Амонӕгӕн. Давиды зарӕг.
20 Йегъовӕ дын зын сахат+ дзуапп раттӕд.
Иаковы Хуыцауы ном дӕ хъахъхъӕнӕд+.
2 Йӕ сыгъдӕг бынатӕй+ дын ӕххуыс рарвитӕд
Ӕмӕ дын Сионӕй+ баххуыс кӕнӕд.
3 Ма дын ферох кӕнӕд де ’ппӕт кувинӕгтӕ+,
Айсӕд дын дӕ судзинаг нывонды фиу+. (Села́)
4 Дӕхи зӕрдӕйы фӕндиаг дӕ фӕкӕнӕд+
Ӕмӕ дын дӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд+.
5 Цы ирвӕзындзинад дӕттыс, уый уынгӕйӕ фырцинӕй хъӕр кӕндзыстӕм+
Ӕмӕ нӕ Хуыцауы номыл нӕ тырысатӕ хӕрдмӕ сисдзыстӕм+.
Йегъовӕ дын дӕ курдиӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнӕд+.
6 Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы+ кӕй ирвӕзын кӕны.
Йӕ сыгъдӕг уӕлӕрвтӕй+ йын дзуапп дӕтты
Ӕмӕ йӕ ирвӕзын кӕны йӕ рахиз къухы хъомысджын хъуыддӕгтӕй+.
7 Чи бӕхуӕрдӕтты кой кӕны, чи – бӕхты+ кой,
Мах та дзурдзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номы тыххӕй+.
8 Уыдон пырх ӕрцыдысты ӕмӕ ӕрхаудтой+,
Мах та сыстадыстӕм, нӕ къахыл слӕууыдыстӕм+.
9 О Йегъовӕ, фервӕзын кӕн паддзахы!+
Цы бон дзы ракурӕм ӕххуыс, уыцы бон нын дзуапп ратдзӕн+.