2 Паддзӕхты
12 Иоас+ паддзах сси, Ииуй+ ӕвдӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ цыппор азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Цивийӕ ӕмӕ уыди Вирсавийӕ. 2 Цалынмӕ сауджын Иодай йӕ зондамонӕг уыди, уӕдмӕ Иоас арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый+. 3 Ӕрмӕст ма кувӕн бынӕттӕ* баззадысты+. Адӕм дарддӕр дӕр кувӕн бынӕтты хастой нывӕндтӕ ӕмӕ-иу нывӕндты фӕздӕг уым суагътой.
4 Иоас сауджынтӕн+ загъта: «Йегъовӕйы хӕдзармӕ мысайнагӕн цы ӕхца ӕрбахӕссынц+, уыцы ӕхца иууылдӕр, ома, алы адӕймагӕй дӕр цы ӕхца райсынц+, стӕй, дзырд чи ратты, уыдонӕй* цы ӕхца райсынц+ ӕмӕ, Йегъовӕйы хӕдзармӕ алы адӕймаг дӕр йӕ зӕрдӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ цы ӕхца ӕрбахӕссы, уыцы ӕхца+ 5 сауджынтӕ сӕ зонгӕтӕй исӕнт+ ӕмӕ, кувӕндоны цалцӕггӕнинаг цы ис, уый уымӕй цалцӕг кӕнӕнт»+.
6 Фӕлӕ Иоас дыууын ӕртыккӕгӕм аз куы уыд паддзах, уӕд дӕр сауджынтӕ кувӕндон нӕма сцалцӕг кодтой+. 7 Уӕд паддзах Иоас сауджын Иодаймӕ+ ӕмӕ иннӕ сауджынтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Кувӕндон цӕуылнӕ цалцӕг кӕнут? Амӕй фӕстӕмӕ уӕ зонгӕтӕй ӕхца мауал исут, фӕлӕ сӕ кувӕндон цалцӕг кӕнынӕн дӕттут»+. 8 Ӕмӕ сауджынтӕ сразы сты, адӕмӕй ӕхца кӕй нал исдзысты ӕмӕ кувӕндон уыдон кӕй нӕ цалцӕг кӕндзысты, ууыл.
9 Уый фӕстӕ сауджын Иодай асыкк райста+, уӕлейӕ дзы хуынкъ скодта ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны фарсмӕ сӕвӕрдта, Йегъовӕйы хӕдзармӕ бахизӕны рахизырдыгӕй. Ӕмӕ адӕм Йегъовӕйы хӕдзармӕ цыдӕриддӕр ӕхца хастой, уый дуаргӕс-сауджынтӕ+ уым ӕвӕрдтой+. 10 Асыччы-иу бирӕ ӕхца куы ӕрӕмбырд, уӕд-иу паддзахы писыр+ ӕмӕ хистӕр сауджын ӕрбацыдысты, адӕм-иу Йегъовӕйы хӕдзармӕ цы ӕхца ӕрбахастой, уый-иу систой, хызынты-иу ӕй абастой ӕмӕ-иу ӕй банымадтой+. 11 Цы ӕхца-иу банымадтой, уый-иу радтой+, Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕныны куысты сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыдонмӕ. Ӕмӕ-иу дзы уыдон бафыстой, Йегъовӕйы хӕдзары чи куыста, уыцы хъӕддӕснытӕн ӕмӕ аразджытӕн, 12 стӕй дурамайджытӕн ӕмӕ дурсӕтджытӕн+ дӕр. Уыцы ӕхцайӕ ӕлхӕдтой, Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕнынӕн цы хъӕдӕрмӕг ӕмӕ лӕгъзгонд дуртӕ хъуыди, уыдон дӕр ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ фыстой, цалцӕг кӕнынӕн ма ноджыдӕр цы хъуыд, уыдӕттӕн дӕр.
13 Фӕлӕ, Йегъовӕйы хӕдзары цы ӕвзист тастӕ, цырагъ хуыссынгӕнӕнтӕ+, къустӕ+, уадындзтӕ+ ӕмӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист дзауматӕ хъуыди, уыдон, Йегъовӕйы хӕдзармӕ цы ӕхца хастой, уымӕй нӕ арӕзтой+. 14 Уыцы ӕхца лӕвӕрдтой кусджытӕн ӕмӕ дзы Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кодтой+. 15 Ӕхца кӕй къухмӕ лӕвӕрдтой, цӕмӕй-иу ӕй стӕй кусджытӕн радтаиккой+, уыдонӕй дзуапп нӕ домдтой+, уымӕн ӕмӕ сӕ куыст ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кодтой+. 16 Аххосы тыххӕй нывондӕн+ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы ӕхца уыд, уый та Йегъовӕйы хӕдзар цалцӕг кӕнынӕн нӕ лӕвӕрдтой. Уыцы ӕхца уыд сауджынты+.
17 Уыцы рӕстӕг Сирийы паддзах Азаил+ Гефы+ ныхмӕ рацыд ӕмӕ йӕ бацахста. Уый фӕстӕ та йӕ ных сарӕзта+ Иерусалиммӕ+. 18 Уӕд Иудӕйы паддзах Иоас рахаста, йӕ фыдӕлтӕ, Иудӕйы паддзӕхтӕ Иосафат, Иорам ӕмӕ Охози кӕй снывонд кодтой, уыцы мысайнӕгтӕ+ ӕмӕ йӕхӕдӕг кӕй снывонд кодта, уыцы мысайнӕгтӕ, стӕй Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны ӕмӕ паддзахы хӕдзары цыдӕриддӕр сызгъӕрин уыди, уый дӕр, ӕмӕ сӕ Сирийы паддзах Азаилӕн арвыста+. Ӕмӕ уӕд Азаил Иерусалиммӕ нал ӕрбабырста.
19 Иоасы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та ӕмӕ, цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 20 Йӕ лӕггадгӕнджытӕ+ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой+ ӕмӕ йӕ, Силлӕмӕ фӕндагыл чи ис, уыцы Обауы*+ мӕсыджы амардтой+. 21 Амардтой йӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ Шимеафӕйы фырт Иозакар ӕмӕ Шомеры фырт Йегъозавад+. Иоасы бавӕрдтой йӕ фыдӕлты фарсмӕ, Давиды горӕты. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амаси+.