Псалом
Давиды куывд.
17 Раст цы у, уымӕ байхъус, о Йегъовӕ, фехъус мын мӕ дзыназын+.
Мӕ куывдмӕ мын дӕ хъус ӕрдар, ме ’взагыл хиндзинад нӕй+.
3 Ды мын ныккастӕ мӕ зӕрдӕмӕ, ӕхсӕвыгон мӕ басгӕрстай+,
Ссыгъдӕг мӕ кодтай. Ды фендзынӕ, мӕ зӕрдӕйы кӕй нӕ уыди ӕвзӕр фӕнд+.
Ӕз ме ’взагӕй тӕригъӕд нӕ ракӕндзынӕн+.
4 Адӕмы хъуыддӕгты тыххӕй куы зӕгъон,
Уӕд ӕз дӕ дзыхы ныхасы фӕрцы мӕхи хъахъхъӕдтон абырджыты фӕндӕгтӕй+.
6 Дӕумӕ сидын, о Хуыцау, уымӕн ӕмӕ мын ды дзуапп ратдзынӕ+.
Дӕ хъус мӕм ӕрдар. Фехъус мын мӕ ныхӕстӕ+.
7 Дӕ рахиз къухы+ ныхмӕ цӕуджытӕй чи лидзы, уыдон сӕхи де уазӕг кӕнынц.
О сӕ Ирвӕзынгӕнӕг, равдис де ’нувыд уарзт+ де стыр хъуыддӕгтӕй.
8 Цӕстыгагуыйау+ мӕ хъахъхъӕн,
Дӕ базырты аууоны мӕ бамбӕхс+,
9 Чи мӕм лӕбуры, уыцы фыдгӕнджытӕй.
Мӕ уды знӕгтӕ мыл алырдыгӕй ӕртыхстысты+.
10 Уыдон фиуӕй цъар сӕвӕрдтой+,
Сӕ дзыхӕй цӕуы схъӕл ныхас+.
11 Кӕдӕмфӕнды ма акъахдзӕф кӕнӕм, алырдыгӕй ныл ӕртыхсынц+,
Сӕ цӕстытӕ нӕ ныссагътой, цӕмӕй нӕ бабын кӕной+.
12 Алчидӕр сӕ у, йӕ амӕттаджы акъабӕзтӕ кӕнынмӕ гӕппӕввонгӕй чи лӕууы, ахӕм домбайы хуызӕн+,
Йе ’мбӕхсӕн бынаты чи ӕрхуыссыд, ахӕм ӕвзонг домбайы хуызӕн.
13 Сыст, о Йегъовӕ, ӕрлӕуу йӕ ныхмӕ+,
Йӕ зонгуытыл ӕй ӕрлӕууын кӕн. Дӕ хъамайы+ фӕрцы мын мӕ уд фыдгӕнӕгӕй фервӕзын кӕн.
14 Дӕ къухы фӕрцы мӕ адӕмӕй фервӕзын кӕн, о Йегъовӕ+,
Ацы дунейы адӕмӕй+, сӕ мӕт ацы цард кӕмӕн у+,
Сӕ хуылф дӕ хорздзинӕдтӕй кӕмӕн дзаг кӕныс+,
Бирӕ фырттӕ+ кӕмӕн ис
Ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн бынтӕ чи скӕны, уыдонӕй+.