Иов
29 Иов йӕ ныхас адарддӕр кодта ӕмӕ та ногӕй дзырдта ӕмбисӕндтӕй:
2 «Тӕхуды, ӕмӕ, раджы кӕддӕр куыд уыдтӕн, афтӕ та куы уаин+,
Хуыцау мӕ куы хъахъхъӕдта, уыцы бонты куыд уыдтӕн, афтӕ!+
3 Уӕд йӕ цырагъ сыгъди мӕ сӕрмӕ,
Талынджы цыдтӕн йӕ рухсы фӕрцы+.
4 Фӕстӕмӕ та, мӕ тӕккӕ хъаруйӕ куыд уыдтӕн, афтӕ куы уаин+,
Хуыцау-иу мӕ цатыры куы уыди, ме ’ввахс хӕлар куы уыд+,
5 Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нырма мемӕ куы уыди
Ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнджытӕ мӕ алыварс куы уыдысты, уӕд!
6 Ӕз мӕ къӕхтӕ ӕхсадтон царвы,
Къӕдзӕхӕй мын гуылфгӕнгӕ калди сой+.
7 Горӕты кулдуары размӕ-иу бацыдтӕн+
Ӕмӕ-иу горӕты фӕзы мӕхицӕн бынат ӕрцӕттӕ кодтон!+
8 Гыццыл лӕппутӕ-иу мӕ куы ауыдтой, уӕд-иу амбӕхстысты,
Суанг-иу мын зӕрӕдтӕ дӕр сыстадысты ӕмӕ-иу лӕууыдысты+.
9 Кънйӕзтӕ-иу хъусӕй лӕууыдысты,
Сӕ къухтӕ-иу сӕ дзыхтыл сӕвӕрдтой+.
10 Хицӕутты хъӕлӕс-иу нал хъуысти,
Се ’взӕгтӕ-иу сӕ комарынгыл баныхӕстысты+.
11 Кӕй хъус-иу мӕм хъуыста, уый-иу мӕ схуыдта амондджын,
Кӕй цӕст-иу мӕ федта, уый-иу кодта мӕ хорзы кой.
12 Ӕххуысмӕ-иу чи дзынӕзта, ахӕм ӕфхӕрд адӕймаджы-иу фервӕзын кодтон+.
Фервӕзын-иу кодтон сидзӕры ӕмӕ, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕ уыд, уыцы адӕймаджы+.
14 Мӕхи-иу сфӕлыстон рӕстдзинады, ӕмӕ мын уый уыди уӕлӕдарӕсау+.
Рӕстӕй кӕй архайдтон, уый мын уыди ӕнӕдыс къабайау ӕмӕ сарыхъау.
15 Куырмӕн уыдтӕн цӕстыты бӕсты+,
Къуылыхӕн – къӕхты бӕсты.
17 Фыдгӕнӕгӕн-иу йе ’фсӕр ныппырх кодтон+,
Йӕ дзыхӕй йын-иу йӕ амӕттаджы байстон.
19 Мӕ уидӕгтӕ хӕццӕ кӕнынц донмӕ+,
Ӕхсӕвы мӕ къалиутыл ӕрбаддзӕн ӕртӕх.
20 Мӕ кад дӕлӕмӕ нӕ хауы,
Ӕмӕ ме ’рдын мӕ къухы нырма иу ӕмӕ дыууӕ ӕхсты нӕ фӕкӕндзӕн“.
21 Уыдон мӕм хъуыстой, ӕнхъӕлмӕ-иу кастысты,
Хъусӕй-иу лӕууыдысты, цалынмӕ-иу уынаффӕ нӕ раттон, уӕдмӕ+.
22 Мӕ ныхасыл-иу дыууӕ нал загътой,
Ӕмӕ сӕ мӕ ныхӕстӕ донау ӕфсӕстой+.
24 Мӕ мидбылты-иу сӕм куы бахудтӕн, уӕд-иу сӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта,
Ӕмӕ мын мӕ цӕсгомы рухс+ никуы ничи ахуыссын кодта.