Дыккаг закъон
32 «Уӕлӕрвтӕ, уӕ хъус ӕрдарут, цы дзурдзынӕн, уымӕ.
Зӕхх, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус+.
2 Мӕ зондамындтӕ уардзысты къӕвдайау+,
Мӕ ныхӕстӕ кӕлдзысты ӕртӕхау+.
Уыдзысты, кӕрдӕгыл фӕлмӕн къӕвдатӕ куыд рацӕуа+
Ӕмӕ зайӕгойтыл – тӕрккъӕвдатӕ, афтӕ+.
4 Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау+,
Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст+.
Уый у ӕнувыд Хуыцау+, хӕрамӕй йӕм ницы ис+.
Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау+.
5 Уыдон сӕхӕдӕг ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл+.
Уыдон йӕ сывӕллӕттӕ не сты, сӕ аипп сӕхи аххос у+.
Хӕлд ӕмӕ зыгъуыммӕ адӕм!+
6 Йегъовӕйӕн афтӕ цӕмӕн кӕнут+,
Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕмбаргӕ адӕм?+
Ау, уый уӕ Фыд нӕу, цард уын чи радта+,
Чи уӕ сфӕлдыста ӕмӕ уӕ къахыл фидар кӕй фӕрцы лӕууыдыстут?+
7 Ӕрхъуыды-ма кӕн рагон замантӕ+,
Акӕс-ма фӕстӕмӕ, раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕм.
Бафӕрс дӕ фыды, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзӕн+,
Бафӕрс зӕрӕдты, ӕмӕ дын ӕй радзурдзысты+.
8 Иунӕг Стыр Хуыцау адӕмтыл бынтӕ куы уӕрста+,
Адамы фыртты кӕрӕдзийӕ куы хицӕн кодта+,
Уӕд адӕмтӕн сӕ арӕнтӕ сбӕрӕг кодта+,
Израилы фырттӕ цас сты, уымӕ гӕсгӕ+.
10 Уый йӕ ссардта хурсыгъд быдыры+,
Ӕдзӕрӕг быдыры+, алырдыгӕй хъӕддаг сырдты ниуын кӕм хъуысы, уым.
Уый йӕ алырдыгӕй хъахъхъӕдта+ ӕмӕ йыл тыхсти+,
Хъахъхъӕдта йӕ цӕстыгагуыйау+.
11 Цӕргӕс йӕ лӕппынты ахстонӕй куыд ратӕхын кӕны,
Сӕ сӕрмӕ куыд фӕратӕх-батӕх кӕны+,
Йӕ базыртӕ куыд айвазы, йӕ лӕппынты куыд сисы
Ӕмӕ сӕ йӕ базыртыл куыд фӕхӕссы+,
12 Афтӕ Йегъовӕ дӕр кодта Иаковы+,
Ӕмӕ йемӕ ӕцӕгӕлон хуыцау нӕ уыд+.
13 Кодта йӕ зӕххы бӕрзӕндтыл+,
Ӕмӕ уый хордта зӕххы бӕркӕдтӕ+.
Лӕвӕрдта йын мыд къӕдзӕхӕй+,
Сой – фидар къӕдзӕхӕй+.
14 Лӕвӕрдта йын стурты царв ӕмӕ лыстӕг фосы ӕхсыр+,
Хӕрзхастдӕр фырытӕ,
Васайнаг фырытӕ, стӕй сӕгътӕ+
Ӕмӕ мӕнӕуы хуыздӕр+.
Ӕмӕ уый нызта сӕн, сӕнӕфсиры туг+.
15 Йешурун*+ куы снард, уӕд схивӕнд+,–
О, ды снард дӕ, фӕйнӕрдӕм фӕцыдтӕ, фырӕфсӕст бадӕ+,–
Ӕмӕ ныууагъта йе скӕнӕг Хуыцауы+,
Йӕ къух систа йӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхыл+.
16 Уыдон ӕй мӕсты кодтой+, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уымӕй+,
Ӕфхӕрдтой йӕ се ’лгъагдзинӕдтӕй+.
