Иов
2 Хынджылӕг мӕ кӕнынц+,
Мӕ цӕстытӕ ӕдзух уынынц сӕ хивӕнд митӕ.
4 Ды сын сӕ зӕрдӕ сӕхгӕдтай, ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы ӕмбаргӕдзинад нӕй+.
Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй не сбӕрзонд кӕныс.
5 Ахӕм адӕймаг йе ’мбӕлттӕн дзурдзӕн, цӕмӕй сӕ хай райсой,
Йӕхи фырттӕн та сӕ цӕстытӕ тартӕ кӕнынц+.
7 Мастӕй мӕ цӕстырухс тайы+,
Баззади ма мыл ӕрмӕст царм ӕмӕ стджытӕ.
8 Рӕстзӕрдӕ адӕм уымӕ дисгӕнгӕ кӕсынц.
Ӕнаххос адӕймаг мӕсты кӕны, Хуыцауы чи ныууагъта, уымӕ.
10 Цӕй, ногӕй та дзурын райдайут.
Ӕз уе ’хсӕн иу зондджын адӕймаг дӕр нӕ уынын+.
12 Уыдон бон ӕхсӕвӕй ивынц+, дзурынц:
„Тагъд срухс уыдзӕн“ – фӕлӕ ӕз талынг йеддӕмӕ куы ницы уынын.
15 Уӕдӕ уӕд кӕм ис мӕ ныфс?+
Мӕ ныфс – исчи йӕ уыны?
16 Уый ныххиздзӕн ингӕны кулдуары размӕ,
Мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ мӕ ныфс дӕр сыджыты хай куы бауӕм, уӕд»+.