Ӕмбисӕндтӕ
30 Иакейы фырт Агуры ныхӕстӕ, ахсджиаг ныхӕстӕ+. Ацы ныхӕстӕ загъта Ифиилӕн, Ифиил ӕмӕ Укалӕн.
2 Мӕнӕй ӕнӕзонддӕр нӕй+, адӕмау мӕм нӕй ӕмбарындзинад+. 3 Ӕз зонд нӕ базыдтон+, ӕмӕ Сыгъдӕг Хуыцау цы зоны, уый нӕ зонын+.
4 Чи ссыд уӕлӕрвтӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рцыд уырдыгӕй?+ Чи бакодта дымгӕ+ йӕ дыууӕ армы? Чи батыхта дӕттӕ ӕмбӕрзӕны?+ Чи сӕвӕрдта зӕххӕн кӕрӕттӕ?+ Куыд у йӕ ном+ ӕмӕ куыд у йӕ фырты ном – зоныс ӕй?+
5 Хуыцауӕн йӕ алы ныхас дӕр у сыгъдӕг+. Йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдонӕн у сӕ уарт+. 6 Йӕ ныхӕстӕм ын мацы бафтау+, цӕмӕй дын ма бауайдзӕф кӕна ӕмӕ мӕнгард ма разынай+.
7 Дыууӕ хъуыддаджы дӕ курын+. Ӕндӕр мӕ ницы хъӕуы, цалынмӕ цӕрын, уӕдмӕ+. 8 Мӕнгдзинад ӕмӕ мӕм гӕдыныхас хӕстӕг ма ӕрбауадз+. Мӕгуырдзинад дӕр мын ма ратт ӕмӕ хъӕздыгдзинад дӕр+. Къӕбӕр мын дӕтт мӕ фаг+, 9 цӕмӕй ӕгӕр ма бафсӕдон ӕмӕ дӕ ма ныууадзон+ ӕмӕ ма зӕгъон: «Чи у Йегъовӕ?»+ – ӕмӕ цӕмӕй ма смӕгуыр уон ӕмӕ давын ма райдайон ӕмӕ мӕ Хуыцауы ном ма фӕхудинаг кӕнон+.
10 Цагъары фыдкой ма кӕн йӕ хицауӕн+, цӕмӕй дӕ ма ралгъита ӕмӕ ма фӕаххосджын уай+.
11 Ис ахӕм адӕм, ӕмӕ сӕ фыды дӕр ӕлгъитынц ӕмӕ сӕ мадӕн дӕр нӕ арфӕ кӕнынц+.
12 Ис ахӕм адӕм, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты+, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ ӕхсад не сты+.
13 Ис ахӕм адӕм, ӕмӕ куыд хъал цӕстӕй кӕсынц, уый у диссаг! Сӕ цӕхӕр цӕстытӕй уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц+.
14 Ис ахӕм адӕм, ӕмӕ сӕ дӕндӕгтӕ сты хъаматӕ, се ’фсӕртӕ – ӕргӕвдӕн кӕрдтӕ+, цӕмӕй бахӕрой, зӕххыл цы ’фхӕрд ӕмӕ цы мӕгуыр адӕм ис, уыдоны+.
15 Цъулбертӕн* ис дыууӕ чызджы, ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ӕри, ӕри!» Ис ӕртӕ, ӕмӕ ӕфсис нӕ зонынц, цыппар, ӕмӕ никуы зӕгъдзысты, фаг у, зӕгъгӕ. 16 Ингӕн*+, ӕнӕзӕнӕг хуылф+, донхъуаг зӕхх+ ӕмӕ арт+, афтӕ чи нӕ зӕгъы, фаг у+, зӕгъгӕ.
17 Йӕ фыдыл чи худы ӕмӕ йӕ мады коммӕ чи нӕ кӕсы, уымӕн йӕ цӕст+ быдираг халӕттӕ* скъахдзысты ӕмӕ йын ӕй цӕргӕсы лӕппынтӕ бахӕрдзысты.
18 Ис ӕртӕ хъуыддаджы, ӕмӕ мӕм тынг диссаг кӕсынц, цыппар, ӕмӕ сӕ мӕ бон бамбарын нӕу: 19 цӕргӕсы фӕндаг арвыл, калмы фӕндаг къӕдзӕхыл, науы фӕндаг денджызы астӕу+ ӕмӕ нӕлгоймаджы фӕндаг чызджы зӕрдӕмӕ+.
20 Ахӕм у хӕтаг сылгоймаджы фӕндаг: бахордта, йӕ былтӕ асӕрфта ӕмӕ зӕгъы: «Ӕз ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон»+.
21 Ӕртӕ хъуыддагӕй нырризы зӕхх, цыппар хъуыддаджы нӕ фӕразы: 22 цагъар паддзах куы свӕййы+, ӕнӕзондмӕ хӕринаг фаг куы вӕййы+, 23 ӕнад сылгоймаг искӕй ус куы свӕййы+ ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг йӕ ӕхсины бынат куы бацахсы+.
24 Ис цыппар цӕрӕгойы, зӕххыл уыдонӕй гыццылдӕр нӕй, фӕлӕ сты ӕрдзӕй зондджын+: 25 мӕлдзыджытӕ тыхджын адӕм не сты+, фӕлӕ сӕрдыгон сӕхицӕн хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕнынц+; 26 хӕххон зыгъарджытӕ*+ хъаруджын адӕм не сты, фӕлӕ сӕ хӕдзар сӕвӕрынц къӕдзӕхыл+; 27 мӕтыхтӕн+ паддзах нӕй, фӕлӕ рацӕуынц къордтӕ-къордтӕй+; 28 гӕккуыри*+ йӕ къӕхтӕй фидар ныххӕцы ӕмӕ паддзахы галуаны дӕр балӕууы.
29 Ис ӕртӕ, ӕмӕ сӕ къахы айст у аив, цыппар, ӕмӕ сӕ фезмӕлд у рӕсугъд: 30 домбай – цӕрӕгойтӕй ӕппӕты тыхджындӕр, никӕмӕй фӕтӕрсдзӕн+; 31 цуанон куыдз*, цӕу ӕмӕ паддзах йе ’фсады сӕргъы+.
32 Кӕд де ’нӕзондӕй дӕхи сбӕрзонд кодтай+ кӕнӕ дӕм ахӕм хъуыды фӕзынд, уӕд дӕ дзыхыл дӕ къух авӕр+, 33 уымӕн ӕмӕ ӕхсыр куы цӕгъдай, уӕд дзы царв куыд рауайы, искӕй фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг куыд ӕркӕлы, афтӕ адӕймаг йӕ маст куы скалы, уӕд уый та расайы хыл+.