17 Уыдон нывӕндтӕ Хуыцауӕн нӕ хастой, фӕлӕ хӕйрӕджытӕн+,
Кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн+,
Ног хуыцӕуттӕн, ӕрӕджы чи фӕзынди, уыдонӕн+,
Уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн.
18 Ды ферох кодтай дӕ Къӕдзӕхы, чи дӕ ныййардта, уый+,
Рох кӕнын райдыдтай Хуыцауы, стыр рыстытимӕ дӕ чи ныййардта, уыцы Хуыцауы+.
19 Ӕмӕ Йегъовӕ уый куы федта, уӕд ын фенад сты+,
Йӕ фырттӕ ӕмӕ йын йӕ чызджытӕ цы маст ӕвзарын кодтой, уый тыххӕй.
20 Гъемӕ загъта: „Мӕ цӕсгом сӕ бамбӕхсдзынӕн+,
Ӕмӕ йӕ фендзыстӕм, сӕ фӕстаг цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый+.
Уыдон сты хӕлд адӕм*,
Иузӕрдион чи нӕу, уыцы фырттӕ+.
21 Уыдон мӕ мӕсты кодтой, хуыцӕуттӕ чи не сты, уыдонӕн кӕй куывтой, уымӕй+.
Сӕ ницӕйаг хуыцӕуттӕн кӕй табу кодтой, уымӕй мын маст ӕвзарын кодтой+.
Гъемӕ ӕз дӕр, мӕ адӕм чи не сты, уыдоны фӕрцы афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ катайы бацӕудзысты+,
Бафхӕрдзынӕн сӕ ӕнӕзонд адӕмы фӕрцы+.
22 Мӕ масты азарӕй ссыгъд пиллон арт+
Ӕмӕ судздзӕн суанг ингӕны*, тӕккӕ арфы+.
Уый аныхъуырдзӕн зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр зайы, уыдон+,
Ссудздзӕн хӕхты бындуртӕ+.
24 Фырӕххормагӕй батайдзысты+, тӕфсӕг сӕ бадомдзӕн+,
Сӕфты къахыл ныллӕудзысты+.
Ӕз сыл сардаудзынӕн тугдзых сырдты+,
Рауадздзынӕн сыл, зӕххыл чи быры, уыцы маргджын хилджыты+.
25 Сӕ лӕппутӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ+,
Сӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ урссӕр зӕрӕдтӕ+
Ӕддейӕ цагъды кӕндзысты хъамайӕ+,
Мидӕгӕй та – фыртӕссӕй+.
26 Ӕз хъуамӕ загътаин: „Алырдӕмты сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн+.
Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн“+.
27 Фӕлӕ ӕз хъуыды кодтон, знӕгтӕ мӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй кӕндзысты+,
Сӕ фыдгултӕ уыцы хъуыддаг сӕхирдыгонау кӕй бамбардзысты, ууыл+.
Науӕд уыдон загътаиккой: „Нӕ къух тыхджындӕр разынд+,
Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Йегъовӕ нӕ бакодта“+.
29 Тӕхуды, ӕмӕ зондджын куы уаиккой!+ Уӕд уыдӕттыл ахъуыды кӕниккой+.
Ахъуыды кӕниккой, сӕ фӕстаг цӕмӕ цӕуы, ууыл+.
30 Цымӕ иуӕн йӕ бон у мин адӕймаджы фӕсурын
Ӕмӕ дыууӕйӕн – дӕс мины лидзӕг фӕкӕнын?+
32 Сӕ сӕнӕфсирбӕлас у Содомы сӕнӕфсирӕй,
Гоморрӕйы быдыртӕй+.
Сӕ сӕнӕфсир у маргӕйдзаг,
Сӕ цупӕлттӕ – маст+.
33 Сӕ сӕн у стыр кӕлмыты марг,
Кобрӕты сау марг+.
34 Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕнмӕ ӕвӕрд не сты?
Ме ’вӕрӕнты не сты мыхуырӕвӕрдӕй?+
35 Мастисӕг ӕз дӕн, цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн+.
Афон куы ’рцӕуа, уӕд сӕ къах фӕцуддзӕн+,
Уымӕн ӕмӕ се сӕфты бон ӕрхӕстӕг+,
Цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тагъд-тагъд ӕрбацӕуы“+.
