Райдиан
23 Саррӕ фӕцард сӕдӕ дыууын авд азы. Уыйбӕрц уыдысты йӕ царды бонтӕ+. 2 Ӕмӕ амард Кириаф-Арбӕйы+, ома Хевроны+, Ханааны зӕххыл+. Авраам бацыд цатырмӕ ӕмӕ Саррӕйыл тынг фӕмаст кодта, фӕкуыдта йыл. 3 Стӕй марды цурӕй рацыд ӕмӕ Хеты+ фырттӕн загъта: 4 «Ӕз уе ’хсӕн дӕн ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ ӕрлидзӕг+. Рауӕй мын кӕнут уӕ зӕххӕй, цӕмӕй дзы мӕ марды бавӕрон»+. 5 Ӕмӕ Хеты фырттӕ Авраамӕн дзуапп радтой: 6 «Байхъус нӕм, нӕ буц хицау+. Мах ӕй уынӕм, ды кӕй дӕ Хуыцауӕй ӕвзӕрст хистӕр лӕг+. Дӕ марды бавӕр тӕккӕ хуыздӕр бынаты+. Махӕй дын дӕ марды бавӕрынӕн бынат ничи бавгъау кӕндзӕн»+.
7 Уӕд Авраам сыстад, уыцы бӕстӕйы адӕмӕн+, Хеты+ фырттӕн, йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта 8 ӕмӕ сын загъта: «Кӕд разы стут, цӕмӕй мӕ марды ам бавӕрон, уӕд мӕм байхъусут: Цохары фырт Ефронӕн балӕгъстӕ кӕнут+, 9 цӕмӕй мын рауӕй кӕна Махпелӕйы+ лӕгӕт – йӕ зӕххы кӕрон цы лӕгӕт ис, уый. Уӕ разы йын ратдзынӕн, цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕвзист ӕмӕ мын ӕй рауӕй кӕнӕд, цӕмӕй дзы мӕ марды бавӕрон»+.
10 Ефрон+ та бадти Хеты фыртты ’хсӕн. Ӕмӕ йӕ Хеты фырттӕ, стӕй горӕты кулдуарыл мидӕмӕ чи цыди, уыдон дӕр се ’ппӕт дӕр куыд хъуыстаиккой, афтӕ Авраамӕн дзуапп радта+: 11 «Нӕ, мӕ буц хицау. Байхъус мӕм. Дӕттын дын уыцы зӕхх ӕмӕ дзы цы лӕгӕт ис, уый дӕр. Мӕ адӕм мын ӕвдисӕн: дӕттын дын ӕй+. Бавӕр дзы дӕ марды». 12 Уӕд Авраам адӕмӕн йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта 13 ӕмӕ йӕ се ’ппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ Ефронӕн загъта: «Нӕ, ды мӕм байхъус. Дӕ зӕххы тыххӕй дын ратдзынӕн ӕвзист. Айс сӕ+, ӕмӕ мӕ марды уым бавӕрон».
14 Ӕмӕ уӕд Ефрон Авраамӕн дзуапп радта: 15 «Мӕ буц хицау, байхъус мӕм. Уыцы зӕхх у ӕвзистӕй цыппарсӕдӕ сиклы* аргъ. Фӕлӕ гъеныр ууыл дзурдзыстӕм? Бавӕр дзы дӕ марды»+. 16 Авраам байхъуыста Ефронмӕ ӕмӕ йын сбарста, Хеты фыртты раз цас загъта, уыйбӕрц ӕвзист – цыппарсӕдӕ сиклы, базаргӕнджыты сиклтӕй+. 17 Ӕмӕ уыйадыл, Ефронӕн Махпелӕйы, Мамрейы раз цы зӕхх уыди, уый+, стӕй дзы цы лӕгӕт ӕмӕ цы бӕлӕстӕ уыди, уыдон иууылдӕр 18 баисты+ Авраамы – балхӕдта сӕ Хеты фыртты раз, горӕты кулдуарыл мидӕмӕ чи цыди, уыдоны раз+. 19 Ӕмӕ уӕд Авраам йӕ ус Саррӕйы бавӕрдта, Махпелӕйы быдыры цы лӕгӕт ис, уым, Мамрейы раз, ома Хевроны раз, Ханааны зӕххыл+. 20 Уыйадыл уыцы быдыр дӕр ӕмӕ дзы цы лӕгӕт уыди, уый дӕр Хеты фырттӕ радтой Авраамӕн, цӕмӕй дзы йӕ марды бавӕрдтаид+.