Амонӕгӕн. Давиды зарӕг.
140 О Йегъовӕ, фервӕзын мӕ кӕн ӕвзӕргӕнджытӕй+,
Бахъахъхъӕн мӕ тыхгӕнӕгӕй+,
2 Йӕ зӕрдӕйы фыдвӕндтӕ чи кӕны+,
Цыма хӕсты стӕм, уыйау мӕм ӕнӕхъӕн бон чи лӕбуры, уыдонӕй+.
3 Се ’взаг калмы ’взагау сцыргъ кодтой+,
Се ’взагыл ис сыкъаджын калмы марг+. (Села́)
4 О Йегъовӕ, ма мӕ бауадз фыдгӕнӕджы къухтӕм бахауын+,
Бахъахъхъӕн мӕ тыхгӕнӕгӕй+,
Мӕ къах мын фӕцудын кӕнынмӕ чи хъавы, уыдонӕй+.
5 Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уыдон мын мӕ размӕ сӕвӕрдтой къӕппӕг+,
Фӕндаггӕрон мын хызау айвӕзтой бӕттӕнтӕ+.
Ме ’рцахсынӕн сӕвӕрдтой хызтӕ+. (Села́)
6 Ӕз Йегъовӕйӕн загътон: «Ды дӕ мӕ Хуыцау+.
О Йегъовӕ, фехъус мын мӕ лӕгъстӕтӕ»+.
7 О Дунедарӕг Хуыцау+ Йегъовӕ, мӕ хъомысджын ирвӕзынгӕнӕг+,
Ды мын хъахъхъӕдтай мӕ сӕр тохы бон+.
8 О Йегъовӕ, ма сӕххӕст кӕн фыдгӕнджыты фӕндтӕ+.
Сӕ фыдвӕндтӕ сын ма фӕрӕстмӕ кӕн, цӕмӕй сӕхицӕй ма ныббуц уой+. (Села́)
9 Алырдыгӕй мыл чи ӕртыхст, уыдонӕн сӕхи сӕр баййафӕд+,
Сӕ дзых цы фыдбылыз хӕссы, уый+.
10 Судзгӕ цӕхӕр сыл ныккӕлӕд+.
Ӕппӕрст ӕрцӕуӕнт арты+ ӕмӕ доны дзыхъхъы, цӕмӕй мауал сыстой+.
11 Стыр дзыхӕй чи дзуры, уый зӕххыл ма ’рфидар уӕд+.
Тыхгӕнӕгӕн фыдбылыз йӕ фӕдыл зилӕд, йӕ цӕфтӕ йыл ӕмбӕлӕнт иу иннӕйы фӕдыл+.
12 Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ кӕй рахӕцдзӕн+
Ӕфхӕрд адӕймаджы сӕрыл, мӕгуыртӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн рӕстӕй+.
13 Рӕстгӕнджытӕ дын кадджын кӕндзысты дӕ ном+.
Рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон цӕрдзысты дӕ цӕсгомы раз+.