Раргомад
9 Фӕндзӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ федтон, арвӕй зӕхмӕ стъалы+ куыд ӕрхауд. Уыцы стъалыйӕн лӕвӕрд ӕрцыд дӕлдзӕхы+ дӕгъӕл+. 2 Стъалы байгом кодта дӕлдзӕх ӕмӕ дзы скалд фӕздӕг+, стыр пецӕй+ фӕздӕг куыд фӕкӕлы, афтӕ, ӕмӕ уыцы фӕздӕгӕй батар сты+ хур ӕмӕ уӕлдӕф. 3 Фӕздӕгӕй зӕхмӕ рацыд мӕтыхтӕ+, ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд, зӕххон скорпионтӕм+ цы тых ис, ахӕм тых. 4 Ӕмӕ сын загъд уыди, цӕмӕй знаггад ма кӕной мадӕр зӕххон зайӕгойтӕн, мадӕр цъӕх кӕрдӕгӕн, мадӕр бӕлӕстӕн, ӕрмӕстдӕр – сӕ ныхтыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд+ кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмӕн.
5 Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыд, цӕмӕй сӕ маргӕ ма кӕной, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы хъизӕмарӕй марой+. Ӕмӕ хъизӕмар кодтой, адӕймагыл скорпион+ куы фӕхӕцы, уӕд куыд фӕхъизӕмар кӕны, афтӕ. 6 Уыцы рӕстӕг адӕм агурдзысты мӕлӕт+, фӕлӕ йӕ нӕ ардзысты, фӕнддзӕн сӕ амӕлын, фӕлӕ сӕ мӕлӕт дард лидздзӕн.
7 Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты+ хуызӕн. Сӕ сӕртыл цыма сызгъӕрин кадыхудтӕ уыд, сӕ цӕсгӕмттӕ та уыдысты адӕймаджы цӕсгӕмтты+ хуызӕн, 8 сӕ сӕрыхъуынтӕ – сылгоймаджы сӕрыхъуынты+ хуызӕн, сӕ дӕндӕгтӕ – домбайы дӕндӕгты+ хуызӕн. 9 Сӕ уӕлӕ уыд риуӕмбӕрзӕнтӕ+, ӕфсӕйнаг риуӕмбӕрзӕнты хуызӕн. Сӕ базырты уынӕр та уыди, бирӕ бӕхтӕ уӕрдӕтты ифтыгъдӕй хӕстмӕ куы фезгъорынц+, уӕд сӕ уӕрдӕттӕ куыд фӕгыбар-гыбур кӕнынц+, раст ахӕм. 10 Сӕ къӕдзилтӕ ӕмӕ фаттӕ уыдысты скорпионты+ къӕдзилтӕ ӕмӕ фатты хуызӕн. Ӕмӕ сӕ къӕдзилты уыди ахӕм тых, цӕмӕй адӕмӕн фондз мӕйы дӕргъы знаггад кӕной. 11 Мӕтыхтӕн уыд паддзах – дӕлдзӕхы зӕд+. Дзуттагау йӕ ном у Аваддон*, йӕ грекъаг ном та – Аполлион*+.
12 Иу додойаг хабар аивгъуыдта. Ӕмӕ ма мӕнӕ йӕ фӕстӕ ӕрбацӕуы ноджыдӕр дыууӕ+.
13 Ӕхсӕзӕм зӕд+ йӕ уадындзӕй ныууасыд+. Ӕмӕ Хуыцауы раз цы сызгъӕрин нывондхӕссӕн+ ис, уымӕн йӕ сыкъатӕй райхъуыст хъӕлӕс+ 14 ӕмӕ, ӕхсӕзӕм уадындз кӕмӕ уыди, уыцы зӕдӕн загъта: «Стыр цӕугӕдон Евфраты+ цур баст+ чи у, уыцы цыппар зӕды+ суӕгъд кӕн». 15 Ӕмӕ уыцы сахат ӕмӕ бонмӕ, мӕй ӕмӕ азмӕ кӕй ӕрцӕттӕ кодтой, уыцы цыппар зӕды уагъд ӕрцыдысты, цӕмӕй адӕмӕн се ’ртыккаг хай амардтаиккой.
16 Ӕз фехъуыстон бӕхджын ӕфсады нымӕц – дыууӕсӕдӕ милуаны. 17 Цӕстылуайӕны бӕхтӕ ӕмӕ барджыты федтон ахӕмтӕй: барджытыл уыди сырх-сырхид, ӕрвхуыз ӕмӕ сондонау бур згъӕрхӕдӕттӕ; бӕхты сӕртӕ уыдысты домбӕйтты+ сӕрты хуызӕн, ӕмӕ сӕ дзыхтӕй цыди арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон+. 18 Уыцы ӕртӕ бӕллӕхӕй – сӕ дзыхтӕй цы арт, фӕздӕг ӕмӕ сондон цыди, уыдонӕй,– амарди адӕмӕн се ’ртыккаг хай. 19 Уымӕн ӕмӕ бӕхтӕн сӕ тых уыди сӕ дзыхты ӕмӕ сӕ къӕдзилты. Сӕ къӕдзилтӕ та уыдысты кӕлмыты+ хуызӕн, уыди сын сӕртӕ, ӕмӕ уыдонӕй знаггад кодтой.
20 Уыцы бӕллӕхтӕй чи нӕ амард, уыцы адӕм та сӕ митыл не ’рфӕсмон кодтой+ ӕмӕ нӕ ныууагътой хӕйрӕджытӕн кувын+ ӕмӕ сӕхи къухӕй конд мӕнгхуыцӕуттӕн табу кӕнын – нӕдӕр уынгӕ, нӕдӕр хъусгӕ, нӕдӕр цӕугӕ чи кӕны+, уыцы сызгъӕрин, ӕвзист+, ӕрхуы, дур ӕмӕ хъӕдӕй арӕзт мӕнгхуыцӕуттӕн. 21 Не ’рфӕсмон кодтой, адӕмы кӕй марынц+, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕй кӕнынц+, кӕй хӕтынц ӕмӕ кӕй давынц, ууыл.