2 Азфыстыты
35 Уый фӕстӕ Иоси+ Иерусалимы скодта Куадзӕн+ Йегъовӕйы номыл. Ӕмӕ фыццаг+ мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм+ бон Куадзӕны нывонд аргӕвстой+. 2 Сауджынтӕн цы хӕстӕ уыди, уыдон сын Иоси фӕстӕмӕ сӕ бар бакодта+ ӕмӕ сӕ бафидар кодта+, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕдзары лӕггад кодтаиккой+. 3 Левиттӕн та, ӕгас Израилы адӕмы чи ахуыр кодта+ ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг чи уыд, уыдонӕн, загъта: «Бадзырды чырын, табуйаг чырын+, сӕвӕрут, Давиды фырт Соломон, Израилы паддзах, кӕй сарӕзта, уыцы хӕдзары+. Уыцы чырын уӕ уе уӕхсчытыл хӕссын нал хъӕуы+. Ныр уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ адӕм Израилӕн лӕггад кӕнут+. 4 Израилы паддзах Давид ӕмӕ йӕ фырт Соломон куыд ныффыстой+, афтӕ уӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+ ӕмӕ уӕ къордтӕм гӕсгӕ+ уӕхи бацӕттӕ кӕнут. 5 Левитты+ хӕдзарвӕндӕгты къордтӕм гӕсгӕ+ сыгъдӕг бынаты слӕуут+, цӕмӕй адӕмӕн, уе ’фсымӕртӕн, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ лӕггад кӕнат. 6 Куадзӕны+ нывонд аргӕвдут, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+ ӕмӕ уе ’фсымӕртӕн, цы хъӕуы, уый ӕрцӕттӕ кӕнут, Йегъовӕ Моисейы уылты куыд загъта, афтӕ»+.
7 Адӕмӕй дзы чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн Иоси Куадзӕны нывондӕн радта лыстӕг фос – нӕл уӕрыччытӕ ӕмӕ нӕл сӕныччытӕ, уыдысты ӕртын мины. Стурвосӕй та сын радта ӕртӕ мины+. Уыцы фос уыдысты паддзахы исбонӕй+. 8 Йӕ кънйӕзтӕ+ дӕр сӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ адӕмӕн+, сауджынтӕн ӕмӕ левиттӕн бахай кодтой, цы сӕм уыди, уымӕй. Хелки+, Захари ӕмӕ Йехиил, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары сӕргъы чи лӕууыд, уыдон, сауджынтӕн Куадзӕны нывондӕн радтой уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ – дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ. Стӕй ма сын радтой ӕртӕсӕдӕ стуры. 9 Левитты хистӕртӕ Хонани ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ Шемайӕ ӕмӕ Нафанаил, стӕй Хашави, Йеиел ӕмӕ Иозавад левиттӕн Куадзӕны нывондӕн радтой уӕрыччытӕ ӕмӕ сӕныччытӕ – фондз мины. Стӕй ма сын радтой фондзсӕдӕ стуры.
10 Афтӕмӕй, лӕггадӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдон ӕрцӕттӕ кодтой+. Ӕмӕ сауджынтӕ лӕууыдысты+ сӕ бынӕтты+, стӕй левиттӕ дӕр лӕууыдысты сӕ къордтӕм гӕсгӕ+, паддзах куыд загъта, афтӕ+. 11 Ӕмӕ Куадзӕны нывӕндтӕ ӕргӕвдынмӕ бавнӕлдтой+. Сауджынтӕ+, левиттӕ-иу сӕм цы туг балӕвӕрдтой, уый нывондхӕссӕныл пырх кодтой+. Левиттӕ та нывӕндтӕн сӕ царм+ стыгътой. 12 Стӕй ма ӕрцӕттӕ кодтой судзинаг нывӕндтӕ дӕр, цӕмӕй сӕ радтаиккой адӕммӕ сӕ къордтӕм гӕсгӕ+, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+, ӕмӕ сӕ уыдон Йегъовӕйӕн ӕрхастаиккой+, Моисейы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ+. Ӕмӕ афтӕ бакодтой стуртӕн дӕр. 13 Ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Куадзӕны+ нывӕндтӕ уӕларт сӕвӕрдтой+. Сыгъдӕг кувинӕгтӕ цӕттӕ кодтой+ ӕгты, тымбылбын ӕгты ӕмӕ цуайнӕгты. Ӕмӕ-иу куыддӕр сцӕттӕ сты, афтӕ-иу сӕ адӕмӕн ахастой. Нывӕндты дзидзайӕ ахастой се ’ппӕтӕн дӕр+. 14 Уый фӕстӕ та Куадзӕны фынг ӕрцӕттӕ кодтой сӕхицӕн ӕмӕ сауджынтӕн+, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕ, Аароны фырттӕ, суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ хастой судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ нывӕндты фиу+. Ӕмӕ левиттӕ сӕхицӕн ӕмӕ сауджынтӕн, Аароны фырттӕн, Куадзӕны фынг ӕрцӕттӕ кодтой+.
