Псалом
Соломоны тыххӕй.
2 Уадз рӕстӕй ӕвзарӕд дӕ адӕмы хъуыддӕгтӕ+,
Ӕмӕ дӕ адӕмӕй ӕфхӕрд чи у, уыдоны хъуыддӕгтӕ – дӕ тӕрхӕттӕм гӕсгӕ+.
3 Уадз хӕхтӕ ӕмӕ къуыбыртӕ адӕмӕн ӕрхӕссӕнт сабырдзинад+
Рӕстдзинады фӕрцы.
4 Уадз тӕрхон кӕнӕд ӕфхӕрд адӕмӕн+,
Мӕгуыр адӕймаджы фыртты фервӕзын кӕнӕд
Ӕмӕ, иннӕтыл сайдӕй чи цӕуы, уый фесафӕд.
6 Уый ӕрцӕудзӕн, къӕвда карст уыгӕрдӕныл куыд ӕрцӕуы, афтӕ+,
Ӕрцӕудзӕн, зӕхх чи бафсады, ахӕм тӕрккъӕвдайау+.
7 Йӕ рӕстӕджы рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн+,
Ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад, цалынмӕ мӕй уа, уӕдмӕ+.
10 Фарсисы ӕмӕ сакъадӕхты паддзӕхтӕ+
Ӕрцӕудзысты лӕвӕрттимӕ+.
Савӕйы ӕмӕ Севӕйы паддзӕхтӕ
Ӕрхӕсдзысты хуынтӕ+.
12 Уый фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры+,
Ӕфхӕрд адӕймаджы ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, уыдоны+.
14 Сӕ уд сын фервӕзын кӕндзӕн ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ,
Сӕ туг йӕ цӕсты уыдзӕн зынаргъ+.
15 Бирӕ цӕрӕд+ ӕмӕ йын Савӕйӕ сызгъӕрин ӕрхӕссӕнт+.
Ӕдзух уый тыххӕй кувӕнт.
Ӕнӕхъӕн бон ын арфӕ кӕнӕнт+.
16 Зӕххыл хор уыдзӕн парахат+,
Хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн+.
Паддзахы тыллӕг уыдзӕн Ливаны+ хъӕдау бӕркадджын,
Ӕмӕ горӕтты адӕм сбирӕ уыдзысты, зӕххыл кӕрдӕг куыд бирӕ ис, афтӕ+.
Йӕ номы кад нӕрӕд, цалынмӕ хур уа, уӕдмӕ.
Уый фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕуӕнт адӕм+,
Ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хонӕнт амондджын+.
20 Ууыл фесты Йессейы фырт+ Давиды куывдтытӕ.