Фӕстагмӕ Хирам скодта мигӕнӕнтӕ фӕныкӕн+, белтӕ+ ӕмӕ къустӕ+.
Уыйадыл Хирам арӕзт фӕци, паддзах Соломоны ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзарӕн цыдӕриддӕр саразын хъуыди, уыдон. 12 Уый скодта дыууӕ цӕджындзы+ ӕмӕ уыцы дыууӕ цӕджындзыл сӕвӕрынӕн – тымбыл сӕртӕ+; дыууӕ хызы+, цӕджындзтыл цы дыууӕ тымбыл сӕры уыд, уыдон срӕсугъд кӕнынӕн; 13 уыцы дыууӕ хызӕн – цыппарсӕдӕ гранаты+, дыууӕ цӕджындзыл цы дыууӕ тымбыл сӕры уыд, уыдон срӕсугъд кӕнынӕн, ӕмӕ уыцы гранаттӕ дыууӕ хызыл дӕр ӕвӕрд уыдысты дыууӕ рӕнхъӕй+; 14 дӕс уӕрдоны+ ӕмӕ уыцы уӕрдӕттыл сӕвӕрынӕн – дӕс аджы+; 15 иу ӕрхуы денджыз+ ӕмӕ йӕ бынмӕ – дыууадӕс галы+; 16 мигӕнӕнтӕ фӕныкӕн, белтӕ+, фыдисӕнтӕ+ ӕмӕ, семӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ уыд, уыдон. Адон иууылдӕр Хирам-Ави+ скодта Йегъовӕйы хӕдзарӕн паддзах Соломоны ныхасмӕ гӕсгӕ. Се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд. 17 Паддзах сӕ арӕзта ӕлыг сыджыты Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйы, Сокхоф+ ӕмӕ Цередӕйы+ ’хсӕн. 18 Соломон ахӕм мигӕнӕнтӕ уыйбӕрц скодта, ӕмӕ сыл цас ӕрхуы ацыд, уый бӕрӕг дӕр не скодтой+.
19 Соломон скодта, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзарӕн цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ хъуыди, уыдон, скодта сызгъӕрин нывондхӕссӕн+ ӕмӕ, нывонд дзултӕ кӕуыл ӕвӕрдтой, уыцы стъӕлттӕ+. 20 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодта цырагъдарӕнтӕ+ ӕмӕ цырагъдарӕнты къустӕ+, цӕмӕй-иу сӕ рӕбинаг уаты+ раз ссыгътаиккой, уый тыххӕй цы уагӕвӕрд уыд, уымӕ гӕсгӕ. 21 Сызгъӕринӕй – ӕппӕты сыгъдӕг сызгъӕринӕй – скодта дидинджытӕ, цырагъдарӕнты къустӕ ӕмӕ ӕртыскӕнтӕ+. 22 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй+ скодта цырагъ хуыссынгӕнӕнтӕ, къустӕ, стӕй нуазӕн къустӕ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ. Афтӕ ма сызгъӕринӕй скодта хӕдзары бахизӕнтӕ+ дӕр, ома Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты мидӕггаг дуӕрттӕ ӕмӕ сӕйраг уаты* дуӕрттӕ+.