Исай
17 Дамаскӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уый+. «Дамаск горӕт нал у, фестад дурты цӕнд, пырх чи кӕны, ахӕм хӕлддзӕгтӕ+. 2 Ароеры+ горӕттӕн сӕ цӕрджытӕ фӕлыгъдысты, ӕмӕ фосӕн баззадысты. Уыдон уым ривӕд кӕнынц, ӕмӕ сӕ ничи суры+. 3 Фидаргонд горӕт фесӕфт Ефремы зӕххӕй+, паддзахад – Дамаскӕй+. Сирийӕ ма чи баззайа, уыдонӕн сӕ кад Израилы фыртты кадау ӕрбайсӕфдзӕн»,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+.
4 «Уыцы бон Иаковы кад ӕрхаудзӕн+, Иаков у хӕрзхуыз, фӕлӕ смӕллӕг уыдзӕн+. 5 Хуымгӕрдӕг йӕ кӕрдинаг хуым куы ӕфснайа, йӕ къух хоры ӕфсиртӕ куы кӕрда+, уӕд уыдзӕн, рефаимты дӕлвӕзы хуымгӕрдӕны фӕстӕ ӕфсиртӕ чи уидзы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн+. 6 Чи ма дзы баззайа, уыдон уыдзысты, оливӕбӕлас куы ныццӕгъдынц, уӕд ма йыл цалдӕр гагайы куыд баззайы, афтӕ: дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ рӕгъӕд гагайы къалиуы кӕрон, цыппар кӕнӕ фондз гагайы, зад чи уыди, уыцы къалиутыл»,– зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ+.
7 Уыцы бон зӕххон адӕймаг скӕсдзӕн йе Скӕнӕгмӕ, йӕ цӕстытӕ аздахдзӕн Израилы Сыгъдӕг Хуыцаумӕ+. 8 Нӕ кӕсдзӕн нывондхӕссӕнтӕм+ – йӕхи къухты конд цы у, уымӕ+, йӕ цӕстытӕ нӕ аздахдзӕн, йе ’нгуылдзтӕ цы сарӕзтой, уыдӕттӕм – кувӕн цӕджындзтӕм ӕмӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕм+. 9 Уыцы бон йӕ фидаргонд горӕттӕ уыдзысты, хъӕды астӕу рох бынат куыд уа, афтӕ, Израилы фыртты тыххӕй кӕй ныууагътой, ахӕм къалиуы хуызӕн, ӕмӕ уыцы зӕхх суыдзӕн ӕдзӕрӕг бӕстӕ+. 10 Афтӕ уымӕн уыдзӕн, ӕмӕ ды ферох кодтай+ дӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы+, нал хъуыды кодтай дӕ фидар Къӕдзӕхы+. Уый тыххӕй скодтай рӕсугъд дыргъдӕттӕ ӕмӕ дзы уый тыххӕй садзыс ӕцӕгӕлоны* талатӕ. 11 Дӕ бон у боныгон дӕ дыргъдон алырдыгӕй дӕр ӕрӕхгӕнын ӕмӕ райсомӕй архайын, цӕмӕй дӕ тауинӕгтӕ разайой. Фӕлӕ рынчын куы уай ӕмӕ дӕ рыст куы не ’нцайа, уыцы бон дӕ тыллӕг ӕрбайсӕфдзӕн+.
12 Додой сӕ къона, чи скатай, денджызау чи абухы, уыцы адӕмтӕн! Додой сӕ къона, йӕ хъӕр-хъӕлӕба кӕмӕн хъуысы, хъомысджын дӕттау сӕ нӕрын кӕмӕн цӕуы, уыцы адӕмыхӕттытӕн!+ 13 Адӕмыхӕттытӕн+ сӕ нӕрын цӕудзӕн, цыма бирӕ дӕттӕ нӕрынц, афтӕ. Хуыцау сын карзӕй бауайдзӕф кӕндзӕн+, ӕмӕ дардмӕ фӕлидздзысты ӕмӕ уыдзысты, дымгӕ хӕхты зыгуым куыд ахӕссы ӕмӕ тыхджын дымгӕ сындзытӕ куыд ныззилы, афтӕ+. 14 Куы ӕризӕр, уӕд кӕсыс, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы бӕллӕх ӕрцыд. Нӕма сбон, афтӕ уыдон нал сты+. Уый у, нӕ исбон нын чи фӕхаста, уыдоны хай, ахӕм бон акӕндзӕн, чи нӕ стигъы, уыдоныл+.