Иов
15 Уӕд феманаг Елифаз загъта:
2 «Зӕгъ-ма, зондджын адӕймаг афтид ныхӕстӕ кӕндзӕн+,
Йӕ хуылф скӕсӕйнаг дымгӕйӕ байдзаг кӕндзӕн?+
3 Ӕрмӕст уайдзӕфтӕ ницы ӕххуыс сты,
Ӕрмӕст ныхӕстӕ ницы пайда сты.
4 Дӕу тыххӕй адӕймаг ахъуыды кӕндзӕн, зӕгъгӕ, Хуыцауӕй тӕрсын нӕ хъӕуы.
Хуыцауы раз хъуыды кӕнын кӕй хъӕуы, уый дӕм ницы кӕсы.
5 Дӕ тӕригъӕд дын амоны, цы дзурай, уый,
Ӕмӕ дзурыс мӕнгард адӕмы ӕвзагӕй.
6 Фыдгӕнӕг дӕ ӕз нӕ хонын – дӕхи дзых дӕ хоны афтӕ.
Дӕхи ’взаг дзуры дӕ ныхмӕ+.
8 Мыййаг, Хуыцауы сусӕг ныхӕстӕм фӕхъусыс?+
Зонд ӕрмӕстдӕр дӕумӕ ис?
9 Цымӕ, мах цы нӕ зонӕм, ахӕмӕй цы зоныс?+
Уагӕры, мах цы не ’мбарӕм, ахӕмӕй цы ’мбарыс?
10 Не ’хсӕн ис урссӕр адӕймаг дӕр ӕмӕ зӕронд лӕг дӕр+,
Дӕ фыдӕй дӕр хистӕр чи у, ахӕмтӕ.
11 Хуыцау дын дӕ зӕрдӕ кӕй сабыр кӕны
Кӕнӕ фӕлмӕн ныхас кӕй хъусыс, уый дын фаг нӕу?
12 Дӕ зӕрдӕ дӕ кӕдӕмдӕр цӕмӕн ахӕссы?
Дӕ цӕстытӕ фырмӕстӕй цӕхӕртӕ цӕмӕн калынц?
13 Ды дӕ зӕрдӕ аразыс Хуыцауы ныхмӕ
Ӕмӕ дӕ дзыхӕй цӕуы ахӕм ныхӕстӕ.
16 Ӕмӕ уӕд ӕлгъаг ӕмӕ хӕлд адӕймаг йӕ цӕсты сыгъдӕг куыд хъуамӕ уа+,
Фыддзинад донау чи нуазы, уыцы адӕймаг!
17 Цы дын зӕгъон, уымӕ байхъус!+
Цы федтон, уый дын радзурдзынӕн.
18 Уый дзурынц зондджынтӕ+ дӕр.
Сӕ фыдӕлтӕй цы фехъуыстой, уый нӕ басусӕг кодтой.
19 Зӕхх ӕрмӕст уыдонӕн уыди лӕвӕрд,
Ӕмӕ се ’хсӕнты иу ӕцӕгӕлон дӕр нӕ цыд.
20 Фыдгӕнӕг цӕрӕнбонты дӕр хъизӕмар кӕны,
Ӕгъатыр адӕймаг хъизӕмар кӕны йӕ царды ӕппӕт азты дӕр.
21 Йӕ хъустӕ хъусынц ӕвирхъау хабӕрттӕ,
Сабыр рӕстӕг ӕй бастигъынц+.
22 Талынгӕй ма фӕстӕмӕ рацӕудзӕн, уый йӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны+.
Уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хъама.
23 Къӕбӕрагурӕг разил-базил кӕны – кӕм ссара къӕбӕр?+
Уый йӕ зоны, саудалынджы бон+ йӕ къӕсӕрыл кӕй ис.
24 Маст ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ тас уадзынц+.
Бабырсынмӕ чи хъавы, ахӕм паддзахау ыл тых кӕнынц.
25 Хуыцауы ныхмӕ йӕ къух кӕй систа,
Йӕхи Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕй уӕлдӕр кӕй ӕвӕры+,
26 Йӕ ныхмӕ йӕ фидар уартытимӕ
Ӕнӕсӕттонӕй кӕй цӕуы,
27 Кӕй схъал*,
Йӕ синтыл фиу кӕй сӕвӕрдта+,
28 Уый тыххӕй цӕры, зӕххӕмвӕз чи суыдзӕн, уыцы горӕтты,
Цӕрӕг кӕм нал уыдзӕн, уыцы хӕдзӕртты,
Дурты цӕнд чи фестдзӕн, уыдоны.
29 Уый не схъӕздыг уыдзӕн ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинадыл нӕ бафтдзӕн.
Ӕмӕ сын сӕ фӕллӕйттӕ зӕххыл нӕ апарахат кӕндзӕн+.
31 Йӕ зӕрдӕ ницӕйаг цӕуылдӕрты ма дарӕд, фӕсайды уыдзӕн,
Уымӕн ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ ницы раздӕхдзӕн.
32 Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, йӕ бон нӕма ралӕудзӕн, афтӕ.
Ӕмӕ йӕ къабӕзтӕ пӕлӕхсар бӕласау нӕ айваздзӕн+.
33 Сӕнӕфсирау йӕ цъӕх гагатӕ азгъалдзӕн,
Оливӕбӕласау йӕ дидинджытӕ акалдзӕн.
35 Сӕ хуылфы сӕвзӕры фыдбылыз ӕмӕ ныййарынц фыдхъуыддӕгтӕ+,
Сӕ зӕрдӕйы бын хӕссынц мӕнгдзинад».