36 Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн+
Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+,
Уымӕн ӕмӕ фендзӕн, хъару сӕм кӕй нал ис
Ӕмӕ ма сӕ чи баззад, уыдон кӕй сты ӕнӕбон ӕмӕ тӕригъӕддаг.
37 Ӕмӕ уый зӕгъдзӕн: „Кӕм сты сӕ хуыцӕуттӕ+,
Сӕ ныфс кӕуыл дардтой, уыцы къӕдзӕх+,–
38 Сӕ нывӕндты фиу сын чи хордта+
Ӕмӕ сын сӕ кувинаг нозт, сӕ сӕн, чи нызта, уыдон?+
Уыдон сыстӕнт ӕмӕ уын баххуыс кӕнӕнт+.
Уыдон уын суӕнт ӕмбӕхсӕн бынат+.
39 Ныр ӕй базонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау+,
Ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕ кӕй нӕй+.
Маргӕ дӕр ӕз кӕнын ӕмӕ удӕгас дӕр ӕз кӕнын+.
Ӕз уӕззау цӕф фӕкӕндзынӕн+, ӕмӕ йӕ дзӕбӕх дӕр скӕндзынӕн+,
Ӕмӕ мӕ къухӕй ничи никӕй байсдзӕн+.
41 Мӕ цӕхӕркалгӕ хъама куы сцыргъ кӕнон+
Ӕмӕ мӕ къух тӕрхон кӕнынмӕ куы ӕрӕвнала+,
Уӕд ме знӕгтӕй мӕ маст райсдзынӕн+,
Йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕн, цы ’мбӕлы, уый бакӕндзынӕн+.
42 Мӕ фаттӕ срасыг кӕндзынӕн тугӕй+,
Мӕрдты ӕмӕ уацайрӕгты тугӕй.
Мӕ хъама хӕрдзӕни лӕджы фыд+,
Ме знӕгты разамонджыты сӕртӕ“+.
43 Адӕмтӕ, цин кӕнут йӕ адӕмимӕ+,
Уымӕн ӕмӕ уый райсдзӕн йӕ лӕггадгӕнджыты туг+,
Йе знӕгтӕй райсдзӕн йӕ маст+
Ӕмӕ йӕ адӕмы зӕхх тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн».
44 Моисей ӕрбацыд ӕмӕ адӕмӕн ракодта ацы зарӕджы ныхӕстӕ+, йӕхӕдӕг ӕмӕ Оси*, Навины фырт+. 45 Ӕмӕ Моисей уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр ӕгас Израилы адӕмӕн куы ракодта, 46 уӕд сын загъта: «Абон уӕ цӕмӕй фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр уӕ зӕрдӕмӕ айсут+, цӕмӕй уӕ фырттӕн дӕр бафӕдзӕхсат, ацы закъоны цыдӕриддӕр фыст ис, уый ӕххӕст кӕнын+. 47 Уыдон сымахӕн афтид ныхӕстӕ не сты+ – уыдонӕй кӕнгӕ у уӕ цард+, ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕрцы бирӕ фӕцӕрдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл»+.
48 Ӕмӕ уыцы бон Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 49 «Ссу, Аваримы+ цы хох ис, уымӕ, Невойы+ хохмӕ, Моавы зӕххыл Иерихоны акомкоммӕ чи ис, уымӕ, ӕмӕ дӕ цӕст ахӕсс, Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы Ханааны зӕххыл+. 50 Уый фӕстӕ амӕлдзынӕ, цы хохмӕ ссӕудзынӕ, ууыл, ӕмӕ баиу уыдзынӕ дӕ фыдӕлтӕм+, де ’фсымӕр Аарон Оры хохыл куыд амард+ ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕм куыд баиу, афтӕ, 51 уымӕн ӕмӕ мӕм сымах нӕ байхъуыстат+ Израилы фыртты раз Меривӕйы+ дӕтты цур, Кадесы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры. Сымах мын мӕ ном Израилы фыртты раз не срухс кодтат+. 52 Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхх дардӕй фендзынӕ, фӕлӕ уырдӕм цӕугӕ нӕ бакӕндзынӕ»+.