15 Зарӕггӕнджытӕ+ дӕр, Асафы фырттӕ+, сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтой, Давид+, Асаф+, Еман+ ӕмӕ Идифун+, паддзахӕн цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ чи уыд, уый, куыд бафӕдзӕхстой, афтӕ. Дуаргӕстӕ+ та лӕууыдысты кулдуӕртты раз+. Сӕ бынӕттӕй сӕ цӕуын никӕдӕм хъуыди, уымӕн ӕмӕ сын се ’фсымӕртӕ, левиттӕ, ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кодтой+. 16 Ӕмӕ уыцы бон, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, ома Куадзӕн+ сбӕрӕг кӕнынӕн ӕмӕ Йегъовӕйы нывондхӕссӕныл судзинаг нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн, цыдӕриддӕр хъуыди, уый ӕрцӕттӕ кодтой, паддзах Иоси куыд загъта, афтӕ+.
17 Гъемӕ дзы Израилы фырттӕй чидӕриддӕр уыди, уыдон уыцы рӕстӕг Куадзӕн+ сбӕрӕг кодтой. Стӕй ма авд боны та бӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон+. 18 Пехуымпар Самуилы рӕстӕгӕй фӕстӕмӕ Израилы ахӕм Куадзӕн нӕ уыд+. Иоси, сауджынтӕ, левиттӕ, ӕгас Иудӕйы ӕмӕ Израилы адӕмӕй дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ цы Куадзӕн скодтой, ахӕм Куадзӕн Израилы паддзӕхтӕй ничи скодта+. 19 Уыцы Куадзӕн скодтой, Иоси ӕстдӕсӕм аз куы уыди паддзах, уӕд+.
20 Ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ, Иоси хӕдзар куы сцалцӕг кодта, уый фӕстӕ, Египеты паддзах+ Нехо+ ӕрцыд Кархемисмӕ+, Евфраты цурмӕ, цӕмӕй уым схӕцыдаид. Уӕд Иоси+ йӕ ныхмӕ рацыд+. 21 Нехо та йӕм йӕ адӕмы арвыста, зӕгъгӕ йын афтӕ зӕгъут: «Цӕмӕн рацыдтӕ мӕ ныхмӕ, Иудӕйы паддзах? Абон демӕ куы нӕ хӕцын. Ӕз ӕндӕр адӕмимӕ хӕцын, Хуыцау мын загъта, цӕмӕй сӕ тас бауадзон. Мемӕ чи ис, уыцы Хуыцауы тыххӕй дӕхи ӕнӕмаст уадз, дӕхи йын ма фесафын кӕн»+. 22 Фӕлӕ йӕ Иоси уӕддӕр нӕ ныууагъта+. Ӕмӕ цӕмӕй йемӕ схӕцыдаид, уый тыххӕй йӕ уӕлӕдарӕс аивта+. Хуыцау ын Нехойы+ дзыхӕй цы дзырдта, уымӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ Мегиддойы+ дӕлвӕзмӕ хӕцынмӕ ӕрцыд.
23 Уӕд фатӕхсджытӕ+ паддзах Иосийыл фат суагътой, ӕмӕ паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Ӕрисут-ма мӕ, тынг уӕззау цӕф фӕдӕн»+. 24 Йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕй йӕ бӕхуӕрдонӕй ӕристой, йӕ дыккаг хӕстон бӕхуӕрдоны йӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ Иерусалиммӕ аластой+. Иоси амард+ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыдӕлты уӕлмӕрды+. Ӕмӕ йыл ӕгас Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы адӕм фӕхъыг кодтой+. 25 Йереми+ Иосийыл фӕхъарӕг кодта+. Суанг абоны онг дӕр зарӕггӕнджытӕ иууылдӕр, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр+, сӕ хъарджыты фӕкӕнынц Иосийы кой. Ӕмӕ уыцы хъарджытӕ кӕнын Израилы сси ӕгъдау, ӕмӕ иннӕ хъарджыты ’хсӕн фыст ӕрцыдысты+.
26 Иосийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй+ та ӕмӕ, Йегъовӕйы закъоны+ цы фыст уыди, уымӕ гӕсгӕ йе ’нувыд уарзтӕй цы сарӕзта+, уыдӕтты тыххӕй, 27 йӕ фыццаг хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕстаг хъуыддӕгты тыххӕй+, фыст ис Израилы ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты чиныджы+.