Псалом
Давиды псалом. Зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн.
5 Мӕ хъӕдгӕмттӕ тӕф кӕнынц, схӕф сты
Ме ’нӕзонддзинады тыххӕй+.
7 Мӕ хуылф иууылдӕр судзы,
Мӕ буары иу ӕнӕхъӕн бынат нал баззад+.
8 Бандзыг дӕн, мӕ зӕрдӕ бынтон асаст,
Хъӕр кӕнын мӕ зӕрдӕйы рыстӕй+.
9 О Йегъовӕ, ды уыныс, цӕмӕ бӕллын, уый,
Мӕ уды хъӕрзын мын хъусыс+.
10 Мӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп цӕуы, хъару мӕм нал ис,
Мӕ цӕстырухс батад+.
11 Чи мӕ уарзы, уыдон ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ дардӕй кӕсынц мӕ хъизӕмармӕ+,
Мӕ хорз зонгӕтӕ дард слӕууыдысты+.
12 Марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон мын къӕппӕджытӕ ӕвӕрынц+,
Фыдбылыз ракӕнынмӕ мын чи хъавы, уыдон дзурынц мӕ ныхмӕ+,
Бон-изӕрмӕ хъуыды кӕнынц, цы хиндзинад ӕрымысой, ууыл+.
14 Чи ницы хъусы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн сдӕн,
Ӕмӕ сӕ ныхмӕ мӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд.
16 Ӕз дзырдтон: «Кӕннод мыл фӕуӕлахиз уыдзысты+,
19 Ме знӕгтӕ сфидар сты, стыхджын сты+,
Кӕмӕн ницы кодтон, афтӕмӕй мӕ йе сӕфт чи уыны, уыдон сбирӕ сты+.
20 Мӕ хорздзинад мын фыстой ӕвзӕрдзинадӕй+,
Хорздзинадмӕ кӕй тырныдтон, уый тыххӕй мӕ ныхмӕ цыдысты+.
21 Ма мӕ ныууадз, о Йегъовӕ.
О мӕ Хуыцау, дард ма лӕуу+.